НЫХАС КОДТОЙ ТЕЛЕФОНЫ

УФ-йы Президент Владимир Путин телефоны ныхас кодта йæ фæсарæйнаг коллегæтимæ. Туркменистаны президент Гурбангулы Бердымухамедовимæ ныхас кæнгæйæ, дзырд цыдис партнердзинад æмæ базарадон æмгуыстад сфидардæр кæныны æмæ æхсæнрегионалон бастдзинæдты рæзты тыххæй. Узбекистаны сæргълæууæг Шавкат Мирзиеевимæ ныхасы рæстæджы дыууæ лидеры адарддæр кодтой Æмгуыстады Шанхайаг организацийы саммиты фæлгæтты фембæлды рæстæджы райдайгæ ныхас. Афтæ ма Путин телефоны ныхас кодта Таджикистаны президент Эмомали Рахмонимæ. Уæрæсейаг лидер арфæ ракодта Рахмонæн Душанбейы уагъдæрцæуæг Азийы æмархайды æмæ æууæнкдзинады мадзæлтты фæдыл саммит æнтыстджынæй организаци кæй æрцыд, уый тыххæй.

РАЙСТОЙ ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

УФ-йы Паддзахадон Думæ æмхъæлæсæй райста президентон закъоны проект астæуккаг æмæ къаддæр дæрддзæджы ракетæтæ сликвидаци кæныны тыххæй Уæрæсе æмæ АИШ-ы ‘хсæн Бадзырд æруромыны тыххæй. Владимир Путин марты мæйы йæ къух æрфыста Барамындыл ацы Бадзырд æруромыны тыххæй. Æмæ ныр ацы уынаффæ фидар æрцыд федералон закъонæй. Президенты инициативæйы æвварс рахæцыдысты æппæт фракцитæ дæр.

УЫНАФФÆ КОДТОЙ ÆДАСДЗИНАДЫ ФАРСТЫТЫЛ

УФ-йы Æдасдзинады советы секретарь Николай Патрушев Мæскуыйы фембæлд Венесуэлæйы национ хъахъхъæнынады советы генералон секретарь Паскуалино Анхиопильо Фернандесимæ. Уыдон æруынаффæ кодтой æдасдзинады фадыджы уæрæсейаг-венесуэлæйаг æмархайды перспективæтыл, фыццаг рады мидполитикон стабилондзинад æмæ информацион æдасдзинад сифтонг кæныны къабазы.

КОЛЛЕГÆТЫ БАНЫХÆСТÆ

УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавров фехъусын кодта, зæгъгæ, Хуссар Кореяйы æддаг-ведомствойы сæргълæууæг Кан Ген Хваимæ æруынаффæ кодта дыууæ бæстæйы кæрæдзийы инвестицитæ бахъахъхъæнын æмæ фæфылдæр кæныны тыххæй. Дыууæ коллегæйы банысан кодтой Уæрæсе æмæ Хуссар Кореяйы ‘хсæн базарадон-экономикон æмархайды интенсивон рæзт.

РАЙСДЗЫСТЫ ЛАЗЕРОН ХÆЦÆНГАРЗ

УФ-йы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу фехъусын кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы Уæрæсейы гарзджын тыхтæ райсдзысты ног хæцæнгарз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ног хæцæнгарзы бындуры æвæрд сты лазерон энерги æмæ гиперзæлон технологитæ. Шойгу банысан кодта, зæгъгæ, ацы хæцæнгарзы фыццаг хуызтæ ныридæгæн сты æфсæддон радгæсады. Уый размæ Шойгу фæндон бахаста ног хæстон теори бакусыны тыххæй. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, нырыккон хæстытæ домынц ног ахастытæ, уымæн æмæ хæстон архайдтытæ тагъдцæуаг сты, æмæ рæдыдтытæ раст кæнынæн та арæх рæстæг нæ вæййы.

