НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

Уæрæсе æмæ Туркы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган телефоны ныхас кæнгæйæ, æруынаффæ кодтой Ливи æмæ Сирийы уавæры тыххæй. Дыууæ раздзоджы банысан кодтой, зæгъгæ, сæ катайдзинад æвдисынц Ливийы уавæры тыххæй æмæ сты хæстон архайдтытæ æруромыны æмæ ныхмæлæууæг фæрсты ‘хсæн баныхæстæ сног кæныны æвварс. Афтæ ма уыдон банысан кодтой Сирийы конфликт æрбæстон кæныны фæдыл архайдтытæ фæактивондæр кæныны æнæмæнгхъæуындзинад, сæрмагондæй Астанайы форматы фæлгæтты.

ФÆЛВАРЫНЦ ФЕМБÆЛДЫ ФÆСТИУДЖЫТÆН ЗИАН ÆРХÆССЫНМÆ

Вашингтойнаг функционертæ «Концепции по противодействию злонамеренному влиянию Кремля»-йы руаджы тырнынц Владимир Путин æмæ Дональд Трампы фембæлды фæстæ Уæрæсе æмæ АИШ-ы ‘хсæн ахастыты снормалон кæнын ма бауадзынмæ, – уый тыххæй дзырдæуы Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады комментариты. Министрады банысан кодтой, зæгъгæ, Вашингтон фæнд кæны æндæр бæстæты се ‘ндæвдады бын бакæнынмæ, уыцы нымæцы Европæйæн америкæйаг зынаргъ æлхъывд газ æлхæнын кæнын сæхи коммерцион пайдайы тыххæй, сæ геополитикон хæстæ скъуыддзаг кæнгæйæ. Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады зæрдыл æрлæууын кодтой, зæгъгæ, Мæскуы иу æмæ дыууæ хатты нæ бафидар кодта æмбарады бындурыл Вашингтонимæ æмархайды фæдыл æргомдзинад дыууæ бæстæйы интерестæ хынцгæйæ.

ВЕНГРИЙЫ УЛЬТИМАТУМ

Венгрийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Петер Сийярто фехъусын кодта, зæгъгæ, НАТО-имæ Украинæйы интеграцийы ныхмæ нал рацæудзæн кæд æмæ уыдон ахуырады æмæ æвзаджы тыххæй закъæттæм бахæссой ивындзинæдтæ, уæд. Сийярто домы, зæгъгæ, Украинæйы цæрæг венгриæгтæн хъуамæ фадат уа сæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæнынæн. Украинæйы æвзаджы закъонмæ гæсгæ уыдонæн шанстæ нæй венгриаг æвзагæй паддзахадон управлениты пайда кæнынæн. Министр банысан кодта, зæгъгæ, ног ныфсытæ бæтты Украинæйы ног президент Владимир Зеленскиимæ.

РЕЗОЛЮЦИ САНКЦИТÆ АИВЫНЫ ТЫХХÆЙ

Словакийы национ советы депутат Петер Марчек ра-дзырдта, зæгъгæ, кусынц Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ аивыны ахсджиагдзинады тыххæй резолюцийыл. «Санкцитæ сæ нысанмæ нæ хæццæ кæнынц», – загъта Марчек. Уый банысан кодта, зæгъгæ, ныртæккæ Уæрæсейы ныхмæ санкцитæ аивын  æмæ уæрæсейаг фарсимæ ахастытæ æрнывыл кæныны тыххæй резолюци цæттæ у æмæ йæ æввахс рæстæджы бавдисдзысты бæстæйы парламентмæ æркæсынмæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, Уæрæсейы ныхмæ санкцион мадзæлттæ аивын у ахсджиаг, уымæн æмæ уыдонæй хъыгдард баййæфта Евроцæдисы экономикæ.

БАКОДТОЙ ЙЫЛ УГОЛОВОН ХЪУЫДДАГ

Украинæйы раздæры президент Петр Порошенкойыл бакодтой уголовон хъуыддаг, хыгъдæй 34 милуан доллары кæй систа, уый тыххæй. Украинæйы президенты администрацийы сæргълæууæджы раздæры фыццаг хæдивæг Андрей Портнов фехъусын кодта, зæгъгæ, фæдысгæрсты паддзахадон бюро кусы бæстæйы экс-президенты ныхмæ æхцатæ хи бакæныны тыххæй хъуыддагыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, фæстаг мæйы Порошенко дунеон инвестицион бангæй систа 34 милуан доллары.

