ИУБОНОН ВИЗИТ

УФ-йы президент Владимир Путин Италимæ йæ иубонон визиты фæлгæтты фембæлд ацы бæстæйы президент Серджо Маттареллаимæ. Фембæлды, кæцы аххæссыд 1,5 сахатæй фылдæр, дыууæ лидеры æруынаффæ кодтой дыууæварсон æмæ дунеон боны фæткы къорд фарстатыл, сæрмагондæй уынаффæ кодтой, Ливийы уавæр кæй фæкарздæр, уый тыххæй. Путинæн баныхæстæ уыд  Италийы премьер-министр Джузеппе Контеимæ дæр. Фембæлды сæйраг темæ уыд экономикон фарстатæ.

ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА ЗАКЪОНЫЛ

УФ-йы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста закъоныл Уæрæсе астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Бадзырд кæй уромы, уый тыххæй. 1987 азы 8-æм декабры ацы Бадзырдыл къухтæ æрфыстой Советон Цæдисы генералон секретарь Михаил Горбачев æмæ АИШ-ы президент Рональд Рейган. Сразыдзинад хæлд куы ‘рцæуа, уæд Мæскуы æмæ Вашингтонæн ногæй фадат уыдзæн ахæм хæцæнгæрзтæ равæрынæн æмæ ядерон потенциал тыхджындæр кæнынæн æмæ се спайда кæнынæй æнæхъæн дуне тæрсын кæнынæн. Путин Бадзырд æруромыны тыххæй проект Паддзахадон Думæмæ бахаста 30-æм майы.

ЕВРОЦÆДИС СÆВЗÆРСТА НОГ СÆРГЪЛÆУДЖЫТЫ

Æртæ боны дæргъы карз быцæуты æмæ кæрæдзийы аххосджын кæныны фæстæ Евроцæдисы 28 бæстæйы лидертæ адих кодтой блокы къухдариуæгады сæйраг бынæттæ. Люксембургаг Жан-Клод Юнкер фæззæджы Еврокъамисы сæргълæууæджы бынат ратдзæн 60-аздзыд немыцаг сылгоймаг, Германийы хъахъхъæнынады министр Урсула фон дер Ляйæн. Европæйы централон банчы сæрдары бынат фæуыдзæн блокы егъаудæр дыккаг бæстæ – Францы. Италиаг Марио Драги ацы бынат ратдзæн дунеон валютон фонды 63-аздзыд сæргълæууæг Кристин Лагардæн. Европæйы советы сæргълæууæг Дональд Тускы раивдзæн 43- аздзыд бельгиаг премьер Шарль Мишель. Евроцæдисы æддагон политикæйæн италиаг Федерика Могеринийы бæсты дзуапп дæт-дзæн Испанийы фæсарæйнаг хъуыддæгты 72-аздзыд министр, социалист Жозеп Боррель.

ЗЕЛЕНСКИЙ – КАНАДÆЙЫ

Украинæйы президент Владимир Зеленский официалон визитимæ уыд Канадæйы.  Уый Торонтойы фембæлд Канадæйы премьер-министр Джастин Трюдоимæ, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Христя Фриландимæ æмæ Украинæйы фарстаты фæ-дыл АИШ-ы сæрмагонд минæвар Курт Волкеримæ. Владимир Зеленский йæ официалон визит райдыдта фæсарæйнаг ведомствойы сæргълæууæгимæ фембæлдæй. Уыдон,  фыццаджыдæр, уынæффæ кодтой «уæрæ-сейаг агрессийы ныхмæ архайдтыты тыххæй дунеон коалици баиу кæныны ахсджиагдзинадыл.

ЙÆ КЪУХ ÆРФЫСТА БАРАМЫНДЫЛ

Владимир Путин йæ къух æрфыста барамындыл Иркутскы областы донивылдтыты фæстиуджытæ аиуварс кæныны фæдыл хæслæвæрдтæ сæххæст кæныны тыххæй. Иркутскы областы фæмардуæвджыты нымæц схызт 20 адæймаджы онг, 15 адæйма-джы нымад цæуынц æбæрæгæй сæфтыл. 221 адæймаджы бахаудысты рынчындæт-тæм. Иууыл вазыгджындæр уавæр ис горæт Тулуны, цыран доны бын фесты 3 мин цæрæн хæдзары.

