Ноябры кæрон Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры коллектив Хъæрæсе-Черкесийы Лабæйы хъæуæй райстой хонæн гæххæт Джеуæргуыба банысан кæныны тыххæй. Дард балцы ацæуыныл æруынаффæ кодтой театры разамынад, йæ аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан æмæ культурæйы министр Зассеты Жаннæимæ, самал кодтой фæрæзтæ, транспорт æмæ 23 адæймагæй ацыдысты. Се ‘хсæн уыд театры артисткæ Тадтаты Фатимæ дæр. Сæ балцы фæдыл уый дзуаппытæ радта нæ уацхæссæджы фарстатæн.

– Фатимæ, мах зонæм театры коллективы иу хайы Лабæмæ ацыды фарст скъуыддзаг кодтой театры æмæ Культурæйы министрады разамонджытæ, фæлæ алы хъуыддаджы дæр вæййы разæнгардгæнджытæ… 

– Хабар нæ алкæмæн дæр уыд  æхсызгон. Алкæй дæр нæ ацæуын бафæндыд æнæ уæлдай рахъуыды – бахъуыдыйæ. Уымæй дарддæр ма нæ алчи дæр архайдта, цæмæй ма ныкъуылымпы уыдаиккам. О, фæлæ ацы хъуыддаджы йæхи уæлдай цæвитойнагдæрæй равдыста театры администратор Æлборты Хъазбег. Ацыдыстæм 22 ноябры театры автобусыл.

– Цахæм рауад уæ балц?

– Уыд райдзаст æмæ хъарм бон. Ныххæццæ стæм æнæ уæлдай зындзинæдтæй. Райстой нæ тынг хорз æмæ сын уый тыххæй загътам стыр бузныг.

– Ирыстоны, æвæццæгæн, алчидæр зоны, Къоста Лабæйы кæй цард, уый тыххæй. Лабæйы цæрджытæ та Ирыстоны цасбæрцæй зонынц?

– Дыууæ боны дзы æххæст нæ баззадыстæм, фæлæ мах æнкъардтам, нæ ныццыдыл æрмæст ирæттæ кæй нæ цин кодтой, фæлæ æндæр нациты минæвæрттæ дæр. Нæ театр Лабæмæ æрцыд фыццаг хатт, æмæ сæ фæнды, цæмæй сæм цæуæм æрвылаз дæр. Æппæт ацы хъуыддæгтыл бакуыста Лабæйы хъæуы цæрæг Хетæгкаты Олег. Хуыгаты Эдик та нын балæвар кодта 12 къуымбил кæлмæрзæны, сылгоймæгты нымæцмæ гæсгæ.

– Лабæйы фыццаг хатт уыдтæ? Дæ зæрдæмæ куыд фæцыд, тынгдæр дзы цæуыл бацин кодтай?

– Кавказы, стæй æндæр бынæттæм дæр куы ацæуын, уæд, алы хатт дæр стыр цымыдисимæ фæкæсын æрдзы рæсугъддзинæдтæм, фæисын сæ стыр æхцондзинад. Лабæйы кæд ныр уыдтæн дыккаг хатт, уæддæр цымыдисимæ атезгъо кодтон йæ уынгты, æхцондзинад истон сæ сыгъдæгдзинадæй.

– Цавæр спектаклтæ равдыстат лабæйаг сценæмæкæсджытæн?

– Дыккаг бон равдыстам Хуыбецты Рая æмæ Хуыгаты Георы пьесæ «Ды мæ куы уарзай». Æрбацыд нæм бирæ адæм. Æгæрыстæмæй дзы уыд, иронау рæстмæ чи нæ зоны, ахæмтæ дæр. Сценæйыл архайгæ-иу нæ хатт сæ къухæмдзæгъдæй уромгæ дæр æркодтой. Сабитæн та равдыстам аргъау «Тæрхъустæ». Йе ‘вæрæг режисер у Хъотайты Сæрмæт.

Тынг райгондæй баззадысты уазджытæ дæр æмæ фысымтæ дæр.

  Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.