НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Уæрæсе æмæ Белорусийы президенттæ Владимир Путин æмæ Александр Лукашенко телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой уæрæсейаг-белорусаг æмгуысады рæзты фарстытыл. Мæскуы æмæ Минскы ахастытæ скарз сты 2018 азы кæрон Белорусийæн уæрæсейаг æрдзон газы аргъы фæдыл быцæудзинæдты тыххæй. Ноджы ма иу дискуссион темæ та хауы, Мæскуы нефты фадыджы цы хъалонты маневртæ уадзы, уыцы æфтиæгтæй Минск компенсаци кæй домы, уымæ. Дыууæ бæстæйы сæргълæуджытæ ацы темæ-тыл активонæй уынаффæ кæнынц 2018 азы декабрæй фæстæмæ, Евразиаг экономикон саммиты Белоруссийы претензиты тыххæй Лукашенко куы фехъусын кодта, уый фæстæ. Фæлæ Путин æмæ Лукашенкойæн цалдæр фембæлды кæй уыд, уымæ нæкæсгæйæ ацы, фарстытæ аскъуыддзаг кæнын нырма сæ бон не ссис.

                              ОФИЦИАЛОН ВИЗИТ

Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ын æрцыд Уæрæсемæ. 24 апрелы йæ бронепоезд ахызт арæнæй æмæ æрлæууыд горæт Хасаны станцы. Ким Чен Ыныл сæмбæлдысты цæхх æмæ кæрдзынимæ. Уый бабæрæг кодта уæрæсейаг-кореяйаг хæлардзинады хæдзар, кæцы арæзт æрцыд 1986 азы. Уый фæстæ бронепоезд ацыд Уссурийскмæ. Уым тæвддзуйы баивтой дыууæ электровозыл æмæ йæ фæндаг акодта  Владивостокмæ. Уый у Уæрæсемæ Ким Чен Ыны фыццаг визит. Владимир Путинимæ фембæлдзæн абон, 25 апрелы «Русский»-йы сакъадахы, Дард Хурскæсæн федералон университеты.

КОНТРАКТ

Уæрæсе æмæ Индонези къухтæ æрфыстой контрактыл фистæг æфсады хæстон машинæтæ БМП-ЗФ æмæ ленкгæнæг бронетранспортертæ БТ-ЗФ æввонг кæныны тыххæй.  Уæрæсе контрактмæ гæсгæ Индонезийæн ауæй кæндзæн БМП-ЗФ 22 экземпляры. Ацы хæстон машинæтæй Индонези пайда кæны дæргъвæтин рæстæджы æмæ сæхи равдыстой хорз. Ныртæккæ бæстæмæ ис 500 ахæм машинæйæ фылдæр.

УРÆД ÆРЦЫДЫСТЫ БОЕВИКТÆ

УФ-йы Æдасдзинады федералон службæ Дард Хурскæсæны æмæ Цæгат Кавказы раргом кодта боевикты сусæг къордты. Махачкала æмæ Грознæйы урæд æрцыдысты «пысылмон паддзахады» фондз уæнджы. Уыдон план кодтой Цæцæны столицæ æмæ Каспийскы теракттæ саразын полицийы кусджыты ныхмæ. Афтæ ма Приморьейы джигул кæныны рæстæджы ссардтой рæмудзæн æрмæг саразыны тыххæй компоненттæ. Централон Азийы цыппар æмбæстаджы план кодтой бынæттон бизнесменты бастигъын æмæ уый фæстæ Сиримæ ацæуын æмæ боевиктимæ баиу уæвын.

БАИВТОЙ АМЫНÆТТЫ

Сирийы фараст адæймаджы баивтой хæстон къордты хайадисджытыл.

Амынæтты æмæ æбæрæгæй сæфт адæймæгты ссарыныл архайы сæрмагонд кусæгон къорд, кæцы арæзт æрцыд дыууæ азы размæ Астанайы сириаг бæстонкæнынады фæдыл дунеон фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ. Дыууæ мæймæ ацы операци у дыккаг, æрæджы амынæтæй сæрибар æрцыдысты 20 адæймаджы.

