КУСÆГОН ВИЗИТ

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро Мæскуымæ æрцыд кусæгон визитимæ. Владимир Путин æмæ Николас Мадуройæн фембæлдтытæ уыд куыд лæгæй-лæгмæ, афтæ рауæрæхгонд сконды дæр. Уынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы ‘хсæн æфсæддон-стратегион ахастыты тыххæй.

НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Уæрæсе æмæ Казахстаны президенттæ Владимир Путин æмæ Нурсултан Назарбаев телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой бирæфарсон интеграцион структурæты фæлгæтты фарстатыл. Уыдон ныхас кодтой Уæлдæр Евразийаг экономикон советы рабадты æмæ Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады лидерты æнæ-формалон фембæлды хæдразмæ, кæцытæ уагъд æрцæудзысты абон, 6-æм декабры Санкт-Петербурджы.

БАХАТЫД ДУНЕЙЫ ПАРЛАМЕНТТÆМ

УФ-йы Паддзахадон Думæ бахатыд Дунейы парла-менттæм Керчы донкъубалы Киевы провокаци æвзæрыл банымайыны сидтимæ. Провокаци, фыццаджыдæр,  здæхт уыд Путин æмæ Трампы фембæлд ма бауадзынмæ. Уæрæсейы Федерацийы арæнтæм æввахс æфсæддон уавæр бакæнынмæ æмæ æвзарджыты бандзыг кæнынмæ, кæцыты нæ фæнды Порошенкойы президенты бынаты уынын. «Дунейы сæвзæргæ æндыгъд уавæрæн хъуамæ аргъ æрцæуа. Мах æй не ‘мбарæм, Украинæйы президенты архайдтытæн цæмæннæ аргъ кæнынц Европæйы Советы Парламентон Ассамблея, ЕÆÆО-йы Парламентон Ассамблея æмæ Европарламент. Уымæн æмæ фактон æгъдауæй Порошенко дунейы бакодта хæсты къæсæрмæ, æфсæддон уавæр бакæнгæйæ æмæ æфсæдты хæстон цæттæдзинадмæ æркæнгæйæ. Æппæт уыдæттæ Порошенко сарæзта уый тыххæй, цæмæй бахъахъхъæна хисæрмагонд хицауад», – банысан кодта УФ-йы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ТЫЛЛÆГÆФСНАЙЫНЫ КАМПАНИЙЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин тыллæг æфснайыны кампанийы фæстиуджытыл æруынаффæ кодта Хъæууон хæдзарады министр Дмитрий Патрушевимæ, кæцыйы ныхæстæм гæсгæ,  æрæмбырдчындæуыд 100 милуан тоннæйы нæмыгонтæ. Экспорты гуырахст уыдзæн 26 миллиард доллары, кæцы у планæй фылдæр. Сæрмагондæй дзырд цыд социалон нысаниуæджы продуктты æргъты фарстатыл. Патрушев куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, уыдон серьезон хъусдард здахынц социалон нысаниуæджы хæлцадон продуктты базармæ, сæ æргътæм, уæлдайдæр та дзулы аргъмæ.

ДОМЫНЦ ÆМГЪУЫДÆЙ РАЗДÆР ПАРЛАМЕНТОН ÆВЗÆРСТЫТÆ АУАДЗЫН

Цалдæр мин адæймаджы æрæмбырд сты митингмæ Тбилисы, Руставелийы проспекты. Митинг уадзы оппозицион баиугæнд «Нæ тых – иудзинады»-йы минæвæрттæ. Акцийы хайадисджытæ нæ нымайынц Саломе Зурабишвилийы Гуырдзыстоны президентæй. Журналисттæн оппозицион парти «Иугонд национ змæлд»-ы минæвар, экс-президент Михаил Саакашвилийы æмтох-гæнæг Григол Вашадзе, кæцы фембылд президентон æзæрстыты, куыд загъта, уымæ гæсгæ хицауадмæ митинджы хайадисджыты сæйраг домæн у æмгъуыдæй раздæр парламентон æвзæрстытæ ауадзын. Григол Вашадзе фехъусын кодта, зæгъгæ, тæрхондоны руаджы архайдзæн президентон æвзæрстыты хатдзæгтæ аивыныл. «Ацы æвзæрстытæ æмæ сæ хатдзæгтæ сты æнæлегитимон. Мах нæ нымайæм æвзæрстыты хатдзæгтæ. Нæ юристтæ цæттæ кæнынц æмбæлон хъаст тæрхондонмæ, цæмæй аивой æвзæрстыты фæстиуджытæ. Мах рæстæг дæттæм хицауадæн 16 декабры онг. Ууыл баст уыдзысты нæ дарддæры къахдзæфтæ», – загъта Григол Вашадзе.

Гуырдзыстоны конституцимæ гæсгæ,  ног сæвзæрстгонд президенты инаугураци уыдзæн 16 декабры.

