ДЖУЗЕППЕ КОНТЕЙЫ ОФИЦИАЛОН БАЛЦ

Мæскуымæ йæ фыццаг официалон балцы æрцыд Италийы премьер-министр Джузеппе Конте. Йемæ ма уыд италиаг бизнесменты егъау делегаци. Уыдон Уæрæсейы бизнесæн уынынц стыр фидæн. Æмгуыстады фыццаг позициты ис энергетикæ. Уæрæсе италиаг ахуыргæндты закъазмæ гæсгæ Италийы аразы эксперименталон реактор. Дыууæ бæстæйæн ис бастдзинæдтæ машинæарæзтады, химийы къабазы, афтæ ма сын ис фидар культурон бастдзинæдтæ. Путин æмæ Контейæн уый уыд сæ фыццаг фембæлд. «Абоны вазыгджын рæстæджытæм нæкæсгæйæ,  мах никуы фесæфтам политикон бастдзинæдты бæрзонд æмвæзад. Итали ныртæккæ ахсы æхсæзæм бынат Уæрæсейы Федерацийы товарты æрзылды æмвæзадмæ гæсгæ, 500 италиаг компанийы кусынц Уæрæсейы территорийыл æмæ мах уынæм фæстаг дыууæ азы товарты æрзылды фидардæр рæзт», – банысан кодта Владимир Путин. «Итали æмæ Уæрæсе сты ахæм бæстæтæ, кæцыты ‘хсæн ахастытæ хицæн кæнынц æнахуыр фидардзинадæй. Мæ балцы нысан у æмгуыстады потенциалы ноджы стырдæр рæзт. Владимир Владимиры фырт, бар мын радт æмæ дæ фæхонон Италимæ, æгæр бирæ рæстæджы нал уыдтæ махмæ. Мæн нæ фæнды цæмæй италиаг адæм хъуыды кæной афтæ, æмæ нæ ды ныууагътай æнæхъусдардæй», – загъта Конте.

***

24-æм октябры Италийы бизнесы минæвæрттæ фембæлдысты Путин æмæ Контеимæ. Райдианы уал дыууæ раздзоджы хайад райстой Челябинскы индустриалон парчы ног завод байгом кæныны церемонийы. Завод арæзт æрцыд италиаг компни Nidek ASI-имæ.

ПУТИНЫ ДЗУАПП

Италиаг премьер-министр Джузеппе Контеимæ пресс-конференцийы Владимир Путин фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг фарс сдзуапп кæндзæн астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæты тыххæй Бадзырдæй Иугонд Штатты рахызтæн рæстæгыл æмæ эффективонæй. Йæ рады Джузеппе Конте банысан кодта, зæгъгæ, АИШ бадзырдæй рахизын кæй фæнд кæны, уыцы хъуыддаг катайы баппæрста куыд æндæр бæстæты, афтæ Италийы дæр.

МÆЛÆТХÆССÆГ ÆРВИТÆГГÆГТÆ

Америкæйаг спецслужбæтæн фæзынд тынг бирæ куыст  зæрдæхсайгæ æрвитæггæгты тыххæй хъусинæгтæ исынц бæстæйы алы къуымтæй. Миллиардер Джордж Сорос, АИШ-ы раздæры президент Барак Обама, бæстæйы раздæры президент Билл Клинтон æмæ йæ цардæмбал АИШ-ы раздæры паддзахадон нымæрдар Хиллари Клинтон æмæ телеканал CNN-ы редакцимæ постыл æрбарвитгæ рæмудзæн æрмæджытæ гæнæн ис æрвыста иу адæймаг. CNN-ы редакцийы бомбæ ссарыны фæстæ эвакуаци æрцыдысты кусджытæ срæмыгъдæй тæссаг кæй уыд, уымæ гæсгæ. Æрвитæггаг æрвыст уыд ЦРУ-йы раздæры директор Джон Бреннанмæ, пакеты мидæг уыд хæтæлтæ æмæ телтæй конд ифтонгад.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ

