Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петрæн уыд пресс-конференци. Мадзалы рæстæджы Парламенты спикер журналисттæн радзырдта, фондз азы дæргъы республикæйы закъондæттæг орган цы куыст бакодта, уыдæтты тыххæй.

Райдианы уал радзырдта, йæхæдæг Парламенты йæ архайды тыххæй. Банысан кодта, республикæйы ныры Президент Бибылты Анатолиимæ политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы аразгæйæ цы ахадæн куыст бакодтой, уый, кæцыйы фæстиуæгæн райстой стыр фæлтæрддзинад æмæ адæмы æууæнк, æмæ æнæ уæлæмхасæн ресурсæй парламентон æвзæрстыты рæстæджы Парламенты 34 бынатæй сæ парти бацахста 21 бынаты.

Зæрдыл æрлæууынæн Парламенты спикер куыд радзырдта, афтæмæй закъондæттæг органы кусын куы райдыдтой, уæдæй абоны онг политикон парти йæ кусынæй никуы æрлæууыд, ома, иу æвзæрстытæй иннæмæ нæ, фæлæ  кусы æдзухæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Парламентмæ бацæуын партийы кæройнаг нысан нæ уыд, йæ дарддæры нысан уыд Бибылты Анатолийы Президенты бынатмæ æркæнын. Æмæ афтæ дæр рауад. “2017 азы апрелы, адæмы æууæнчы æмæ равзæрсты руаджы Бибылты Анатоли ссис Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент”, – банысан кодта Гасситы Петр.

Дарддæр Парламенты Сæрдар куыд фехъусын кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны парламентаризмы историйы 17-æм апрелы фыццаг хатт уагъд æрцæудзæн хыгъдон мадзал. Мадзал ауагъдæуыдзæн цытджын уавæрты.

«Æмбæстæгты раз хыгъд радтыны фæндонимæ æз бацыдтæн паддзахады сæргълæууæгмæ, ацы хъуыддаг уый зæрдæмæ дæр фæцыд æмæ сразы йæ реализацийыл. Хицауиуæгадмæ куы æрцыдыстæм, уæд прецеденттæ бирæ нæ уыд: паддзахадæн йæхи æфтиæгтæ афтæ стыр нæ уыдысты, коррупцийы ныхмæ дæр афтæ карзæй тох никуы цыд. Æппæт позитивон ивындзинæдтæ райдыдтой хицауиуæгадмæ Бибылты Анатолийы æрцыдæй», – банысан кодта Гасситы Петр.

Парламенты куысты фæдыл спикер куыд радзырдта, афтæмæй «алы æмæ алы рæстæджыты дæр Парламенты куыст зын уыд, депутаттæй алкæимæ нæ уыд баныхасгæнæн, фæлæ уæддæр уыцы цæлхдуры сæрты ахызтыстæм æмæ абон, æхсæзæм сæвзæрст Парламентæн йæ куыст кæронмæ куы фæхæццæ кæны, уæд зæгъæн ис, парламентариты ‘хсæн ис 90 проценты кæрæдзимбарынад.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, иннæ 10 проценты та сты, «Парламенты тыххæй» закъоны проекты «бакусын хъуаг»-ыл чи банымадта æмæ йæ райсыны ныхмæ чи рацыд, уыдон. Фæлæ ацы закъоны проекты тыххæй уынаф-фæ кæй нæ рахастæуыд, уый фæстиуæгæн ногæй раразмæгонд æрцæудзæн.

«Кæд нæ историйы никуы уыд, уæддæр «Парламенты тыххæй» за-къон æнæмæнгхъæуæг у» – бæлвырдæй загъта спикер.

Дарддæр парламентари куыд радзырдта, афтæмæй абоны бон Парламент кусы 38 закъоны фæлгæтты, уыцы нымæцы Конституци  дæр.

«Ног закъоны та иу-уылдæр иумæ æмбырдгонд сты. Уымæй дарддæр ма йыл куыстой Уæ-рæсейы Федерацийы, УФ Президенты Администрацийы, РХИ-йы Президенты Администрацийы специалисттæ æмæ депутаттæ сæхæдæг дæр. Уæдæ йæ бакусын хъуагыл банымайын цас раст у?» – загъта Гассийы фырт.

Закъондæттæг органы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ,  æххæст кæрæдзиæмбарынад фæзынд æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауиуæгады къабæзты ‘хсæн дæр æмæ  райдыдтой æмгуыст кæнын.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, сæ разы цы хæслæвæрдтæ уыд, уыдон реализаци кæнынæн тынг фæахъаз  Бибылты Анатоли.

«Хицауиуæгадмæ йе ‘рцыдæй Бибылты Анатоли банысан кодта, паддзахад стабилонæй размæ кæй нæ цæудзæн, хицауиуæгады æппæт къабæзтæ дæр æмархайд куынæ кæной, уæд. Ацы хъуыддаг нæ къухы куыд бафтыд, уый тыххæй та хицауиуæгады иннæ къабæзты бафæрсын хъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, цытджын хыгъды рæстæджы уыдон сæ хъуыды зæгъдзысты», – загъта Гасситы Петр.

Уый банысан кодта, Бибылты Анатолийы фæстæ йын Парламенты Сæрдары бынаты кусын куыд зын уыд.

