Иры зæххыл алы мыггаджы дæр ис, мыггаг сæрыстыр кæмæй у, кæстæртæн цæвиттон чи у, сæ кад тырысайау сæ разæй кæмæн цæуы, ахæм номхæссæны лæгтæ.

Биазырты кадджын мыггаг лæгаулæг цух никуы уыдысты. Тохы уыдаид, æви иумæйаг æхсæны хъуыддæгты – лæгдзинад æмæ æхсардзинад æвдисын кæм хъуыд, уым фæстейы никуы фæлæууыдысты.

Иры бæсты лæгау-лæгæй исчи фæ-цард, сæ сæ раттæг адæмæн бирæ арфæ-йаг лæггæдтæ чи фæкодтой, уыдонæй уыдысты Биазырты Ази æмæ йæ удыхай Багианы фырттæ: Сардо, Лексо æмæ сæ хотæ, Къатъо, Текъо æмæ Нинæ.

Сардо æмæ Лексомæ хорзæй цы уыд, уыдон сæ туджы гуырдзæй рахастой, сæ фыдæлтæ æмæ ныййарджытæй рахæсгæ монон удварны хæрзиуджытæ уыдысты.

Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Котантойы хъæу уыд Биазырты Сардо æмæ Лексойæн сæ райгуырæн уæзæг. Сардо дзы 1880 азы райгуырд, Лексо та – 1910 азы. Фыдыуæзæг, райгуырæн къона, зынаргъ æмæ алæмæт сты. Саби фыццаг хатт боны рухс кæм фены, бынаты бардуагыл сывæллоны кæм бафæдзæхсынц, фыццаг къахдзæфтæ кæм акæны, авдæны а-ло-лайы зарæг кæм фехъусы, царды комулæфт кæм банкъары, уыцы уæлмонц æнкъарæнтæ цæрæнбонты баззайынц адæймагæн йæ рæ-сугъддæр мысинæгты.

Сардо йæ тæккæ лæппу-лæджы кары, Лексо æвзонг лæппуйæ сæ риуыдзаг сулæ-фыдысты, фæлллойгæнæг адæмæн сæ цины бæллиц куы сæххæст, 1917 азы революцийы тырыса Уæрæсейæ куы сфæйлыдта, уæд.

Уыдон сæ удхъомысæй стыр æвæрæн хастой цы адæмы ‘хсæн схъомыл сты, уыцы дзыллæ æмæ ног советон цардарæзтæн. Фæлæ æлгъыст Джугъели æмæ Жорданияйы æфсæдтæ Хуссар Ирыстоны хъæутыл арт бандзæрстой. Фыдохы судзгæ æлгъыст баййæфта ирон адæмы сæр. Зындоны бахауæг адæм хæхтыл лыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ.

Историон цаутæм лæмбынæгдæр æркæсгæйæ, бæлвырд у, Хуссар Ирыстон бирæ фыдæвзарæнты сæрты ахызт, фæлæ Цытджын Уæрæсейы фæрцы бахъахъ-хъæдта йæ хæдбардзинад, национ цæсгом æмæ культурæ. Лæппу хæдзары бындур æмæ рæбинаг цæджындз у, æмæ Биазырты Азийы фæрныг хæдзар лæууыд дыууæ цæджындзыл  Сардо æмæ Лексойыл, сæ иуæй иннæ лæгдæр. Цардмæ зæххы сой æмæ бæркад кæй къухты æмæ уды фыдæбонæй æфты, размæ кæй архайд æмæ хъæппæрисæй цæуы, ахæм арфæйаг адæмы æмрæнхъ лæууыдысты Биазырты цардбæллон лæппутæ.

Иумæйаг коллективон арæзтады, æхсæнадон куыст, æмæ цардамондæй бæргæ зæрдæрухс уыдысты советон адæм, фæлæ хæст æрымысæгæн цы загъдæуа! Фашистон немыцаг тыхгæнæг æрбабырста нæ бæстæм. Айзæлд фыдуацы хъæр æрвнæрæгау, æрзылди Иры хæхтæ æмæ кæмттыл, быдыртыл. Хæст куы райдыдта, уæд Биазырты Лексо хæрзбон загъта йæ хъæубæстæн, бинонтæн.

