СÆ КЪУХТÆ ÆРФЫСТОЙ МЕМОРАНДУМЫЛ

Италийы вице-премьер Луиджи Ди Майо æмæ Китайы паддзахадон комитеты сæрдар Хэ Лифэн сæ къухтæ æрфыстой меморандумыл китайаг инициативæ «Один пояс  один путь»-ы фæлгæтты кæрæдзиæмбарынады тыххæй. Меморандумы фæлгæтты дыууæ бæстæйы ныфс бавæрдтой автомобилон æмæ æфсæнвæндæгты, хидты, æмбæстагон авиаци, порттæ, энергетикæйы фадыджы рæзты æмгуыст кæныны тыххæй. Китаимæ Италийы æмгуыстады фæндон катайдзинад расайдта Иугонд Штаттæ æмæ Евроцæдисмæ, уымæн æмæ проект «Один пояс-один путь»-ы хайадист Китайæн фадат дæтты инфраструктурæйы ахæм сектортæм бацæуынæн, куыд телекоммуникацитæ æмæ порттæ.

ТРАМПÆН НИЦЫ БАСТДЗИНÆДТÆ УЫД УÆРÆСЕИМÆ

АИШ-ы генералон прокурор æмæ юстицийы министр Уильям Барр Конгрессмæ æрбавдыста америкæйаг спецпрокурор Роберт Мюллеры доклад 2016 азы æвзæрстыты Уæрæсе йæхи схæццæ кодта æви нæ, уый тыххæй. Мюллеры командæ докладыл куыста 22 мæйы дæргъы. Мюллер не сбæрæг кодта Трампы штаб кæнæ Трамп йæхæдæг Уæрæсеимæ бадзырдта, уый. Трамп уый размæ бирæ хæттыты загъта, зæгъгæ, йæ командæйæн кæй ницы бастдзинад уыд Уæрæсеимæ.

УЫДЗÆН БРЕКЗИТЦЫ ФÆДЫЛ ХЪÆЛÆСÆППÆРСТ

Ацы бонты бритайнаг парламенты уыдзæн хъæлæсæп-пæрст брекзиты фæдыл. Кæд бритайнаг депутаттæ рахæцой бадзырды æвварс, уæд Стырбритани Евроцæдисæй рахиздзæн 22 майы. Кæд йæ ныхмæ схъæлæс кæной, уæд 12 апрелы онг Мэй хъуамæ аскъуыддзаг кæна, дарддæр цаутæ куыд рæздзысты, уый тыххæй.

ЙÆ ТЫХЫ БАЦЫД ЗАКЪОН

Казахастаны столицæ нырæй фæстæмæ официалонæй хуыйны Нур-Султан.Уый фæдыл 23 марты Казахстаны президент Касым-Жомарт Токаев йæ къух æрфыста закъоныл, бæстæйы конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй. Райдианы горæт, кæцыйæн бындур æвæрд æрцыд 1830 азы хуынд Акмолинск. 1961 азы ивд æрцыд Целиноградмæ. 1992-1997 азты горæт хуынд Акмола. 1997 азы декабры Казахастаны столицæ Назарбаевы инициативæйæ хаст æрцыд Алма-Атайæ Акмоламæ, кæцыйы ном 1998 азы майы мæйы ивд æрцыд Астанамæ.

КАРЗÆЙ ТÆРХОН КÆНЫНЦ

Сирийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад цæхгæр æвзæрыл банымадта АИШ-ы президент Дональд Трампы хъусынгæнинаг, кæцы фæндон бахаста Голаны бæрзæндтыл Израилы æххæст суверенитет банымайыны тыххæй. «Иугонд Штаттæ сæ политикæ, гегемони æмæ стырзæрдæдзинадимæ, систы дунеон аренæйы æндыгъддзинады сæйраг фактор æмæ дунеон сабырдзинад æмæ стабилондзинады тæссагдзинад», – дзырдæуы Сирийы фæсарæйнаг хъуыд-дæгты министрады тексты. Голаны бæрзæндтæ сты Æввахс Хурскæсæны  быцæуаг территори, кæцыйы фылдæр хайыл контроль кæны Израиль, æмæ скæсæйнаг хайыл та – Сири. Дыууæ бæстæ дæр Голаны бæрзæндты нымайынц сæхи территорийыл.