+ ПРОТЕСТОН АКЦИЙЫ ФÆСТИУДЖЫТÆ

Парижы мэри «бур жилетты» протестон акцийы рæстæджы цы зиан æрхастæуыд, уымæн саргъ кодта 304 милуан евройы. Змæстыты рæстæджы урæд æрцыдысты 400 адæймаджы. Фæцæфтæ сты 133 адæймаджы, уыцы нымæцы тыхон структурæты 23 кусæджы. Францы президент Эммануэль Макрон карзæй стæрхон кодта демонстрантты архайдтытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, змæстыты фæдыл бæрнджын адæймæгтæ бæрæг æрцæудзысты æмæ æрлæудзысты тæрхондоны раз. Змæстыты центр уыд Парижы фенддаг бынæттæй сæ иу – Триумфалон аркæ.

РАСИДТ МОРАТОРИЙ

Францы премьер-министр Эдуар Филипп бæстæйы цы протесттæ æмæ змæстытæ цæуынц, уыдонмæ гæсгæ расидт мораторий бензины, дизелон æртаг, газ, æмæ электроэнергийы æргъты рæзтæн. Æртаджы аргъ фæкъад-дæр кæнын уыд «бур жилетты» сæйрагдæр домæнтæй сæ иу, кæцытæ протестон акцитæ уагътой цалдæр къуырийы дæргъы. Хъалонты ивындзинæдтæ, кæцытæ сæ тыхы хъуамæ бацыдаиккой 1 январæй, æргъæвд æрцыдысты æппынкъаддæрæй æрдæг азмæ. Филипп фидарæй загъта, зæгъгæ, уыдон ист не ‘рцæудзысты æппæт цымыдисгæнæг фæрстимæ сыл куынæ æруынаффæ кæной, уæд. Æрдæг азмæ æргъæвд æрцыдысты автомобилты техникон контролы ног уагæвæрдты баконд дæр.

АИШ ÆМÆ НАТО-ЙЫ УЛЬТИМАТУМ

Иугонд Штатты паддзахадон секретарь Майк Помпео æмæ НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенберг Уæрæ-сейæн фехъусын кодтой ультиматумы тыххæй, зæгъгæ, Уæрæсейæн лæвæрд цæуы дыууæ мæйы астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырды уавæртæ сæххæст кæнынмæ раздæ-хынæн. УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады официалон минæвар Мария Захарова фехъусын кодта, зæгъгæ, Мæскуы æххæстæй хъахъхъæны Бадзырды уагæвæрдтæ.

АМЕРИКÆЙАГ СЕНАТОРТЫ СИДТ

Америкæйаг сенатортæ æрсидтысты бæстæйы президент Дональд Трампмæ, цæмæй уый ма рахиза астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ ликвидаци кæныны тыххæй Бадзырдæй. Конгрессментæ-демократты къорд ныммыхуыр кодта æргом фыстæг Трампмæ, цыран ацы план схуыдтой «Уæрæсейæн политикон æмæ геостратегион лæ-вар». Сæ хъуыдымæ гæсгæ,  ахæм къахдзæф бафидар кæндзæн уыцы адæмы хъуыды, кæцытæ Вашингтоны нæ нымайынц æууæнкджын партнерыл, ома, АИШ иуварсон фæткы не ‘ххæст кæны йæ хæстæ. Мæскуыйы карзæй стæрхон кодтой Дональд Трампы ацы инициативæйæн æмæ банысан кодтой, зæгъгæ,  бадзырдæй АИШ-ы рахызт спровокаци кæндзæн хæцæнгæрзтæ уадзыны хъуыддаг.

ФÆНД КÆНЫ ЕВРОЦÆДИС ÆМÆ УÆРÆСЕЙЫ ‘ХСÆН АХАСТЫТÆ ФÆХУЫЗДÆР КÆНЫН

Австрийы канцлер Себастьян Курц фехъусын кодта, зæгъгæ, 2019 азы йæ бæстæйы нысан суыдзæн Уæрæсе æмæ Евроцæдисы ‘хсæн ахастыты æндыгъддзинад фæныллæгдæр кæнын æмæ Украинæйы конфликты деэскалаци сифтонг кæнын. Политикы ныхæстæм гæсгæ, Европæйы даргъæмгъуыдон сабырдзинад гæнæн ис, æрмæстдæр, Мæскуыимæ æмгуыстады руаджы. Уый размæ австрийаг канцлер фехъусын кодта, зæгъгæ, куыд Герман, афтæ Австри дæр нæ аивдзæн йæ цæстæнгас газуадзæн «Северный поток-2»-йы реализацимæ ахасты.

СБÆРÆГ КОДТОЙ «ХЕЗБОЛЛАХ»-Ы ТЪУНЕЛТÆ

Израилы æфсад сбæрæг кодта Ливаны арæныл «Хезболлах»-ы фыццаг тъунел. Куыд æнхъæлдæуы, уымæ гæсгæ зæххы бын ахизæнты нысан уыд Израилы территоримæ сусæгæй боевикты æрбакæнын. Уый размæ израилаг æфсады официалон минæвар Йонатан Конрикус фехъусын кодта операци «Северный щит»-ы райдианы тыххæй, кæцыйы фæлгæтты æфсæддонтæ хъуамæ ссардтаиккой æмæ скуынæг кодтаиккой тъунелты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.