Сардойы æфсæддон медицинон къамис суæгъд кодта.  Лексо ахуыргæнæджы рухстауæджы куыстæй рахызт хæстон архайдмæ, йæ къухмæ райста хæцæнгарз. Хæсты агъоммæ каст фæци Телауы фистæг æфсæддон ахуыргæнæндон, райста лейтенанты цин, æмæ тугхор фашисттимæ хъазуат тохы бацыд. Фыдыбæстæйы хæст Лексойæн бавзарын кодта зæххон удхæрдтæ се ‘ппæт дæр æххæстæй. Хæсты цæхæрмæ фæдисы фæцыд, Котантойы хъæуæй.

Биазыры-фырт уарзта царды æмæ уарзты зарæг. Уарзта зиукуысты кусын, уалдзыгон – хуымгæнæг, сæрд – хосдзау, фæззæг тыллæг æфснайæг, зымæг – фосмæ зилæг, хъæдæй сугласæг. Æппæтæй фылдæр уарзта цард, мадæлон æвзаг, ныййарджытæ, нæ сомбон сабитæн зонд амонын, хъомыладон куыст, фæлæ райгуырæн бæстæ тæссаг уавæры куы бахауд, уæд Лексо Иры хъæбултæй фыццæгтимæ уыд фашисттимæ тохгæнæг.

Лексойæн Ирыстоны хохрæбынтæй йæ хæстон фæндаг райдыдта Мæздæг, Грозни, Пятигорск, Минвод, Стъараполы æмæ Кубаны, Ростовы тыгъд быдырты фашисттимæ хæцгæйæ Уæрæсейы горæттæ сæрибаргæнгæйæ карз хæстыты бахæццæ Беларусимæ.

Брянскы горæты бацæуæнты 1944 азы цы карз тохтæ цыд, уыцы тугкалæн хæсты сармадзаны нæмыджы схъисæй Лексойæн фæцæф йæ галиу уæхск. Госпитæлæй рацæуыны фæстæ Биазыры-фырты снысан кодтой 225-æм æхсæг дивизийы 299-æм полчъы взводы командирæй. Командиртæн сæ разы æрæвæрдтой ахсджиаг хæс: æвæстиатæй знаджы хъахъхъæнынадон хахх атонын. Рагацау сæ базонгæ кодтой, ныббырсты сæ алчидæр цы араздзæнис, уыимæ.

Уыцы рæстæг дыууæрдыгæй ныннæрыдысты артиллери æмæ сармадзантæ. Сармадзаны хъомысджын нæмыджы срæмыгъды уылæн Лексойы фехста иуварс. Хъæбатыр хæстон уæззау операциты фæстæ йæхи æрæгмæ æрæмбæрста. Æф-сæддон медицинон хо йын цал æмæ цал хатты æрхæцыд йе ставд цонджы хъулыл, тугдадзины туджы æнæкъуыхцы дзæхст-дзæхст бæрæггæнæг. Операциты фæстæ цадæггай Лексо йæхи куы банкъардта, уæд цæсты рухс нал ис. Батар ыл и сдуне, дыууæ къахы синтæй дæлæмæ гипсы. Цæстытæй иу хауд, иннæ – куырм. 

Лексо тохы быдыры хорзæхджын æрцыд Фыдыбæстæйы хæсты æмæ Сырх Стъалыйы ордентæй, бирæ майдантæй. Бирæ æвирхъау, фыдохы цаутæ зоны адæймаджы истори.

Лексо æмæ Оленцæн дзæнæты уæд сæ бынат! Æгас кæд нал сты, уæддæр сын абон сæ фарн дарддæр сæрыстырæй хæссынц сæ хъæбултæ: хистæр фырт Левæ, цыппарыссæдзазы кары куырыхон лæг, йæ дыууæ лæппу, чызг æмæ сæ хъæбулы хъæбултимæ. Хо Люся, йæ цардæмбал (Гаглойты Бекызæ рухсаг уæд) сæ æртæ лæппу æмæ дыууæ чызгæн цард бантысæд! Кæстæр фырт Зелим йæ уды хурскаст Берозонимæ, сæ фаззон дыууæ лæппу æмæ чызгимæ фæрныг цард кæнынц.

