БАДЗЫРДТОЙ ФЕМБÆЛЫНЫ ТЫХХÆЙ

Путин æмæ Трамп Парижы бадзырдтой саммит G20 рæстæджы баныхæсты тыххæй. УФ-йы президенты пресс-секретарь Дмитрий Песков куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ Путин æмæ Трамп аныхас кодтой  кусæгон аходæны рæстæджы, фæлæ уыдон нæ уынаффæ кодтой конкретон темæтыл, уыцы нымæцы астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырдыл дæр, уымæн æмæ ныхас кодтой  цыбыр рæстæджы. Уыдон бадзырдтой Аргентинæйы фембæлыны тыххæй æмæ кæрæдзийæн загътой «фенынмæ», зæгъгæ. Саммит уагъд цæудзæн 30 ноябрæй 1-æм декабрмæ.

МАКРОНЫ ХЪУСЫНГÆНИНАГ

Францы президент Эммануэль Макрон ралæууыд АИШ-æй хæцæнгарз æлхæныны тыххæй Евроцæдисы æфсæддон хæрдзтæ фæфылдæр кæныны ныхмæ. Макрон фехъусын кодта, зæгъгæ, Евроцæдисы хъæуы хъахъхъæнынадон бюджеттæ фылдæр кæнын америкæйаг хæцæнгæрзтæ æлхæныны нысанæн нæ, фæлæ йæ автономондзинад сфидардæр кæныны нысанæн. Уый размæ Макрон фехъусын кодта иумиагевропæйаг æфсад саразыны идеяйы тыххæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уый фæкъаддæр кæнид Вашингтонæй Европæйы дæлбарад. Афтæ ма æфсад хъæуы «Китай, Уæрæсе æмæ, æгæрыстæмæй АИШ-æй» бахъахъ-хъæныны тыххæй. АИШ-ы президент Дональд Трамп  Twitter-ы ныффыста, зæгъгæ, францаг президенты ныхæстæ райста æфхæрыны хуызы. Трамп иу æмæ дыууæ хатты нæ критикæ кодта НАТО-йы бæстæты, зæгъгæ, уыдон фаг фæ-рæзтæ нæ хардз кæнынц альянсы коллективон хъахъхъæ-нынадæн баххуыс кæныны тыххæй.

ТРАМП ÆМÆ МАКРОНЫ ФЕМБÆЛД

Францы президент Эммануэль Макрон Елисейы галуаны йæхимæ райста АИШ-ы президент Дональд Трампы. Фембæлд уыд Фыццаг дунеон хæсты фæудыл 100 азы сæх-хæсты сæраппонд мадзæлтты фæлгæтты. Æмцæдисонты ‘хсæн сæвзæрд быцæудзиндтæ Евроцæдисы хисæрмагонд æфсад саразыны фæдыл Макроны хъусынгæнинаджы тыххæй. Уыдон æруынаффæ кодтой æдасдзинады фарстытыл. Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, Европæ нырма хъуамæ АИШ-имæ растæй адих кæна НАТО-йы хæрдзтæ. Макрон бафæлвæрдта уавæры æндыгъддзинад фæныллæгдæр кæнынмæ. «Æз хæцын президент Трампы позицийы æвварс, мах хъæуы НАТО-йы хъахъхъæнынадон хæрдзты фылдæр хайад исын. Æз нымайын, афтæ раст у», – фехъусын кодта Францы президент. Фæлæ Макроны ацы ныхæстæ Трампыл хорзæрдæм нæ бандæвтой.

ХОРЗЫЛ БАНЫМАДТА

МАКРОНЫ ИДЕЯ

Владимир Путин хорзыл банымадта Францы президент Макроны идея иумиагевропæйаг æфсад саразыны тыххæй. Европæйы иугонд æфсады фæзынд ахъаз кæнид бирæполярон дуне сфидар кæнынæн. «Европæ у егъау экономикон цæдис æмæ иумиагæй хорз у, уыдон хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады фадыджы хæдбар, суверенон уæвын кæй фæнды, уый. Альтернативон иумиагевропæйаг гарзджын тыхтæ саразыны тыххæй мын дзырдта Францы раздæры президенттæй иу – Жак Ширак дæр, фæлæ уæдмæ дæр уыдысты ацы идеятæ», – загъта Путин.

БАНЫСАН КОДТОЙ ФЫЦЦАГ ДУНЕОН

ХÆСТ ФÆУЫНЫ 100 АЗЫ

Парижмæ æрцыдысты 70 дунеон лидеры бæрц, цæмæй банысан кæной Фыццаг дунеон хæст фæуыныл 100 азы сæххæсты бон. Паддзахадты лидертæ бацыдысты бæрæгбоны сæйраг церемонимæ – Триумфалон аркæйы цур æбæрæг салдаты ингæнмæ. Церемонийы кульминаци уыд 11 сахатыл, уымæн æмæ растдæр уыцы рæстæджы 1918 азы 11 ноябры, банцад хæцæнгæрзты хъæлæба Ныгуылæн фронты цыппар азæй фылдæр тугкалды фæстæ. Францмæ æрцæуæг лидерты ‘хсæн сты АИШ-ы президент Дональд Трамп, Германы канцлер Ангела Меркель, УФ-йы Президент Владимир Путин, Туркы президент Реджеп Тайип Эрдоган, Еврокъамисы сæрдар Жан-Клод Юнкер, Канадæйы премьер-министр Джастин Трюдо æмæ æндæртæ. Церемонимæ æрцыд Украинæйы президент Петр Порошенко дæр.