РАЦЫДЫСТЫ ЛИГЪДÆТТÆ

«Сирийы лигъдæтты лагерь «Рукбан»-æй иу мæймæ рацыдысты 4 мин лигъдонæй фылдæр», – фехъусын кодта Уæрæсейы хъахъхъæнынады управленийы национ центры хистæр Михаил Мизинцев. «23 мартæй райдайгæйæ, лагерæй раконд æцыдысты 4 мин 345 адæймаджы, кæцытæй 2 мин æмæ 300 адæймаджы æрцардысты Хомсы провинцийы рæстæгмæ-дарæн центрты», – загъта уый. Йæ ныхæстæм гæсгæ, антисанитари æмæ низты тæссаг уавæрты лагеры сты 40 мин лигъдоны, кæцытæн сæ 80 проценты сты сылгоймæгтæ æмæ сывæллæттæ. Лагеры уæззау гуманитарон уавæры тыххæй бæрндзинад хæссы Эт-Танфы зонæйы америкæйаг æфсæдты командæкæнынад, кæцы лигъдæтты лагермæ нæ уадзынц автобусты колоннæты сæ ракæныны тыххæй.

         РАЗМÆБЫРСТЫ ДЫККАГ ЭТАПЫ ТЫХХÆЙ

Маршал Халифа Хафтары ливиаг национ æфсад фехъусын кодта Триполмæ размæбырсты дыккаг этапы райдианы тыххæй. Хафтары æфсад райдыдта Триполмæ размæбырсты дыккаг этап фистæг æфсады тыхтæй спайда кæнгæйæ. Хафтары æфсады дæлхæйттæ контроль кæнынц горæттæ Гарьян æмæ Сурманыл, кæцытæ сты ливиаг столицæйы хуссарварс.

БАРТХЪИРÆН КОДТА ДЗУАППОН МАДЗÆЛТТÆЙ

Евроцæдис бартхъирæн кодта, Иугонд Штаттæм Кубæйы ныхмæ бакæнгæ санкциты тыххæй дзуаппон мадзæлттæ ист кæй æрцæудзысты, уый тыххæй. Кубæйы Евроцæдисы минæвар Альберто Наварро загъта, зæгъгæ, Сæрибары сакъадахы ныхмæ АИШ-ы экстерриториалон санкцитæн, кæцытæ бандавдзысты Евроцæдисы интерестыл, баконд æрцæудзысты дзуаппон мадзæлттæ. «Евроцæдис æнцад нæ лæудзæн. Мах фехъусын кодтам, зæгъгæ, уый у дунеон барады ныхмæ æмæ мах цæттæ стæм не ‘мбæстæгты æмæ инвесторты бахъахъхъæнынмæ æппæт гæнæнуæвæн фæрæзтæй», – загъта Наварро.

              ФÆФЫЛДÆР АМÆТТÆГТЫ НЫМÆЦ

Шри-Ланкайы теракты амæттæгты нымæц схызт 359 адæймаджы онг. Иу суткæмæ рынчындæтты амардысты 38 адæймаджы, кæцытæ хъыгдард баййæфтой теракты рæстæджы. Амæттæгты нымæцы сты 35 фæсарæйнаг æмбæстаджы, уыцы нымæцы Данийы иууыл хъæздыгдæр адæймаг Холч Повлсены æртæ сывæллоны. Шри-Ланкайы президент отставкæйы арвыста спецслужбæты сæргълæу-джыты. Куыд банысанчындæуыд, уымæ гæсгæ сæ  Индийы спецслужбæтæ фæдзæхстой  теракты тыххæй, æгæрыс-тæмæй сын загътой организаторты нæмттæ дæр, фæлæ уыдон ницахæм мадзæлттæ  райстой. Урæд æрцыдысты 100 адæймаджы бæрц, уыдонмæ зæрдæ фехсайдта  теракттæ сорганизаци кæнын æмæ саразыны.

АИШ-æн – ТУРЧЫ ДЗУАПП

Турчы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мевлют Чавушоглу фехъусын кодта, зæгъгæ сын АИШ куынæуал сразы уа фæндзæм фæлтæры куынæггæнæг хæдтæхджытæ F-35 сифтонг кæныныл, уæд ахæм къласы хæдтæхджытæ балхæндзысты æндæр бæстæйы. Ацы бонты дзыллон информацийы фæрæзты фæзынд информаци, зæгъгæ, Турк гæнæн ис америкæйаг машинæты баива уæрæсейаг Су-75.

АВТОАВАРИ

Боливийы автобус 300 метры бæрзæндæн былæй кæй ахаудта, уый фæстиуæгæн фæмард сты 17 адæймаджы. Автобусты хайадистæй аваритæ бæстæйы æрцæуы тынг арæх, кæцыйы аххосаг у транспортон фæрæзты æвзæр уавæр кæнæ та адæймагон фактор.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.