БАЗЗАД ÆНÆ ЭЛЕКТРОН РУХСÆЙ

7-æм мартæй фæстæмæ Венесуэлæйы территорийы 80 проценты баззад æнæ электроэнергийæ, «Эль-Гури»-йы электростанц куы ахицæн кодтой, уый фæстæ. Бæстæйы вице-президент Хорхе Родригес фехъусын кодта, зæгъгæ, элетроэнерги масштабонæй кæй ахицæн, уымæн йæ аххосаг у кибератакæ, кæцы здæхт у «Эль-Гури»-йы электростанцы контролы авто-матикон системæмæ. Родригес куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æввахсдæр бонты Каракас дунеон организацитæм ратдзæн бæлвырдгæнæнтæ америкæйаг кибератакæйы тыххæй. Кæд Венесуэлæ нефтгуыстгæнæн  бæстæ у, уæддæр сын электроэнергийы сæйраг гуырæн у гидроэлектростанц.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй Венесуэлæ хъаст бадæтдзæн адæймаджы барты фæдыл ИНО-йы уæлдæр къамисармæ бæстæйы электроэнерги кæй ахицæн кодтой, уый фæдыл.

НОГ АТАКÆ

Венесуэлæйы президент Николас Мадуро фехъусын кодт, бæстæйы энергетикон объекттæй сæ иуыл хакерты ног атакæйы тыххæй, кæцы бахъыгдардта Боливариаг Республикæйы электроифтонгад сæндидзын кæнын. «Абон мах электроифтонгад сæн-дидзын кодтам бæстæйы 70 проценты, фæлæ æмбисбон арæзт æрцыд объекттæй сæ иуыл  ноджы иу кибератакæ, кæцы уæды онг куыста тынг хорз. Нæ къухы бафтыд электроэнерги хайгай сæндидзын кæнын», – загъта Мадуро.

КУСЫНЦ САНКЦИТÆ АИВЫНЫЛ

Италийы премьер-министр Джузеппе Конте фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæ дарддæр кусы Уæрæсейæ санкцитæ сисыныл, кæцытæ, италиаг хицауады хъуыдымæ гæсгæ, стыр зиан хæссынц сæ бæстæйы экономикæйæн. Уый размæ италиаг къухдариуæгады минæвæрттæ бирæ хæттыты фехъусын кодтой, цæмæй Уæрæсе æмæ Евроцæдис кæ-рæдзийы ныхмæ санкциты аххосæгтæ аиуварс кæной.

МЫХУЫР ÆРЦЫД ÆРТЫККАГ РЕЙХЫ «ХÆЗНАТЫ КАРТÆ»

Германы ныммыхуыр кодтой æртыккаг рейхы афицер Эгон Олленхауэры сæрмагонд боныг, цыран нысан сты, нацисттæ цы хæзнатæ радавтой, уыдон кæм æмбæхст сты, уыцы бынæттæ. Дзырд цæуы аивады уацмысты, сыгъзæрин æмæ æндæр æргъадты тыххæй. Боныгы фыстæуы, зæгъгæ, Адольф Гитлер бардзырд радта, цæмæй хæзнатæй йедзаг 260 уæзласæн машинæйы æмбæхст æрцыдаиккой Польшæйы территорийы 11 бынаты. Олленхауэр йæхæдæг уыд ацы операцийы сæйраг фигурæ æмæ уымæ гæсгæ зыдта æргъадты бынæтты тыххæй раст бæрæггæнæнтæ. Афицеры фыстытæ бирæ рæстæджы дæргъы хъахъхъæд цыдысты немыцаг горæт Кведлинбургы. Боныгмæ гæсгæ, æмбæхст бынæтты ис 28 тоннæйы сыгъзæрин, монетæтæ, майдантæ, ювелирон фæлындзæнтæ, афтæ ма аивæдты 47 уацмысы – Боттичеллийы, Рубенсы, Кара-ваджо, Моне, Рафаэлы æмæ Рембрандты куыстытæ.

 

МИТИНГТÆ

Венесуэлæйы уынгтæм митингтæм  рахызтысты Мадуро æмæ Гуайдойы фарсхæц-джытæ. Мадуройы фарсхæцджытæ протест кæнынц Иугонд Штатты агрессийы ныхмæ. Каракасы Гуайдойы фарсхæцджыты акцийы маршрутыл фыццаг хатт слæууыдысты специалон нысаниуæджы кусджытæ.

