Парламент – “Электроцинк”-ы ныхмæ

Республикæйы мингай адæймæгтæ кæмæ æнхъæлмæ кастысты, парламент йæ уыцы æмбырд ауагъта цыппæрæмы, 25 октябры.

Цæгат Ирыстоны Парламенты æнæрадон æмбырды архайдтой æппæт фракцитæ дæр: “Иугонд Уæрæсе”, “Рæстагон Уæрæсе”, “Уæрæсейы патриоттæ”  æмæ Коммунистон парти. 70 депутатæй æрбацыдысты 58. Æмбырды ма уыдысты æхсæнады минæвæрттæ, сæ сæргъы Калоты Витали. Боны фæткы уыд иунæг фарста: завод “Электроцинк”- ы хъысмæт. Раныхасгæнджытæ се ‘ппæт дæр дзырдтой, завод цы зиан хæссы адæмæн æмæ цы саразæн ис, ууыл.

Алчидæр зоны æмæ æмбары, республикæйы Сæргълæууæг æмæ парламенты уынаффæйæн ацы хъуыддаджы юридикон тых кæй нæй. Уымæн æмæ бирæ азты размæ завод нæ территорийыл саразыны тыххæй Урайлаг компаниимæ цы бадзырд арæзт æрцыд, уый æнцон фехалæн нæу.  Уый афтæ куынæ уаид, уæд заводы генералон директор Игорь Ходыко афтæ барджынæй нæ загътаид: “Завод æхгæд не ‘рцæудзæн, цех ногæй рацараздзыстæм… Завод нырмæ дæр куыста, экологион домæнтæ æххæст кæнгæйæ, æмæ сæ æххæст кæндзæн, ногæй кусын куы райдайа, уæд дæр”. (“Рæстдзинад”, 23 октябрь, 2018 аз). Афтæтæ. Кæд, дам, цæфæй нæ мæлыс… уæд дын уый та рæхуыст. Фæлæ уæддæр, ахсджиаг у республикæйы разамынды хъуыды. Цæмæй хъуыддаг тæрхондонмæ куы æрцæуа, уæд цы бавдисæм, уый нæм уа.

Иуныхасæй, депутаттæ се ‘ппæт дæр схъæлæс кодтой зианхæссæг заводы дарддæры куысты ныхмæ. Уымæй дарддæр депутаттæ бацæттæ кодтой сидт Урайлаг Хæххон металлургион компани “Холдинг”-ы генералон директор Андрей Козицынмæ, Уæрæсейы Федерацийы Генералон прокурор Юрий Чайкамæ æмæ Уæрæсейы Æрдзон гуырæнты æмæ экологийы министр Дмитрий Кобылкинмæ, цæмæй баххуыс кæной Дзæуджыхъæуы мæлæтхæссæг заводы куыст бауромынмæ. Депутаттæ ма бауынаффæ кодтой, трагедийы æууæлтæ куыд æвзæрст цæуынц, уымæ сæ цæст дарын æмæ йæм æхсæнады æмæ хæдбар экспертты æргом раздахын.

Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Фæдысгарæн комитет зынгсирвæзты фæдыл байгом кодта уголовон хъуыддаг УФУК-йы 217 статьяйы 2 хаймæ гæсгæ. Уыимæ иумæ республикæйы прокуратурæ дæр кæны сгарæн куыст. Сæ развæлгъау хатдзæгтæм гæсгæ, йæ аххосаг уыд, зынгхуыссынгæнæн системæ дзы кæй нæ уыд, уый. Уымæй та гуымир æгъдауæй хæлд æрцыдысты æдасдзинады фадæттæ. Ныртæккæ куыст цæуы, ацы фыдракæнды аххосджынты номхыгъд сбæлвырд кæныны фæдыл.

Нæ уацх.    

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.