ÆДАСДЗИНАДЫ СТРУКТУРÆТЫ МИНÆВÆРТТЫ ФЕМБÆЛД

Уфайы уагъд цæуы æдасдзинады структурæты минæвæртты 10-æм фембæлд, цыран хайад исынц 117 бæстæйæ фылдæры минæвæрттæ. УФ-йы Æдасдзинады советы секретарь Николай Патрушев фехъусын кодта, зæгъгæ, уæвынад кæнынц национ æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл бирæ тæссагдзинæдтæ. Фембæлды Китайы делегаци уыд иууыл стырдæр  50 адæймаджы æмæ 10 журналисты. Организаци æрцыд хæцæнгарзы ногдæр хуызты равдыст. Уæлдай цымыдисдзинад сæвзæрын кодта концерн «Калашников»-ы стенд.

БАДЗЫРДТОЙ ЭНЕРГЕТИКÆЙЫ ФАДЫДЖЫ ÆМГУЫСТАДЫ ТЫХХÆЙ

Уæрæсе æмæ Иран ауагътой энергетикон фадыджы æмгуыстады фæдыл иумиаг кусæгон къорды рабадт. Къорды рабадт уагъд æрцыд базарадон-экономикон æмгуыстады фæдыл уæрæсейаг-ирайнаг æхсæнхицауадон къамисы фынддæсæм фембæлды хæдразмæ. Мадзалы фæстиу-джытæм гæсгæ къухтæ фыст æрцыдысты æмбæлон суагъæйыл.

ВЫШИНСКИЙЫ ТЫХХÆЙ

Информацион политикæйы фæдыл УФ-йы Федерацийы советы къамисы сæрдар Алексей Пушков фехъусын кодта, зæгъгæ, ЕÆÆО-йы генералон секретарь Томас Гремингер æмбары, информацион агентад «Новости Украина»-йы порталы къухдариуæггæнæг Кирилл Вышинскийы ссæрибар кæнын, гæнæн ис бандава уæрæсейаг-украинæйаг ахастыты иумиаг уавæрыл. Сенаторы ныхæстæм гæсгæ, Томас Гремингеримæ ныхас кæныны рæстæджы уый уæлдай хъусдард аздæхта уымæ, зæгъгæ, ныртæккæ баныхæстæ уагъд цæуынц дыууæ бæстæйы омбудсменты ‘хсæн дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр уыцы адæмы ссæрибар кæныны тыххæй, кæцытæ бадынц Уæрæсе æмæ Украинæйы ахæстæтты.

ЗЕЛЕНСКИЙЫ ЕВРОПÆЙАГ ТУРНЕ

Украинæйы президент Владимир Зеленский фыццаг хатт президенты бынаты кусгæйæ æрцыд Францмæ. Уый Парижы фембæлд Эммануэль Макронимæ. Зеленский фæнд кæны ног украинæйаг æддагон политикæ саразын. Уымæ гæсгæ Брюсселы фæстæ дыккаг фæсарæйнаг визиты нысан сты дыууæ ахсджиагдæр европæйаг столицæтæ – Париж æмæ Берлин. Францæй Зеленский ацыд Германмæ, цыран Берлины фембæлд бæстæйы канцлер Ангела Меркелимæ. Францы дæр æмæ Германы дæр Зеленский фыццаг хатт банкъардта, æддагон политикæ æвзæрстытæй хъауджыдæр, къухты афтæ æнцонтæй кæй не ‘фты.

УКРАИНÆЙÆН РАХИЦÆН КÆНДЗЫСТЫ 250 МИЛУАН ДОЛЛАРЫ

Иугонд Штаттæ Украинæйæн рахицæн кæндзысты 250 милуан доллары национ æдасдзинад æмæ хъахъхъæнынад фæтыхджындæр кæныны нысанæн. АИШ-ы хъахъхъæнынады министрады структурæтæ ныридæгæн райдыдтой процедурæтæ хъахъхъæнынадон секторы хæцæнгæрзтæ сифтонг кæнынæн контракттæ саразыны тыххæй.

ÆФСÆДДОНТЫ ÆРВИТЫНЦ ÆВВАХС ХУРСКÆСÆНМÆ

1000 æфсæддоны бæрц дислокацигонд æрцæудзысты Æввахс Хурскæсæны «хъахъхъæнынадон нысæнттæн», – фехъусын кодтой Пентагоны. Иранимæ йæ ахастытæ куы фæкарздæр сты, уæд АИШ-ы администраци ногæй америкæйаг æфсæдты уæлæмхас контингент æрвиты регионмæ.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.