«Райдианы мын зын уыд кусын. Уымæн бирæ аххосæгтæ уыд. Бирæ фарстаты æмæ архайды здæхтыты депутаттæй бирæтæ мæнæй фæлтæрдджындæр уыдысты, се ‘ууæнк сын рамбулын хъуыд. Фæлæ æппæт уыдæттæ аиуварсгонд æрцыдысты æмæ ныр сæрыстыр цæмæй уæм, уый нын ис.  – загъта Парламенты Сæрдар.

Профессионалон Парламентмæ рахизыны тыххæй закъон Гасситы Петр нымайы æхсæзæм сæвзæрст Парламенты ахсджиагдæр æнтыстытæй иуыл.

«Адæймаг æххæстхъомысæй нæ кусы, æндæр бынаты дæр ма куы куса, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, мах дыууæ бынаты кусыны бар радтам, ахуыргæнæджы æмæ сфæлдыстадон куыст чи кæны, уыдонæн.

Æндæр гæнæн нæ уыд, уымæн æмæ цалынмæ ацы закъон нæ райстам, уæдмæ рæнхъон парламентари иста 4 мин сомæй чысыл фылдæр. Ахæм мыздимæ сæ нæ бон нæ уыд æххæст хъомысæй куыст æрдомын. Уый фæстиуæгæн куыстой æндæр куыстыты дæр», – банысан кодта Парламенты сæргълæууæг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæивта уавæр, фæфылдæр сты депутатты мыздтæ дæр, абон астæуккаг нымадæй депутат исы 30 мин сомы бæрц, комитеты сæргълæууæг – 45-50 мин сомы, Парламенты спикер та – 80 мин сомы.

Дарддæр куыд фехъусын кодта, афтæмæй уый бацархайдта Парла-менты аппараты кусджыты мыздтæ фæфылдæр кæныныл дæр.

«Æз архайдтон, цæмæй Парламенты аппараты кусджыты мыздтæ кæрæдзийæ тынг ма хицæн кæной. Уымæй дæр уæлдæр бынæтты чи кусы, уыдонæн нæ, фæлæ сæ мыздтæ фæфылдæр сты рæнхъон кусджытæн», – банысан кодта Парламенты спикер.

Журналистты цымыдис кодта, Гасситы Петр политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы номхыгъдты кæцы номыр у, уый.

Спикер куыд радзырдта, афтæмæй партион номхыгъды у æвдæм. Уый у йæхи домæн, уымæн æмæ ивгъуыд æвзæрстыты рæстæджы дæр партион номхыгъды æвдæм уыд. «Уый нæ, фæлæ ма чысыл быцæу ныхас дæр сæвзæрд, партионты фæндыд, цæмæй фыццаг æртæйæ, кæнæ фондзæй иу уыдаин æз. Фæлæ æз аскъуыддзаг кодтон æвзæрстыты æвдæм номыримæ хайад райсын, æмæ адæм куыд зæгъой, афтæ уыдзæн».

Бафарстой йæ, «Иугонд Ирыстон»-æй авдæй куы бацæуой Парламентмæ, уæд Сæрдарæй сразы уыдзæн æви нæ?

Ацы фарстæн Гасситы Петры дзуапп уыд ахæм: «Кæд мæн тыххæй схъæлæс кæной, уæд уыдзынæн Парламенты Сæрдар, кæд – нæ, уæд та равзардзысты æндæр адæймаджы. Уым диссагæй æз ницы уынын. Раздæр дæр нæ тырныдтон ацы бынатмæ, уый нæ уыд Бибылты Анатолийы фæндон дæр. Парламенты ауагътой чысыл æвзæрстытæ æмæ мæн тыххæй радтой хъæлæстæ», – банысан кодта Гасситы Петр æмæ ма йæ ныхасмæ баф-тыдта, зæгъгæ, ацы куыст у тынг уæззау æмæ дæ ничи фæбузныг уыдзæн.

Депутат Коцты Жаннæ партийы скондæй кæй рахызт, уый тыххæй та закъондæттæг органы къухдариуæггæнæг загъта, ома, депутаты ацы къахдзæф æнæнхъæлæджы нæ уыд.

«Мæнмæ афтæ каст, цыма ацы къахдзæф уый фæстæдæр сараздзæн, бæлвырддæрæй та  æвзæрстыты хæдразмæ æввахсдæр. Раздæр уал уый рахызт партийы централон комитеты скондæй, цыран уыд Парламентæй минæвар. Уый фæстæ та партийы скондæй рахызт», – банысан кодта Гасситы Петр.

Дарддæр бамбарын кодта, зæгъгæ, Жаннæ кæд партийæ рахызт, уæддæр нæ хъавы партийы фракцийæ рахизынмæ, нæ уæгъд кæны комитеты сæрдары бынат æмæ нæ дæтты депутаты мандат. Ацы хъуыддаг Парламенты Сæрдар растыл нæ нымайы.

Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, алы партийы дæр ротаци вæййы  иутæ æрбацæуынц, иннæтæ  ацæуынц. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, «Иугонд Ирыстон»-ы партионты нымæц у 4294 адæймаджы.

Парламенты Сæрдар дзуаппытæ радта журналистты æндæр цымыдисгæнæг фарстатæн дæр.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.