НЫХАС КОДТОЙ СИРИЙЫ УАВÆРЫЛ

Уæрæсе æмæ Туркы президенттæ Владимир Путин æмæ Реджеп Тайип Эрдоган телефоны ныхас кæнгæйæ æруынаффæ кодтой Сирийы уавæрыл. Уыдон банысан кодтой Идлибы провинцийы стабилизацийы нысæнттæн иумиаг куыст фæтыхджындæр кæныны ахсджиагдзинад, уыцы нымæцы террористон къордты куынæг кæныны фæдыл эффективон мадзæлттæ райсыны тыххæй дæр. Афтæ ма уыдон ныхас кодтой къорд дыууæварсон темæйыл, уыцы нымæцы æфсæддон-техникон æмгуыстадыл дæр.

ЮБИЛЕЙОН РАБАДТ

Казахстаны столицæ Нур-Султаны фæцис Евразийаг экономикон цæдисы бæстæты-уæнгты Уæлдæр Евразиаг экономикон цæдисы Уæлдæр Евразиаг экономикон советы юбилейон рабадт хъусдарджыты æмæ цытджын уазджыты хайадистæй. Рабадты сæйраг документ ссис Уæлдæр Евразиаг экономикон советы уæнгты иумиаг хъусынгæнинаг фондз азы дæргъы цæдисы æнтыстыты тыххæй. Паддзахадты сæргъ-лæуджытæ сæ къухтæ æрфыстой 20 бадзырдыл, кæцытæ баст сты иумиаг электроэнергетикон базар саразын, товарты æрзылды механизмтыл, афтæ ма Цæдисы тыххæй бадзырдмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй суагъæимæ. УФ-йы президент Владимир Путин рахæцыд Евразиаг экономикон цæдисы бæстæтæн иугонд пенси саразыны идеяйы æвварс. Белорусийы президент Лукашенко та загъта, Цæдисмæ æндæр бæстæты æрбаиу кæныны уавæрты тыххæй.

БАЙГОМ УАДЗÆН ПУНКТ

Хамайы провинцийы 27-æм майы райдыдта кусын деэскалацийы зонæйæ сабыр цæрджыты уадзæн пункт «Суран». Уый размæ куыд хъусын кодтой, уымæ гæсгæ Сирийы хицауад бацæттæ кодта дыууæ уадзæн пункты деэскалацийы зонæйæ лигъдæтты рацыд сифтонг кæныны тыххæй.

СКУЫНÆГ КОДТОЙ БОЕВИКТЫ

Сирийаг æфсæддонтæ скуынæг кодтой 100 боевикы бæрц æмæ техникæйы цалдæр иуæджы Хамайы провинцийы цæгат хайы террористон къорд «Хайат Тахрир аш-Шам»-ы террористты атакæйæн ныхкъуырд радтыны рæстæджы. Сирийы хица-уадон тыхты позицитæм æрбабырсыны хайад истой 450 боевикы, авд танкы, фистæг æфсады фондз хæстон машинæйы,  егъаукалиброн пулеметтимæ 12 автомобилы.

ÆНÆУУÆНЧЫ ВОТУМ

Австрийы Парламенты дæллаг палатæ экстренон рабадты æнæууæнчы вотум рахаста бæстæйы канцлер Себастьян Курцæн æмæ цы хицауады сæргъ лæууы, уымæн. Курц æмæ йæ министртæ рæстæгмæ адарддæр кæндзысты сæ хæстæ æххæст кæнын.

ÆРСИДТ ДЕФОЛТ РАСИДЫНМÆ

Украинæйаг бизнесмен Игорь Коломойский æрсидт Украи-нæйы ног президент Владимир Зеленскимæ, цæмæй расида дефолт æддагон хæсты тыххæй. «Мæ хъуыдымæ гæсгæ, мах дæр нæ кредитортимæ хъуамæ саразæм, Грецийы куыд сарæзтой, афтæ… Уый у цæвиттон Украинæйæн», – загъта уый. Афтæ ма бизнесмен банысан кодта, зæгъгæ, Украинæйы ног президент дæр ныгуылæйнаг бæстæтæм куы хъуса, уæд уымæ дæр æнхъæлмæ кæсы Порошенкойы хъысмæт.

БАКОДТОЙ ЙЫЛ ФÆНДЗÆМ УГОЛОВОН ХЪУЫДДАГ

Украинæйы фæдæвзарæн паддзахадон бюро фæндзæм уголовон хъуыддаг бакодта бæстæйы раздæры президент Петр Порошенкомæ ахасты. Ног уголовон хъуыддаг хауы паддзахады раздæры сæргълæууæг æнæзакъонæй телеканал «Прямой» йæхи кæй бакодта, уымæ.