Иры зæххыл бирæ ис разагъды лæгтæ. Куырыхон, номдзыд лæгтæй цух нæу Биазырты мыггаг дæр. Уыдонæй иу Лексойы хистæр фырт, Тарскæйы хъæуы æмæ Горæтгæрон районы кадджын лæг Левæ у. Йæ дæргъвæтин царды, Биазыры-фырт йæ сæрмæ никуы æрхаста æгаддзинад. Кæд-дæриддæр уыдис Тарскæйы колхозы фæл-лойгæнæг адæмы раззагдæрты номхыгъды. Уымæн иу ын саккаг кодтой хæрзиу-джытæ.

– Æцæг ирон лæг у Лексойы фырт Левæ, – дзырдта мын Наниты Нафийы фырт Су-ликъо. Хъæубæсты чъирикувæг, æгъдаудæттæг. Зæды хуызæн лæг, æнæмæнг Левæйы хуызæттæй фæзæгъынц, йæ азты нымæц 80 азæй ахызт, фæлæ бахъуаджы сахат тыхст адæймагæн баххуысæн кæддæриддæр у цæттæ. Æгъдауджын, дзуаппджынæй зонынц Левæйы адæм, цины æмæ зианы заман Биазыры-фырт, адæ-мæн сæ циныл цин æфтауы, зианыл зæрдæбынæй фæхъыг кæны. Æхсæнадон царды Левæ у активон архайæг, цалдæр хатты æвзæрст æрцыд Тарскæйы хъæусоветы депутатæй, у хъæуы ныхасы æмæ Ветеранты советы уæнг. Кæстæр фæлтæримæ арæх фæныхас кæны хъомылад æмæ патриотон темæйыл, дæнцæгтæ æрхæссы йæхи цард æмæ фыдыбæстæйы хæсты архайджыты цардæй. Иры зæххыл, алы мыггагмæ дæр Биазырты Левæйы хуызæн кадджын хистæртæ куы уа, уæд Ирыстоны кæстæр фæлтæр уыдзысты дуджы аккаг, æвзыгъд, раст фæндагыл арæзт.

Левæйæн йæ цардæмбал Плиты Лизæимæ иу сты сæ зæрдæтæ, сæ цард, сæ бæллицтæ. Кæрæдзийы цæстæнгасæй æмбарынц, уый бæрæг у, сæ фæрныг хæдзармæ сын иунæг хатт куы бафтыдаис, уæддæр. Цæугæ доны раз чи цæры йæ раивылд дæр ын уый зоны. Ацы уацхъуыд фыссæг скъолайы райдайæн кълæсты ахуыргæнгæйæ Тарскæйы хъæуы цардтæн сæ фыдыфсымæр Гуылæрты Буцкимæ, Биазыртæ та уыдысты нæ сыхæгтæ, Лексо, Оленц мæ сæхи хъæбулы рæвдыд кодтой, Левæйæ хистæр æфсымæры лæггад зонын.

Лексойы чызг Люся йæ сабибонтæй фæстæмæ архайы удварны хорзæхтæ куыд хуыздæр æмæ аивдæрæй æххæст кæныныл. Ахуыргæнæджы дæсныйад равзаргæйæ, кæстæр фæлтæрты царды раст фæндагмæ здахгæйæ, алкæмæндæр йæ зæрдæмæ фæндаг ссары. Люся 40 азæй фылдæр хъазуатонæй æххæст кодта Тарс-кæйы скъолайы ахуыргæнæджы куыст.

Фыды фарн, мыггаджы намыс, хъæубæсты кад æмæ цыт йæ миддунейы æрдзон хуызы кæмæн бацыдысты, уыдонæй иры зæххыл иу у Биазырты Лексойы кæстæр фырт Зелим. Зноны лæппу нал у, базыдта кæстæрты цин, хъæбулы хъæбулты ад. 73 азмæ адæймаджы ном ныллæг никуы æрцагъта, царды мидæг бирæ фæлварæнтæ радта. Нæ фыдæлтæй нæм бирæ зондджын ныхæстæ æрхæццæ. Се ‘ппæты кой нæ кæндзыстæм. Æрхæсдзыстæм дзы иу. Йæ адæмы хъысмæтыл чи хъуыды кæны, йæ нацийы фидæн кæй æндавы, уый хонынц «адæмы лæг». Уыдонæй сæ иу Биазырты Лексойы кæстæр фырт Зелим æмæ йæ адæмы хорзæх уæд!

ГУЫЛÆРТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.