Æрæджы Цæгат Ирыстон-Аланийы горæт Дзæуджыхъæуы ирон драмон театры фæзуаты уагъд æрцыд ирон бæгæныйы 5-æм дунеон фестиваль «Ирон бæгæны-2018»-ы финал. Хайад дзы райстой æвзарæн туры 15 конкурсанты- уæлахиздзауы Герман, Бельги, Франц, Турк, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй.

Фестивалы хатдзæгтæм гæсгæ, дыккаг бынат бацахста Дзауы районы Хуы-цъейы хъæуы цæрæг Гаглойты Андзелинæ. Дзауы районы администрацийы культурæйы  хайады  сæргълæууæг  Цхуырбаты Галинæйы ныхæстæм гæс-гæ, конкурсы рæстæджы аргъ кодтой национ хæринæгтæ сцæттæ кæныны дæсныдзинадæн дæр.  «Хуыздæр æмæ хъæздыгдæр фынг»-ы номинацийы Хуссар Ирыстон бацахста фыццаг бынат. «Конкурс уагъд æрцыд бæрзонд æмвæзадыл æмæ дзы Хуссар Ирыстон йæхи равдыста аккагæй. Мах нæ фынгмæ хуыдтам æрæмбырдуæвджыты æмæ-иу сæ суазæг кодтам ирон хæринæгтæй. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр ацаходыдта нæ бæгæныйæ æмæ йын стыр аргъ скодта йæ гъæдæн. Мах сæрыстыр стæм ахæм конкурсы хайад кæй райстам æмæ дзы призон бынæттæ кæй бацахстам, уымæй. Хорз конкурс у. Бузныг йæ организатортæн. Адæмы æнгом кæны кæрæдзимæ», – загъта Цхуырбаты Галинæ.

Мах дæр арфæ кæнæм не ‘мзæххонтæн ахæм стыр æнтысты тыххæй. Нæ зæрдæ сын зæгъы æнтыстытæ сæ алы хъуыддаджы дæр.

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.