БÆСТÆЙЫ ХЪЫСМÆТЫЛ ТЫХСЫНЦ, ÆВИ…

25-æм марты АИШ-ы президент Дональд Трамп Голаны бæрзæндты официалонæй банымадта Израилы хайыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ рæстæг æрцыд ахæм къахдзæф саразынæн.

АИШ сæхи банымадтой дунейы бæстæты хъысмæт скъуыддзаггæнæгыл æмæ искæцы бæстæйы сæргълæууæг куынæ сразы вæййы сæ домæнтæ сæххæст кæныныл, уæд йæ ныхмæ растын кæнынц се ‘мцæдисонты дæр æмæ афтæмæй сызмæнтынц бæстæйы адæмы цард. Иугонд Штаттæ дунейы цал бæстæйы адæмы цард схæццæ кодтой, уыдонæй алкæйы кой нæ кæндзыстæм. Фаг сты Венесуэллæ, Сири æмæ Палестинæйы ныхмæ цы архайдтытæ аразы, уыдон дæр.

Сирийæн Уæрæсе куынæ баххуыс кодтаид террористон къордты скуынæг кæнынæн æмæ Иугонд Штатты ныхмæ фæлæууынæн, уæд абон йæ хъысмæт бæлиццаг нæ уыдаид. Уымæн æмæ АИШ-ы тынг фæндыд Сирийы президент Башар Асады раппарын æмæ афтæмæй бæстæйы адæмы цард зындон фестын кæнын, фæлæ сæ фæндæй ницы рауад, Уæрæсе æфсымæрон бæстæмæ æххуысмæ кæй фæзынд, уымæ гæсгæ.

Уæдæ диссагыл дис ничиуал кæны, æндæра дæхи кæцыдæр бæстæйы царды схæццæ кæн æмæ бафæлвар, адæм æвзæрстыты сæхицæн президентæй кæй равзæрстой, уыцы адæймаджы раппарынмæ, паддзахадон фæфæлдæхт саразыны руаджы. Венесуэлæйы цæрджытæ дыккаг æмгъуыдмæ сæхицæн президентæй сæвзæрстой Николас Мадуройы, фæлæ уый Иугонд Штатты къухдариуæгады зондыл кæй нæ цæуы, фæсдзæ-уинæй сын кæй не ‘рлæууыд, уымæ гæсгæ бахъавыдысты йæ раппарынмæ, оппозицион лидер Хуан Гуайдойы рæстæгмæйон президентæй банымайгæйæ. Æгæрыстæмæй ма Гуайдойы ацы бонты Венесуэлæйы президенты хæстæ æххæстгæнгæй  банымадта  Европарламент  дæр…

ГОЛАНЫ БÆРЗÆНДТЫ ИЗРАИЛЫ СУВЕРЕНИТЕТ БАНЫМАЙЫН ФЫЦЦАГ ПРЕЦЕДЕНТ НÆУ

«52 азы фæстæ Иугонд Штаттæн æрбалæууыд рæстæг Голаны бæрзæндты æххæстæй Израилы суверенитет банымайыны тыххæй, кæцытæн ис стратегион нысаниуæг, афтæ ма йын ис Паддзахад Израилы æдасдзинад æмæ регионы стабилондзинады ахсджиагдзинад», – дзырдæуы йæ уынаффæйы  америкæйаг президентæн. Уый бынтондæр айрох, дунеон банымадмæ гæсгæ Голаны бæрзæндтæ Сирийы территори, кæй сты, уый. Уымæ гæсгæ Бæрзæндты Израилы территорийы хайыл АИШ-ы иуварсон банымадæн иумиагæй ницы ис дунеон барадон нормæтимæ. АИШ-ы ахæм æнахуыр къахдзæф дисау хъуамæ фæкæсит Украинæмæ. Уымæн æмæ 5 азы размæ Хъырым Уæрæсемæ фæстæмæ кæй æрбаздæхт, уыцы цауы АИШ банымадтой аннексийыл. Ныр уыдон сæхæдæг, Израиль æндæр бæстæйы территори кæй оккупаци кæны, уый банымадтой хорзыл. Æниу, уый фыццаг прецендент нæу, Трампы администраци ахæм быцæутæ Израилы пайдайæн куы аразы. 2018 азы Урс хæдзар  Иерусалимы банымадта Израилы столицæйыл æмæ йæ минæварад Тель-Авивæй рахаста Иерусалиммæ, кæцыйы скæсæйнаг хай Тель-Авив тыхæй кæддæр байста Палестинæйæ. Трампы уыцы æнæраст къахдзæф дунейы бирæ бæстæтæм расайын кодта æнæразыдзинад. Фæлæ Голаны бæрзæндты ныртæккæйы цауы, æгæрыстæмæй, ныгуылæйнаг дзыллон информацийы фæрæзтæ дæр, абарстой Хъырымы уавæримæ æмæ америкæйæгты аххосджын кæнынц дывæр стандартты.

