26-ӕм ноябрӕй 3-ӕм декабрмӕ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органтӕ сбӕлвырд кодтой дыууӕ фыдракӕнды ӕмӕ  дыууӕ дӕр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд 3 аварийы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн рынчын-донмӕ бахаудтой 5 адӕймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 274 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 16 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 22 адӕймаджы. Ӕртӕйӕ дзы баййӕфтой административон ӕфхӕрд.

Криминалон милицийы уголовон агуырды управленийы кусджытӕ оперативон информацийы фӕдыл баурӕдтой Республикӕ Таджи-кистаны 26-аздзыд ӕмбӕстаджы, кӕцы рӕстӕгмӕ цӕры Хуссар Ирыстоны. Милицийы кусджыты зӕрдӕ йӕм ӕхсайы фыдракӕнд саразыны.

2018 азы октябры мӕйы ӕнӕзонгӕ адӕймаг басыгъта нӕ горӕты цӕрӕджы автомашинӕ ӕмӕ уӕдӕй абоны онг цӕуынц фӕдагурӕн куыстытӕ. Зæрдæ кæмæ æхсайы, уый конд ӕрцыдис РХИ-йы Генералон прокуратурӕйы слестгӕнӕн управленимӕ.

Рейдтӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды инспектортӕ горӕты 8-ӕм июны уынджы баурӕдтой автомашинӕ «ВАЗ-21074», кӕцымӕ сӕ хъус ӕрдардтой йӕ тагъд скъӕрдмæ гæсгæ. Шофыр разынд ӕнӕххӕст кары сывӕллон, горӕты 16-аздзыд цӕрӕг. Уый разынд нозтджын. Автомашинӕйы хицау, ома, ӕннӕххӕст кары сывӕллоны фыд дзуапп ратдзæн закъонмæ гæсгæ.

Цхинвал-Дзауы фӕндаджы 2-ӕм километры ӕрцыдис фӕндагон-транспортон цау. «ВАЗ- 2105» автомашинæйы хицау нæ фæцарæхст ӕмӕ фӕндаджы былыл ныццавта ӕртӕ адӕймаджы, кӕцытӕ уӕззау цӕфтимӕ бахаудтой рынчындонмӕ.

Горӕт Цхинвалы Мидхъуыддӕгты органты патрулон-постон службӕйы кусджытӕ ӕмӕ ӕнӕххӕст кары сывӕллӕтты инспектортӕ ауагътой профилактикон рейдтӕ, цӕмӕй сбӕрӕг кӕной, ахуырадон дисциплинӕ чи халы, ахӕм скъоладзауты. Бабӕрӕг кодтой къанфеттӕ, хъазӕн залтӕ, Пионерты парк ӕмӕ ӕндӕр ахӕм бынӕттӕ, цыран сӕ рӕстӕг фервитынц фӕсивӕд. Ахуыргӕнӕндӕтты дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ауадзынц профилак-тикон мадзæлттæ куыд скъоладзаутимӕ, афтӕ сӕ ныййарджытимӕ дӕр.

Милицийы фæндагон-патрулон службæйы кусджытæ баурæдтой 46-аздзыд шофыры, Цхинвалы районы цæрæджы, нозтджынæй. Уый ма раздæр дæр æфхæрд æрцыдис нозтджынæй машинæ скъæрыны тыххæй. Ныр æй гæнæн ис æмæ ахæстоны сбадын кæной 3 азы æмгъуыдмæ.

Цхинвалы Харебаты Исахъы уынджы ӕрцыдис фӕндагон-транспортон цау. Горӕты 40-аздзыд цӕрӕг йӕ автомашинӕ «ВАЗ -2109» скъӕргӕйӕ, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ ныццавта уынджы цæуæджы. Уый бахауд рынчындонмӕ. Шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.