ХАЙАД РАЙСТА ФОРУМЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин хайад райста «Парламентаризмы рæзты» форумы. Уый йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, æдасдзинад æмæ стабилондзинад сифтонг кæныны тыххæй нырыккон дунейы хъæуы кæрæдзийæн сæ хъуыдытæ æргомæй æмæ сæрибарæй дзурын. Дуне ныр бирæполярон кæй у, уый иуæй-иу бæстæтæ не ‘мбарынц æмæ æркæны конфронтацитæм: «Хъыгагæн, мах уынæм глобалон информацион тыгъдадтæ монополизаци, æцæгдзинады бартæ хи бакæнынмæ бафæлвæрдтытæ. Ацы тенденцитæ парахат кæнынц национ æмвæзадыл дæр æмæ афтæмæй иуæй-иу бæстæты фактон æгъдауæй ис цензурæ æндæр цæстæнгасмæ ахасты», – банысан кодта Путин

ÆНÆПИЛОТОН – УЫДЖЫ ХУЫЗÆН

Технополис «Эра» форум «Армия-2019» æрбавдыста ног æфсæддон æнæпилотон тæхæг аппарат, кæцы арæзт у полярон уы-джы хуызы. Дрон хицæн кæны чысыл мас-сæйæ. Нысанмæ тæхгæйæ, дрон у зын ра-хатæн. Æнæпилотоны комплекты уæз у 5 ки-лограммы æмæ йæ ауадзы иу адæймаг. Æнæпилотонæн йæ бон у нысаны координат-тæ сбæрæг кæнын, афтæ ма пайда кæны лазерон рухсæй артиллери æмæ авиаци басгарыны тыххæй. Аппаратæн йæ бон у уæл-дæфы 40 минут арвитын, уыцы рæстæг фаг у развæдсгæрст саразынæн.

ФÆФЫЛДÆР УЫДЗЫСТЫ СЫВÆЛЛÆТТЫ ПОСОБИТÆ

2019 азы июны мæйы Уæрæсейы Хица-уад бацæттæ кодта закъоны проект, 1,5 азæй 3 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæтты пособитæ фæфылдæр кæныны тыххæй. Паддзахадон Думæ ацы инициативæмæ æр-кæсдзæн фæззыгон сессийы æмæ 2020 азы иу сывæллонмæ зилыны фæдыл æрвыл-мæйон пособи суыдзæн 10 минæй фылдæр. Сывæллæтты ацы пособитæ райсдзысты уыцы бинонтæ, кæцытæн иу адæймагæн се ‘фтиæгтæ не сты дыууæ фæцæрыны минимумæй фылдæр. 2020 азы Уæрæсейы æппæт регионтæ, уыцы нымæцы Цæгат Ирыстон-Алани дæр бинонтæн хицæн кæндзысты сывæллæтты ног пособитæ.

ÆРСИДТ АИШ-мæ

Ираны президенты уынаффæгæнæг Хамид Абуталеби фехъусын кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ хъуамæ раздæхой Иранимæ ядерон бадзырдмæ, цæмæй дыууæ бæстæйы ‘хсæн баныхæстæ сног кæной. Уый размæ Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, цæттæ у Ираны президентимæ фембæ-лынмæ.

ФÆАХХОСДЖЫН КОДТА ЕВРОПÆ ÆМÆ КИТАЙЫ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фæаххосджын кодта Европæ æмæ Китайы валютон базары манипуляциты. «Китай æмæ Европæ архайынц валютæимæ егъау манипуляцитæй æмæ æхцатæ хæссынц сæхи системæтæм, цæмæй конкуренци кæной АИШ-имæ», – ныффыста уый. Трамп банысан кодта, зæгъгæ, ахæм уавæр æвзæры бирæ азты дæргъы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ хъуамæ дзуапп радта æмбæлон æгъдауæй, науæд Вашингтон баззайдзæн «гуымирийæ, кæцы ницы аразы æмæ уæзданæй йæ хъус дары, æндæр бæстæтæ сæ хъæзтытæй куыд хъазынц, уымæ».

ÆРЦАХСТА ХÆДТÆХÆГ-РАЗВÆДСГАРÆДЖЫ

Уæрæсейаг куынæггæнæг хæдтæхæг Су-27 стахт америкæйаг развæдсгарæг хæд-тæхæг Р-8А «Посейдон»-ы æрцахсыны тых-хæй. Уæлдæфон нысан разынд Уæрæсейы паддзахадон арæнты цур Сау денджызы районы. «Уæрæсейаг куынæг-гæнæг хæдтæхæджы экипаж уæлдæфон объектмæ æрбаввахс æдас дæрддзæгмæ æмæ сбæрæг кодта, уый америкæйаг хæдтæхæгразвæдсгарæг кæй у, уый. Америкæйаг хæдтæхæг уайтагъд йæхи айста УФ-йы паддзахадон арæнæй», – фехъусын кодтой УФ-йы хъахъхъæнынады министрады.

БАСЫГЪТОЙ АМЕРИКÆЙАГ ТЫРЫСА

АИШ-ы хæдбардзинады боны Урс хæ-дзары цур АИШ-ы революцион коммунистон партийы минæвæрттæ басыгътой америкæ-йаг тырыса. Дональд Трампы ныхмæлæу-джытæ хъæр кодтой, зæгъгæ, «Америка ни-когда не было великой». Барадхъахъхъæнæг органтæ ахуыссын кодтой зынг. Инцидент æрцыд Линкольны мемориалы, бæрæгбоны цытæн Трампы раныхасæй иу сахаты размæ.  АИШ-ы сусæггаг службæ баурæдта æртæ активисты.

Информацион агентадты

хъусынгӕнинӕгтӕм гӕсгӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.