ГОЛАНЫ БÆРЗÆНДТЫ ИСТОРИЙÆ

Голаны бæрзæндтæ сты бæрзонд уæлвæз бынаты цыппар паддзахады – Израиль, Сири, Ли-ван æмæ Иорданийы арæнтыл. Ацы бæрзæндтыл чи къухдариуæгад кæна, уымæн фадат уыдзæн ацы бæстæты зынгæ территорийыл контроль кæнынæн. Голантæ æнусты дæргъы уыдысты хъаугъайы бæрзæндтæ æмæ цыдысты иу паддзахады къухтæй иннæмæ. Цалынмæ 1944 азы Сири хæдбардзинад нæ расидт, уæдмæ бæрзæндтæ уыдысты Франц æмæ Стырбританийы. Уый фæстæ систы Сирийы территори. Бæрзæндтæн ис стратегион нысаниуæг. Уым равæрд уыд сирийаг артиллери æмæ бæстæйы хъахъхъæдта Израилы агрессийæ. 1967 азы æхсæзбонон хæсты рæстæджы израилаг дæлхæйттæ фæстæмæ аппæрстой сирийаг æфсæдты æмæ соккупаци кодтой бæрзæндты. Оккупацийы фæстæ Израиль фæсырдта сирийаг цæрджыты. Провинцийы центр Эль-Кунейтрайы афтæ тынг ныппырх кодтой æмæ ИНО-йы генералон секретары сæрмагонд минæвар Горан Гюссины бахъуыд фехъусын кæнын, зæгъгæ, горæты ныппырх кæныны бæрндзинад хæссынц израилаг салдаттæ. Лигъдæтты хъуыддæгты фæдыл ИНО-йы комитет та фехъусын кодта, зæгъгæ, цалынмæ нæ ацыдысты, уæдмæ израилæгтæ бульдозер æмæ динамиты руаджы зæххимæ сæмвæз кодтой горæты.

1974 азы Израиль формалонæй Сирийæн раздæхта Голаны бæрзæндты, фæлæ та сæ 1981 азы Израиль ногæй бацахста, цыран баззадысты цалдæр мин сирийаджы. Голаны бæрзæндтæ сты экономион æгъдауæй хæрзвадат район. Уым уа-дзынц Израилы минералон дæтты 50 проценты,  нуазыны доны 30%, афтæ ма æппæт сæнты зынгæ хай дæр, уыцы нымæцы экспортон сæнты 40 проценты, 30 – 50 проценты онг дыргъты æмæ халсарты хицæн хуызтæ. Æрвылаз дæр регионмæ бацæуынц 2 милуан туристы. Цæугæ-дæттæ бæстæйы донæй нæ ифтонг кæнынц. Израилы куыд нысан кæнынц, уымæ гæсгæ, Голаны бæрзæндты Сирийæн радтын баст уаид Кинереты донæ-мбырдгæнæн бассейны 70 проценты фесафынимæ, кæцы Израилы æркæндзæн экологон катастрофæ æмæ доны хъуагдзинадмæ.

Номхуындæй, Голаны бæрзæндты тыххæй Израиль æмæ Сири абоны онг дæр сты хæсты уа-вæры. Израилаг оккупацийы рæстæджы ацы территорийæ ацыдысты 100 мин пысылмонæй фылдæр, æмæ ма дзы чи баззад уыдон та нæ разы кæнынц Израилы æмбæстагдзинад райсыныл. Сирийы æмбæстагон хæсты рæстæджы Дамаск фесæфта скæсæйнаг Голанты, растадонтæпысылмæттæ бынат кæй бацахстой, уымæ гæсгæ. Фæлæ Уæрæсейы руаджы Сирийæн йæ бон ссис бæрзæндты скæсæйнаг хайыл контроль раздахын. Растдæр, уымæн банымадта æвæстиатæй Трамп бæрзæндтыл Израилы суверенитет.

ЙÆ НЫХМÆ РАЦЫДЫСТЫ ЙЕ ‘МЦÆДИСОНТÆ ДÆР

Иугонд Штаттæ Голаны бæрзæндтыл Израилы суверенитет кæй банымадта, уымæй нæ фæ-ивта дунеон æмæхсæнады позици. Æгæрыс-тæмæй, Трампы ацы уынаффæйы ныхмæ рацыдысты йе ‘ввахсдæр æмцæдисонтæ  Канадæ, Стырбритани, афтæ ма Франц æмæ Герман дæр. Дамаскы домæнмæ гæсгæ уагъд æрцыд ИНО-ы Æдасдзинады советы рабадт, цыран Трампы уынаффæйы ныхмæ рацыдысты æмхуызонæй Израилæй дарддæр. Туркы президент Эрдоган дæр скритикæ кодта Трампы уынаффæйы æмæ банысан кодта, зæгъгæ, АИШ-ы президенты бафæндыд Израилы премьер-министрæн æвзæрстыты размæ сыгъзæрин тæбæгъыл лæвар бахæссын – Голаны бæрзæндтыл йæ бæстæйы суверенитет банымайын. ИНО-йы Генералон секретарь Антониу Гутерреш куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ Трампы хъусынгæнинаг нæ фæивта Голаны бæрзæндты статусы  фæдыл ИНО-йы позици.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.