Бронхит у респираторон низ. Ацы низæй арæхдæр фæрынчын вæййынц сывæллæттæ, уымæн æмæ сæ иммунитет вæййы лæмæгъдæр. Низы сытынг, сæйраджыдæр, рабæрæг вæййы, сывæллон дæргъвæтин рæстæджы куы фæхуыфы æмæ бонæй бонмæ ноджы куы фæтынгдæр вæййы. Ахæм симптом ныййарджытæ куы фæхатой, уæд æвæс-тиатæй сывæллоны хъуамæ фенын кæной педиатрæн.

Республикон рынчындоны хистæр сывæллæтты 2-æм педиатрийы хайады сæргълæууæг, РХИ-йы сгуыхт дохтыр Дудайты Эльзæ нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ рынчындонмæ фылдæрхатт зымæгон рæстæджы æрбахауынц сывæллæттæ улæфæнты алыхуызон низтимæ. «Уыцы низтæн се ‘хсæн 30 проценты бæрц вæййынц карз бронхитæй рынчын сывæллæттæ. Ис æндæр æмæ æндæр хуызы бронхиттæ, фæлæ сæйраджыдæр рахицæн кæнын хъæуы хуымæтæджы æмæ æнæобструктивон бронхит æмæ карз бронхит бронхообструктивон синдромимæ. Хуымæтæджы бронхит клиникон æгъдауæй рабæрæг вæййы чысыл тæвдæй, хуыфынæй, хъæлæсы хатгай хыр-хырæй. Карз бронхитæй, сæйраджыдæр, фæрынчын вæййынц æртæ мæйæ иу азы онг кары сывæллæттæ. Карз бронхит вæййы бронхиалон обструкцийы синдромимæ – æлгъдзæг  байдзаг вæййы бронхты æмæ сын улæфт нал фæфаг кæны, фæтыхджындæр вæййы хуыфæг дæр. Ахæм сывæллæттæ нæм арæх æрбахауынц уæззау уавæры. Фæлæ сын мах æнтыстджынæй схос кæнæм. Ныййарджытæ рæстæгыл дохтырмæ куыннæ æрбакæнынц сæ сывæллæтты, уæд ахæм низæн, гæнæн ис, æмæ уа æвзæр фæстиуджытæ æмæ ахиза куыд бронхиолит, афтæ пневмонимæ дæр», – банысан кодта Дудайты Эльзæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ сывæллæттæн бронхит фæзыныны аххосæгтæ сты алыгъуызон. Ацы низ парахат кæны сывæллоны организммæ вирус, бактери, аллергентæ куы бахауынц, уæд. Бронхит ма фæзыны, сывæллон бирæ рæстæджы уазалы кæнæ дымгæмæ куы вæййы, уæд. Фыццаг симптомты фæзындæй дохтыр-педиатр рекомендаци кæны æвæстиатæй специалистмæ бацæуын. «Ныййарджытæ ахæм рæстæджы сæ рынчын сывæллæтты хъуамæ кæной ахуырадон уагдæттæм, цæмæй иннæ сывæллæтты дæр ма фæрынчын  кæной.  Скъолайы  кары  агъоммæйы уагдæтты медицинон хотæ ацы фарстмæ хъуамæ сæ хъус дарой лæмбынæгдæрæй»,- бынысан кодта педиатр.

Дудайты Эльзæйы ныхæстæм гæсгæ, фыццаджыдæр ныййарджытæ  хъуамæ  æмбарой  иу хъуыддаг – нæ хъæуы хивастæй хос кæнын. Уымæн æмæ чысыл сывæллонæн бронхиты рæстæджы гæнæн ис разиан кæна æрмæст æнæконтролæй медикаментозон препараттæй пайда кæнын, уыцы нымæцы антибиотиктæй дæр нæ, фæлæ ма хæдзарон процедурæтæй раст нæ пайда кæнын дæр.  Антибиотиктæй хос кæнын райдайын у стыр рæдыд, уыдонæй дарддæр ма ис вирусы ныхмæ препараттæ дæр. «Фылдæр хатт нæм æрбацæуынц рæстæгыл, фæлæ вæййы афтæ дæр æмæ нæм сывæллæтты æрбакæнынц, химадзæлттæй сын  хос кæныны фæстæ, кæцыйы фæстæ низ фæкарздæр вæййы. Фадыгон дохтыры хъусдарды бын рог бронхитæн схос кæнæн ис хæдзары дæр, фæлæ фылдæр хæттыты бахъæуы госпитализаци. Мах рынчынты бирæ рæстæг никуы бауромæм рынчындоны. Нæ сæйраг хæс у, циклмæ гæсгæ рынчынты палатæты схуыссын кæнын, ома ног пациентты схуыссын кæнæм ног палатæты, зæронд рынчынтæ та хъуамæ уой хицæнæй.  Уыдон кæрæдзийыл ма хъуамæ æмбæлой къæлидорты дæр, цæмæй  кæрæдзи ма рынчын кæной», – банысан кодта Дудайты Эльзæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ бронхитæн бындуронæй схос кæныны метод у медикаментозон æмæ ингаляцион терапи. Æрмæстдæр дохтыр снысан кæндзæн сывæллоны уавæрмæ гæсгæ медикаментозон препататтæ æмæ цахæм препараттæ ис гæнæн ингаляцитæ аразын, уыдон.  Бронхитæн хос кæныны рæстæджы, фыццаджыдæр, хъæуы организмы фаг донæй  ифтонг кæнын.  Антибиотиктæй хъæуы пайда кæнын æрмæстдæр сæрмагонд уавæрты, ома кæд туджы анализы исты хицæндзинæдтæ уа, кæнæ сывæллон цыппар бонæй фылдæр рынчын куы уа, куы хуыфа, æрмæстдæр уæд.

Дохтыр-педиатр Дудайты Эльзæ фæдзæхсы сывæллоныл боныгъæдмæ гæсгæ дзаума кæнын, рынчын сывæллæттæй йæ бахизын. Рынчын сывæллæтты нæ хъæуы сабидæттæм, скъолатæм æмæ æндæр æхсæнадон бынæттæм кæнын. Ахсджиаг ма у, сывæллæттæ цы ха-тæны сты, уым уæлдæф сыгъдæг кæнын дæр, регулярон æгъдауæй сæ хъæуы сыгъдæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын, хъæуы сын хуры æмæ уæлдæфон ваннæтæ райсын кæнын. Афтæмæй сывæллон сфæлтæры, фидардæр кæны йæ иммунитет.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.