 

ÆРÆППÆРСТА ПАКИСТАЙНАГ ÆНÆПИЛОТОНЫ

Индийы æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ æрæппæрстой пакистайнаг æнæпилотон тæхæн аппараты, кæцы фехæлдта Индийы арæн. Æнæпилотон Индийы уæлдæфон тыгъдад фехæлдта горæт Ганганагары ра-йоны.

«БУР ЖИЛЕТТЫ» РАДОН АКЦИ

«Бур жилетты» радон 17-æм  акци уагъд æрцыд Францы, цыран хайад райстой 30 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæй 3 мин адæймаджы хайад райстой Парижы уагъдцæуæг акцийы. Манифестанттæн ныхмæ-лæудтытæ уыд полициимæ, кæцытæ сæ ныхмæ спайда кодтой цæссыгкалæн газæй. «Бур жилетты» манифестацитæ уагъд æрцыдысты Лионы, Безансоны, Страсбургы, Лиллы, Бордойы, Монпельейы æмæ æндæр горæтты.

АИШ ПАЙДА КÆНЫНЦ ЛИГЪДÆТТÆЙ

Цалдæр боны размæ УФ-йы хъахъхъæнынады министрад ныммыхуыр кодта лагерь «Рукбан»-ы ног спутникон нывтæ, цыран æвдыст цæуынц адæмы царды реалон уавæртæ. Хæдзæртты бæсты – мæнгагъуыстытæ. Ног ингæнтæ уæлмæрды. Брифингы банысан кодтой дунеон гуманитарон организациты бæрæггæнæнтæ. Лигъдæтты уавæртæ сты катастрофон. Нæ сын фаг кæнынц, æгæрыстæмæй, дон æмæ хæлцадон продукттæ. Бынтондæр нæ исынц медицинон æххуыс, уыимæ лигъдæтты фылдæр сты сабитæ æмæ сылгоймæгтæ. Лагеры банысан чындæуыд инфекциты фæтынг, цармы низтæ, грипп, фадынæг, туберкулез, холерæ. Ахæм уавæрты ныр цалдæр азы «цæрынц» 40 мин адæймагæй фылдæр. Лигъдæттæн сæ 80 проценты фæнды сæ цæрæн бынæттæм раздæхын, фæлæ сæ нæ уадзынц. Америкæйы контролы бын чи сты, уыцы боевиктæ. Нæ сæ уадзынц америкæйаг æфсæддонтæ сæхæдæг дæр, уымæн æмæ «Рукбан» уыдонæн у вер-бовкæгæнæн пункт Асады ныхмæ террористон хæсты тыххæй.

ÆРХАУД ХÆДТÆХÆГ

11-æм марты Эфиопийы æрхауд хæдтæхæг, кæцы тахт Аддис-Абебайæ Кенийы столицæмæ. 149 бæлццоны æмæ экипажы аст уæнджы фæмард сты. Фæмардуæвджыты ‘хсæн сты 35 бæстæйы минæвæрттæ. Бортыл уыдысты 32 кениаджы, 18 канадæйаджы, аст америкæйаджы, Стырбританийы авд æмбæстаджы æмæ æртæ уæрæсейаджы. Эфиопийы парламенты уынаффæмæ гæсгæ 11 март расидт æрцыд фыдохы бонæй.

 

УÆЙ КÆНЫНЦ СКРИПАЛТЫ ХÆДЗАР

Уæй кæнынц бритайнаг агент Сергей Скрипалы хæдзар 341 мин евройыл (30 милуан сомы). Хъусинаджы нысан цæуы, зæгъгæ, уый размæ 2011 азы ацы хæдзар балхæдтой 260 мин евройæ. Хъусинаджы æппындæр ницы загъдæуы цæрæнуаты æмæ йæ хицæутты «Новичок»-æй фæхъæстæ кæныны тыххæй.

 

ЙÆ ЦАРДÆЙ АХИЦÆН ВЛАДИМИР ЭТУШ

97-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн Советон Цæдисы адæмон артист, театр æмæ кинойы уæрæсейаг актер Владимир Этуш. Этушы ном зындгонд у Леонид Гайдай æмæ æндæр кинофильмты комедиты ролтæм гæсгæ. Йæ актерон карьерæйы рæстæджы артисты систой 40 фильмæй фылдæры. Йæ ролтæй уæлдай зындгонддæр сты «Кавказская пленница»-йы Сааховы, «Иван Васильевич меняет профессию»-йы стоматолог Антон Шпакы ролтæ æмæ бирæ æндæртæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.