НЫФС БАВÆРДТА ХÆС РАЗДАХЫНÆЙ

Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Александр Грушко фехъусын кодта, зæгъгæ, Уæрæсе Европæйы советæн бафиддзæн йæ хæс, куыддæр организацийы йæ бартæ сæндидзын кæна, афтæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæрæсейаг фарс ныридæгæн бафыста хæсы иу хай æмæ, зæгъ, ныртæккæ кусæм паддзахадон процедурæтæ рацæуыныл. Европæйы советы парламентон Ассамблеяйы Уæрæсе йе ‘ххæстбартæ фесæфта 2014 азы апрелы, Хъырым Уæрæсемæ кæй æрбаиу æмæ Донбассы хæст кæй райдыдта, уый аххосæй.

ХОРЗЫЛ БАНЫМАДТОЙ РЕЗОЛЮЦИ

Политикæ æмæ æдасдзинады фарстыты фæдыл ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблея хорзыл банымадта Хъырымы тыххæй Уæрæсейы ныхмæ резолюци. Йæ автор украинæйаг депутат Артур Герасимов Уæрæсейæ æрдомдта, цæмæй æрдæгсакъадахæн «нæ» зæгъа. Афтæ ма стæрхон кодта Керчы донкъубалы инциденты рæстæджы Мæскуыйы архайдтытæн. Уый размæ Украинæйы экс-президент Порошенко фехъусын кодта, зæгъгæ, Европæйы Советы Парламентон Ассамблеямæ Уæрæсейы æрбаздæхт у фыццаг къахдзæф Хъырымы Уæрæсейы территорийыл банымайыны фæдыл.

БАФÆНДЫД ÆЙ АХАСТЫТÆ РАЗДАХЫН

Гуырдзыстоны экономикæйы министр Натия Турнавайы ныфс ис, зæгъгæ, сæ къухты бафтдзæн Уæрæсеимæ прагматикон экономикон ахастытæ бахъахъхъæнын. Уый банысан кодта, зæгъгæ,  тынг ахсджиаг у, цæмæй уæрæсейæгтæ цæуой Гуырдзыстонмæ æрмæст уый тыххæй нæ æмæ уыдон семæ æхцатæ æрхæссынц. «Уæрæсейаг турист у уыцы адæймаг, кæцы хæссы раст, реалон информаци нæ бæстæйы тыххæй», – загъта уый.

ИРАНЫ УЛЬТИМАТУМ

Иран ультиматум сæвæрдта ядерон бадзырды бæстæтæн 60 бонмæ Тегераны домæнтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Ираны фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Аббас Аракчи фехъусын кодта, зæгъгæ, фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ æдасдзинады политикæйы фæ-дыл Евроцæдисы минæвар Федерика Могеринимæ фыс-тæджы фехъусынчындæуыд, алы 60 боны Тегеран бадзырды йæ хæстæ кæй фæкъаддæр кæны. Афтæ ма Аракчийы ныхæстæм гæсгæ, Иран райдайдзæн уран хъæздыг кæнын ядерон бадзырды сфидаргонд æмвæзадыл 8-æм июлæй.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ЯДЕРОН БАДЗЫРДЫ ТЫХХÆЙ

Франц æмæ Ираны президенттæ Эммануэль Макрон æмæ Хасан Роухани телефоны уынаффæ кодтой Иранимæ ядерон бадзырды алыварс уавæрыл. Дыууæ раздзоджы ба-дзырдтой сразыдзинады фæдыл баныхæстæ сног кæныны уавæртæ сахуыр кæныныл. Уыимæ Ираны нæ уырны,  ба-дзырды иннæ хайадисджытæн сæ бон суыдзæн АИШ-ы баныхæсты фынгмæ раздахынмæ, уый.