Краснодары крайы фæдыл УФ-йы Фæдагурæн комитет фехъусын кодта, Сочийы хæдзæртты æнæзакъонон арæзтад масштабонæй сбæрæг кæныны тыххæй. Урæд æрцыдысты горæты хистæры хæстæ æххæстгæнæг, вице-мэр æмæ цæрæнуатон арæзтады департаменты хистæр Иван Бомбергер, Сочийы «Водоканал»-ы директор Сергей Винарский æмæ курорты сæйраг архитектор Владимир Малов. Ацы адæймæгтæй алчидæр йæ къух æрфыста æнæзакъонæй арæзт цæрæн хæдзæртты эксплуатацийы тыххæй документтыл. Фæдагурæн органты версимæ гæсгæ, Иван Бомбергер æнæбындурæй бар радта электроадæттæн хаххы хъахъхъæнæн зонæйы арæнты бирæфатерон цæрæн комплексы арæзтадæн. Уымæй дарддæр ма, уголовон хъуыддаг бакондæуыд Сочийы Адлеры районы хайады тæрхондонон пристав-æххæстгæнæджы ахасты. Сæ хæдзæртты сын баджигул кодтой.

НАТО-ЙЫ ÆФСÆДДОН АХУЫРТÆ

УФ-йы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу Минскы Уæрæсе æмæ Белоруссийы æфсæддон ведомствоты иумиаг коллегийы рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, НАТО йæ уæвынад тыхджындæр кæны скæсæйнаг флангы. Альянсы æфсæддонтæ уæрæсейаг арæнты цур ахуырты кусынц размæбырсты хæстон архайдтытыл. Министр банысан кодта, зæгъгæ, ахуырты масштаб уæрæхдæр кæны æмæ маневрты интенсивондзинад та рæзы. Уымæй дарддæр ма ахуыртæм æрбаиу сты альянсмæ чи ницы ахаст дарынц, ахæм бæстæтæ дæр. Шойгу фехъусын кодта, зæгъгæ, уæрæсейаг арæнты цур НАТО-йы æфсæддон активондзинад схызт ныры онг чи нæма уыд, ахæм æмвæзадмæ.

АИУВАРС КОДТОЙ ТЕРАКТ

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæ аиуварс кодта теракт Хабаровскы крайы, цыран æрцахстæуыд нæлгоймаджы. Уый Николаевск-на-Амурейы социалон объекттæй иуы план кодта теракт саразын. Уый аххосджын кæнынц цалдæр статьямæ гæсгæ, кæцыты ‘хсæн сты рæмудзæн æрмæджытæ аразын æмæ терроризм.

ÆХСТОЙ АЛЕППОЙЫ

Сирийы террористон къордты боевиктæ минометон цæф ныккодтой горæт Алеппойы цæрæн кварталты, кæцыйы фæстиуæгæн фæцæфтæ сты аст сабыр цæрæджы.

ТÆРККЪÆВДАТÆ КРАСНОДАРЫ КРАЙЫ

Курортон горæт Туапсейы баконд æрцыд уæлвæтокон уавæры режим. Горæты уынгтæ æмæ хæдзæрттæ доны бын фесты. Дон ласта æгæрыстæмæй уæзласæн машинæтæ æмæ фурæты дæр. Горæты иуæй-иу районты фехæлд донуадзæн системæ, цæрджытæн дон ласынц цистернæты. Туапсейы вагзалæй дон цъирынц зынгхуыссынгæнæн машинæтæ. Æфсæнвæндаджы станцы суткæйæ фылдæр лæууынц поездтæ. Краснодары крайы æрдзон æнамноддзинады фæстиуджытæ аиуварс кæныныл кусынц 1500 ирвæзынгæнæджы. Уæлвæткон уавæрты министрад куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ регионы донивылдтыты фæстиуæгæн фæмард сты æхсæз адæймаджы, æртæ та цæфтæ фесты. Æбæргæй сæфтыл нымад цæуы иу адæймаг.

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН НИКОЛАЙ КАРАЧЕНЦОВ

27-æм октябры зынгæ уæрæсейаг актер Николай Караченцовыл сæххæст уыдаид 74 азы. Уый йæ цардæй ахицæн йæ гуырæн бонæй иу бон раздæр 26-æм октябры. Курдиатджын актер кинофильмты сæххæст кодта 100 ролæй фылдæр, куыд «Человек с бульвара Капуцинов», «Собака на сене», «Белые росы», «Батальоны просят огня» æмæ бирæ æндæрты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.