НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Уæрæсе æмæ Турчы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой дыууæ бæстæйы ‘хсæн уæлдæр æмвæзады æмгуыстады советы æстæм рабадтмæ бацæттæ кæныны фарстытыл, кæцы уагъд æрцæудзæн 8-æм апрелы. Афтæ ма Путин йæ туркаг коллегæйæн раарфæ кодта 31-æм марты хицауиуæгады бынæттон органтæм æвзæрстыты «Партия справедливости» кæй фæуæлахиз, уый тыххæй, кæцыйы сæргъ лæууы Эрдоган.

***

Владимир Путин ма телефоны дыууæфарсон ахастытыл æруынаффæ кодта Сомихстоны премьер-министр Никол Пашинянимæ. Ныхас кæныны рæстæджы сæйрагдæр темæтæй иу уыд Хæххон Къарабахы уавæр æрбæстон кæныны фарст. Пашинян равдыста йæ бузныгдзинад уæрæсейаг фарсæн Азербайджанимæ баныхæсты æхсæны лæг кæй у, уый тыххæй.

РАЙСТА ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

УФ-йы Паддзахадон Думæ дыккаг бакасты райста закъоны проект бирæсывæллонджын бинонтæн зæххы хъалоны тыххæй. Бирæсывæллонджын бинонтæн сæ бон суыдзæн зæхх æмæ хæдзары тыххæй къаддæр хъалон фидын. Фатерты фæдыл хъалоны базæ къаддæр кæны алкæцы æнахъом сывæллоны тыххæй 5 квадратон метрæн, хисæрмагонд хæдзарæн та – 7 квадратон метрæн.

ФÆФЫЛДÆР НЕФТЫ АРГЪ

 Brent-ы маркæйы нефты фьючерсы аргъ Лондоны биржæйы сырæзт 2,1 проценты, ома, баррелы аргъ ссис 69,03 доллары онг. Фæстаг хатт ацы сорты нефты аргъ баррелæн 69 долларæй фылдæр уыд 2018 азы 13-æм ноябры. Уымæ гæсгæ уæрæсейаг валютæ фидардæр кæны доллар æмæ евромæ. Доллары курс фæкъаддæр 39 капеччы æмæ у 65,25 сомы æмæ евройы курс та – 53 капеччы æмæ у 73, 12 сомы.

НЫФС ÆЙ ИС АХАСТЫТÆ ФÆХУЫЗДÆР КÆНЫНÆЙ

АИШ-ы президент Дональд Трамп НАТО-йы генералон секретарь Йенс Столтенбергимæ фембæлды рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, Вашингтоны ныфс ис Уæрæсеимæ ахастытæ фæхуыздæр кæнынæй. Трамп æмæ Столтенберг æруынаффæ кодтой дунеон æдасдзинад æмæ альянсы рæзты фарстытыл. Уый фæстæ америкæйаг лидеры бафарстой, зæгъгæ, уый Уæрæсейы нымайы Иугонд Штатты тæссагдзинадыл. «Мæн ныфс ис, Уæрæсе нæ бæстæйы æдасдзинадæн тæссаг кæй нæ уыдзæн, уымæй. Куыд æндæр партнертимæ, зæгъæм, Китай, афтæ махæн хорз ахастытæ уыдзæн Мæскуыимæ. Мах Уæрæсеимæ кæрæдзи кæй бамбардзыстæм, уый мæ уырны», – загъта Дональд Трамп. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ йæ фæнды дыууæфарсон ахастытæ ног æмвæзадмæ ракæнын. Йæ рады НАТО-йы генералон секретарь фехъусын кодта, зæгъгæ, карзæй ныхас кæндзæн Уæрæсеимæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ АИШ мауал хъуамæ æруадзой ног уазал хæст.