САБЫРДЗИНАДЫ ФОРУМ

Парижы байгом сабырдзинады форум, кæцы баст у Фыццаг дунеон хæсты фæудыл 100 азы сæххæстимæ. Форумы инициатор у Францы президент Эммануэль Макрон æмæ йæ нысан у нырыккон дунейы æндыгъддзинады рæзтæн дзуапп. Паддзахадты æмæ хицауадты сæргълæуджытæ, дунеон организациты минæвæрттæ æрбацыдысты форуммæ Триумфалон аркæйы цытджын церемонийы хайад райсыны фæстæ. Форум байгом кодта Макрон: «Мах цы дунейы цæрæм, уый слæмæгъ кризистæй, кæцытæ дестабилизаци кæнынц не ‘хсæнады, уымæ гæсгæ мах аскъуыддзаг кодтам сабырдзинады парижаг форум саразын, кæцы уагъд цæудзæн æрвылаз дæр». Форум байгом кæныны церемонийы раныхас кодтой Германы канцлер Ангела Меркель æмæ ИНО-йы Генералон секретарь Антониу Гутерреш.

НЫХАС КОДТОЙ

Владимир Путин Парижы ныхас кодта Израилы премьер Биньямин Нетаньяхуимæ. Уый уыд дыууæ лидеры фыццаг фембæлд, Сирийы уæрæсейаг хæдтæхæг Ил-20 куы æрхауд, уый фæстæ.

ÆВЗÆРСТЫТЫ РАЗВÆЛГЪАУ ФÆСТИУДЖЫТÆ

11-æм ноябры Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты уагъд æрцыдысты республикæты сæргълæуджыты æмæ Адæмон советы депутатты сæвзарыны фæдыл æвзæрстытæ. Луганскы Адæмон республикæйы фылдæр хъæлæстæ æрæмбырд кодта политикон змæлд «Мир Луганщине», кæцыйы сæргъ лæууы республикæйы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Леонид Пасечник. Цыппар кандидаты ‘хсæн Пасечник йæхæдæг та разæй ис Луганскы сæргълæууæджы бынатмæ æвзæрстыты, æвзарджыты 69 проценты æрæмбырд кæнгæйæ. Дыккаг бынаты ис Олег Коваль. Донецкы Адæмон республикæйы сæргълæууæджы бынатыл тох кодтой фондз кандидаты. Разæй ис республикæйы хæстæ æххæстгæнæг Денис Пушилин. Йæ кандидатурæйы æвварс схъæлæс кодтой Донецкы цæрджыты 61 проценты. Æвзæрстытæм сæ хъус дардтой 48 хъусдарæджы 14 бæстæйæ.

ЗЫНГСИРВÆЗТЫТÆ КАЛИФОРНИЙЫ

Калифорнийы фылдæр кæнынц штаты историйы егъаудæр зынгсирвæзтыты амæттæгты нымæц. Абоны онг бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ фæмард сты 31 адæймаджы, фæлæ ацы номхыгъд кæройнаг нæу, афтæ ма æбæрæгæй фесæфтысты 200 адæймаджы бæрц. Зынджы амæттаг баисты 7 мин бæстыхайы. Тыхджын дымгæты аххосæй зынгсирвæзт парахат кæны штаты æндæр районтыл дæр. Дзыллон æгъдауæй сæ хæдзæрттæй цæуынц Малибу, Вентура æмæ Лос-Анджелесы цæрджытæ. Ирвæзынгæнджытæ куыд дзурынц, уымæ гæсгæ, зынгсирвæзт æххæстæй сликвидаци кæнынæн бахъæудзæн æппынкъаддæрæй æртæ къуырийы.

ТЕРАКТ

Сомалийы Могадишойы уазæгдоны цур сæрмыгъдтыты серийы фæстиуæгæн фæмард сты 53 адæймаджы, цæфтæ та фесты сæдæ адæймагæй фылдæр. Сомалийы полицийы хистæр афицер Мохамед Хусейн куыд загъта, уымæ гæсгæ амæттæгты нымæц гæнæн ис фæфылдæр уа. Срæмыгъдтыты фæстæ полици æмæ хъахъхъæнджытæ райдыдтой æхсын террористты æмæ сæ бон ссис уыдонæй цыппары амарын. Бомбæтæ æвæрд уыдысты машинæты. Теракты тыххæй йæхимæ бæрндзинад райста пысылмон къорд «Аш-Шабаб».

ФÆДÆЛДОН НАУ

Охотскы денджызы фæдæлдон нау «Анатолий Крашенинников», кæцыйы фæдыл баконд æрцыд уголовон хъуыддаг денджызон транспорты змæлды æмæ эксплуатацийы æдасдзинады фæткойтæ фехалыны тыххæй. Науы уыд экипажы 13 уæнджы, уыдонæй аирвæзын кодтой 10 адæймаджы, æртæ адæймаджы нæма ссардтой.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.