ФÆАХХОСДЖЫН КОДТА ТРАМПЫ

Германы раздæры канцлер Герхард Шредер фехъусын кодта, зæгъгæ, америкæйаг раздзог Дональд Трамп йе ‘мцæдисонты раз æрæвæры сæ уагахасты бæрæг уагæвæрдтæ, уымæй сæ дæлбар адæймæгтæ фестын кæнгæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Трамп тæссаг уымæй у, æмæ фæлвары алкæмæндæр политикæ æмæ экономикæйы фадыджы цы саразын хъæуы, уый бацамонын. «Æргомæй дзургæйæ, уый нысан кæны, зæгъгæ, Трампы партнертæ нæ хъæуы, фæлæ дæлбар адæймæгтæ», – банысан кодта Шредер. Уый ма загъта, зæгъгæ, АИШ-ы президент халы дунеон экономикон системæ «сæрибардзинад æмæ базарадон экономикæйы тырысайы бын». Германы экс-канцлер æрсидт Европæмæ æрбаиу уæвынмæ, цæмæй ма суой «æртыккаг къласы» бæстæ, АИШ æмæ Китай сæ позицитæ куы фидар кæнынц, уыцы рæстæджы.

ХЪÆУЫ БАНЫМАД АИВЫН

ЕÆÆО-йы Уæрæсемæ бахатыдысты Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад аивыны тыххæй. Уæрæсе хъуамæ аива Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинады банымад, – дзырдæуы политикæ æмæ æдасдзинады фарстыты фæдыл ЕÆÆО-йы Парламентон ассамблейы резолюцийы. «Уæрæсе соккупаци кодта гуырдзиаг территоритæ æмæ фактон æгъдауæй фæлвæрдта аннекси ауадзынмæ», – дзырдæуы резолюцийы. Проекты æвварс рахæцыдысты 50 делегаты, фондзæй рацыдысты йæ ныхмæ æмæ фараст делегаты та сæхиуыл фæхæцыдысты.

ХУССАР ИРЫСТОН ÆМÆ АБХАЗЫ СУВЕРЕНИТЕТМÆ НИЧИ БАВНАЛДЗÆН

Дунеон хъуыддæгты фæдыл УФ-йы Федерацийы советы комитеты сæрдары хæдивæг Владимир Джабаров фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы суверенитет баззайдзæн æнæвнæлдæй. Уым алцыдæр уагъд æрцыд ИНО-йы фыццаг уставмæ гæсгæ  алы адæмæн дæр бар ис хæдуагæвæрды бар райсынæн. Ацы республикæтæ сты хæдбар æмæ сæ гуырдзиæгтæ «рæстæгмæ оккупацигондыл» кæй нымайынц, уый ницы скъуыддзаг кæны, – банысан кодта сенатор. Уый ма загъта, зæгъгæ, гуырдзиаг фарс гæнæн ис «цы йæ фæнды, ууыл хъуыды кæна», фæлæ уымæй хæдбар республикæтæ Гуырдзыстоны скондмæ не ‘рбаздæхдзысты. Уымæй дарддæр ма, Джабаров ЕÆÆО-йы резолюци схуыдта «æнæдемократон æмæ тыхæй æрымысгæ».

БАБÆРÆГ КОДТОЙ ДОНБАСС

Украинæйы президент Владимир Зеленский æмæ Европæйы Советы сæргълæууæг Дональд Туск бацыдысты Луганскы станицæмæ. Семæ ма уыд Украинæйы гарзджын тыхты сæйраг командæгæнæг Руслан Хомчак, афтæхуыйнæг иугонд тыхты операцийыл командæгæнæг Александр Сирский, афтæ ма Украинæйы арæнхъахъхъæнæнæг службæйы сæрдар Сергей Дайнеко. Сæ балцы рæстæджы Зеленский æмæ Туск базонгæ сты ацы районы уавæримæ. Уымæй дарддæр ма ссардтой фæмардуæвæг украинæйаг хæстонты ном номарæн нысаныл дидинджытæ сæвæргæйæ.

ТЕРАКТ

Афганистаны скæсæн хайы горæт Газнийы арæзт æрцыд теракт. Срæмыгъды фæстиуæгæн фæмард сты 12 адæймаджы æмæ 179 та хъыгдард баййæфтой. Инциденты тыххæй йæхимæ бæрндзинад райста радикалон змæлд «Талибан».

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.