УРÆД ÆРЦЫД

Афтæхуыйнæг Венесуэлæйы «президент» Хуан Гуайдойы секретарь Роберто Марреро урæд æцыд, террористон къорды хайад исыны æмæ теракттæ саразыны йæм зæрдæ кæй фехсайдта, уымæ гæсгæ, – фехъусын кодта Венесуэлæйы мидхъуыддæгты министр Нестор Ревероль. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 49 аздзыд Марреро комкоммæ бæрндзинад хæссы фыдракæндон къордты сорганизаци кæныны тыххæй. «Махæн радон хатт нæ къухты бафтыд террористон къорды сликвидаци кæнын, кæцы план кодта атакæтæ политикон лидертæ, æфсæддонтæ æмæ тæрхонгæнджытыл, афтæ ма стратегион объектты саботаж Колумби æмæ Централон Америкæйæ баххуырсгæ адæймæгты хайадистæй», – загъта Ревероль.

АИВТА НОГ САНКЦИТЫ

АИШ-ы президент Дональд Трамп фехъусын кодта, зæгъгæ, бауынаффæ кодта Цæгат Кореяйы ныхмæ ног уæлæмхас санкцитæ аивыны тыххæй. «АИШ-ы финансты министрад фехъусын кодта, зæгъгæ, Цæгат Кореяйы ныхмæ ноджы бакæндзæн уæлæмхас егъаумасштабон санкцитæ. Æз абон бауынаффæ кодтон, цæмæй аивой уæлæмхас санкциты», – ныффыста Трамп, ахæм уынаффæ цæмæн райста, уый нæ бамбарын кæнгæйæ. Фæстæдæр президенты пресс-секретарь Сара Сандерс фехъусын кодта, зæгъгæ, Трамп санкцитæ аивта уымæн æмæ йæ зæрдæмæ цæуы Цæгат Кореяйы лидер Ким Чен Ын.

БАИУ КОДТОЙ ÆФСÆНВÆНДАДЖЫ

Керчы донкъубалыл хидаразджытæ сиу кодтой Хъырым æмæ Таманы донбылгæрæттæ æфсæнвæндагон хидæй. Æмбырд æрцыдысты Хъырымы хиды æфсæнвæндаджы хайы æппæт арæзтадтæ. Уыдон сты 307 быцæуыл æвæрд 160 мин тоннæйы згъæрæй арæзт конструкцийы. Уыдонæй 6 километры сты акваторийы сæрмæ, иннæтæ та сты Керчы донкъубалы сурзæххон фадгуыты сæрмæ. Арæзтадон фæз-уаты куыстытæ дарддæр æххæст цæуынц графикмæ гæсгæ. 2019 азы декабрмæ, æфсæнвæндаджы байгом кæнынмæ хидыл монтаж æрцæудзысты æппæт системæтæ, кæцытæ сифтонг кæндзысты поездты комфортон æмæ æдас змæлд.

НЫХМÆЛÆУДТЫТÆ

Сектор Газы арæныл израилаг æфсæддон службæ-гæнджытимæ ныхмæлæудтыты, ома, 51-æм «Марш возвращения»-йы акцийы рæстæджы фæмард сты дыууæ палестинæйаджы æмæ 30 адæймаджы та фесты алыгъуызон цæфтæ, дæсгай адæймæгтæ фæхъæстæ сты цæссыгкалæн газæй. Акциты хайадисджытæ ныр 12 азы дæргъы домынц, сектор Газы блокадæ сисын. Уыцы рæстæджы дæргъы фæмард сты 270 палестинæйаджы, хъыгдард баййæфтой 25 мин адæй-магæй фылдæр.

БАХАУДТА КАРЗ УАДЫ

Норвегийы, йæ бортыл 1300 адæймаджы кæмæн уыд, уыцы круизон лайнерæн денджызон карз тыхдымгæйы нал скуыста йе змæлынгæнджытæй иу. Адæмы эвакуаци кодтой вертолетты æххуысæй. Бæлццæттæ, сæйраджыдæр, уыдысты америкæйæгтæ, бритайнæгтæ æмæ канадæйæгтæ. Экипажы сконды уыдысты цыппар уæрæсейаджы. Уыдон се ‘ппæт дæр эвакауаци æрцыдысты донбылгæронмæ. Адæм уæлвæткон уавæры абарстой «Титаник»-имæ æмæ басастысты, тынг кæй фæтарстысты, ууыл.

ФÆНДАГОН-ТРАНСПОРТОН ЦАУ

Китайаг провинци Хунаны туристон автобус бахауд аварийы, кæцыйы фæстиуæгæн фæмард сты 26 адæймаджы, 28 бæлццоны та хъыгдард баййæфтой. Туристон автобус горæт Чандэйы трассæйыл цæугæйæ куы ссыгъд, уæд дзы уыд 53 бæлццоны, дыууæ шофыры æмæ экскурсиамонæг.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.