АМАРДТОЙ УКРАИНÆЙАГ КУЫНÆГГÆНÆДЖЫ

Донбассы арæнмæ æввахс блиндажмæ минæ кæй бахаудта, уый фæстиуæгæн фæмард куынæггæнæг батальоны украинæйаг пулеметæхсæг Яна Червоная (йæ фæсномыг – «Ведьма»).  Червоная службæ кодта батальон «Донбасс-Украина»-йы. Уый нымад цæуы бархион дæл-хайыл, кæцы арæзт æрцыд æфсады бындурыл. «Ведьма» дæр батальонмæ бацыд бархионæй. Уый хæцыд Донбассы 2016 азы сентябрæй фæстæмæ. Баззад ын цардæмбал æмæ дыууæ сывæллоны.

ÆМБЫРД – ЛИГЪДÆТТЫ ЛАГЕРЫ ФÆДЫЛ

Сирийы уагъд æрцыд дыккаг æмбырд, цыран Уæрæсейы минæвæрттæ æмæ бынæттон командæкæнынад уынаффæ кодтой лигъдæтты лагерь «Эр-Рукбан»-ы ликвидацийы тыххæй. Кæй сæ фæхуыдтой, уымæ ‘нæкæсгæйæ та æмбырдмæ не ‘рбацыдысты америкæйаг минæвæрттæ. Уыимæ, номхуындæй, уыдон никæй уадзынц лагермæ бацæуын, цыран уæззаудæр кæны гуманитарон ка-тастрофæ. ИНО-йы хаххы фæдыл сын цы стæм æххуыс радтынц, уыдон сæхи бакæнынц боевиктæ. Уымæй дарддæр ма лигъдæтты лагерь гæнæн ис баззайа æнæ донæй, æввахсдæр донæмбырдгæнæн кæй сур кæны, уымæ гæсгæ.

ГАЛСТУКТÆ ÆУУИЛЫН РАЙДЫДТА ЧЫСЫЛÆЙ

Гуырдзыстоны раздæры президент Михаил Саакашвили раргом кодта йæ «ног диетæйы» сусæгдзинад. Йæ ныхæстæм гæсгæ йын фæстаг рæстæджы уæлдай уæзæй фервæзынæн баххуыс кодта, галстуктæ кæй нал æууилы, уый. Саакашвили интернеты «хъайтар» ссис, 2008 азы гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы йæ галстук кæй æууылдта, уымæй. Галстук æууилыны сценæ бацыд фильм «Пять дней в августе»-мæ, цыран Саакашвилийы ролы ахъа-зыд голливудаг актер Энди Гарсия. Гуырдзиаг амалиуæг-гæнджытæ рауагътой хæрынæн бæзгæ галстуктæ æмæ сæ уæй кодтой 5-гай ларитæм. Æрæджы Саакашвили журналист Гордонæн басаст, зæгъгæ йæм галстук æууилыны цай-дагъдзинад фæзынд чысылæй.

АВИАКАТАСТРОФÆ

Германы авиакатастрофæйы фæмард Уæрæсейы хъæздыгдæр сылгоймæгтæй иу, авиакомпани S7-ы хицау Наталия Филева. Катастрофæйы фæстæ хæдтæхæг куынæг æрцыд тыхджын зынгсирвæзтæй. Фæмард сты æртæйæ – пилот æмæ дыууæ бæлццоны-уæрæсейаджы. Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ, Наталия Филеваимæ хæдтæхæджы уыд йæ фыд. Уыдон тахтысты Францæй Германмæ хисæрмагонд уæлдæфон науыл. Эгельсбахы аэропорты æрбадынмæ куыд хъавыд, афтæ хæдтæхæг æрхауд.

ФÆМАРД СТЫ 29 АДÆЙМАДЖЫ

Непалы централон хайы Бар æмæ Парсы районты тыхджын уады фæстиуæгæн фæмард сты 29 адæймаджы, 600 адæймаджы та райстой травмæтæ. Æрдзон æна-монддзинад райдыдыдта изæры 19:45 сахатыл æмæ аххæссыд иу сахаты дæргъы.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.