БАБÆРÆГ КОДТА ДОНБАССЫ

Украинæйы президент Владимир Зеленский фыццаг хатт бабæрæг кодта Донбассы, паддзахады сæргълæууæджы бынаты кусгæйæ. «Паддзахады сæргълæууæг ныхас кодта хæстонтимæ сæ цардуагон уавæрты, хæлцадон продукты гъæды, техникæ, цæрæнуат æмæ социалон пакетты ифтонгады, дæлхæйтты комплекткæнынады тыххæй.  Зеленский федта Луганскы æмæ Счастьейы цæрæн пунктты æфсæддонты позицитæ, афтæ ма байхъуыста Донбассы тыхон операцийы командиры докладмæ дæр.

БАСАСТ КОСОВОЙЫ КÆЙ ФЕСÆФТОЙ, УУЫЛ

Сербийы сæргълæууæг Александр Вучич бæстæйы парламенты йæ раныхасы рæстæджы фехъусын кодта, зæгъгæ, Белград хъуамæ басæтта, Косовойы уавæрыл кæй нал контроль кæны, ууыл. Бæстæ хъуамæ ацæуа «замороженный» конфликт бахъахъхъæныны фæндаджы фæдыл, кæнæ та Косовоимæ контакттæ рæзын кæнын райдайыны фæндагыл. Ахæм равзæрст хъуамæ сараза сербиаг хицауад, – фехъусын кодта Вучич. Йæ ныхæстæм гæсгæ, президент йæхæдæг у ахастытæ фæхуыздæр кæныны æвварс.

РАЗДÆХТА ЙЫН УКРАИНÆЙАГ ÆМБÆСТАГДЗИНАД

Украинæйы президент Владимир Зеленский йæ къух æрфыста барамындыл Михаил Саакашвилийæн украинæйаг æмбæстагдзинад фæстæмæ раздахыны тыххæй. «Бузныг президент Зеленскийæн! Кад – Украинæйæн! Æз æрæмысыдтæн Украинæйы æмæ райсом тæхын Киевмæ», –  ныффыста Са-акашвили «Фейсбукы» украинæйаг æмæ уырыссаг æвзæгтыл.

«СЕВЕРНЫЙ ПОТОК -2»-ЙЫ ТЫХХÆЙ

Чехийы президент Милош Земан комментаритæ сарæзта «Северный поток -2»-йы тыххæй. «Газуадзæны арæзтады реализаци æмбæлон у Чехийы интерестæн. АИШ-æй æлхъывд газы импорт экономикон æгъдауæй нысанмæздæхт нæу нæ бæстæйæн. Уымæн йæ аргъ 30 проценты фылдæр у уæрæсейаг газæй. Æз нæ уынын ницахæм аххосæгтæ «нæ фæсденджызон стыр æфсымæр проекты ныхмæ цæмæн у, уый тыххæй», – загъта уый.

КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ ФÆНДАГОН КАРТÆЙЫЛ

Уæрæсе æмæ Узбекистан сæ къухтæ æрфыстой 16 документыл дыууæ бæстæйы хицауадты сæргълæуджыты æмвæзадыл иумиаг къамисы рабадты хатдзæгтæм гæсгæ. Уæрæсе æмæ Узбекистаны премьертæ Дмитрий Медведев æмæ Абдулла Арипов сæрмагондæй сæ къухтæ æрфыстой иумиаг коммюникейыл. Афтæ ма сæ хайадистæй къухтæ фыст æрцыдысты кæрæдзийы ахуырад банымайыны тыххæй æхсæнхицауадон сразыдзинадыл. Къорд министрады сæ къухтæ æрфыстой цалдæр фæндагон картæйыл 2019-2020 азты астæуккагæмгъуыдон перспективæйы хъæууон хæдзарады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, текстилон фадгуыты дыууæварсон æмгуыстад фæактивондæр кæныны тыххæй.

БАЦЫРЫН СÆ КОДТА

Донбассы Украинæйы ног президент Владимир Зеленский куы бабæрæг кодта, уый фæстæ ацы бæстæйы гарзджын тыхтæ тыхджындæр æхсын райдыдтой ополченейы контролы бын цы цæрæн пункттæ ис, уыдоны. Украинæйаг æфсæд-донтæ аскъуыддзаг кодтой сæхи ног сæйраг командæгæнæджы раз равдисын. Æхстыты фæстиуæгæн хъыгдард баййæфтой аст хæдзары. Горловкайы фæцæф 70 аздзыд сылгоймаг.

СИУ КОДТОЙ ХИДЫ ДЫУУÆ ХАЙЫ

Аразджытæ цытджын æгъдауæй сиу кодтой цæугæдон Амуры сæрты цæуæг хиды дыууæ хайы, кæцы цæуы Благовещенскæй китайаг горæт Хэйхэмæ. Церемонийы хайад райстой вице-премьер, Дард Хурскæсæны федералон зылды президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Трутнев æмæ УФ-йы скæсæны рæзты министрады сæгълæууæг Александр Козлов.

АВТОАВАРИ

Серьезон фæдагон-транспортон цау æрцыд Мексикæйы, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 23 адæймаджы. Уæзласæн машинæ сæмбæлд автобусыл. Машинæтæ кæрæдзийыл куы сæмбæлдысты, уый фæстæ дыууæ дæр ссыгъдысты.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.