Æрæджы йæ 80 азы юбилей банысан кодта Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты философийы кафедрæйы гæс, профессор Гæбæраты Анатоли. Юбиляры цытæн университеты къухдариуæгад æмæ профессортæ-ахуыргæнджыты сконд ауагътой тымбыл фынг, цыран бæстон æрдзырдтой Гæбæрайы фырты цард æмæ сфæлдыстадыл. Зынгæ ахуыргондæн йæ юбилейы сæраппонд арфæ ракодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр. Мадзалы ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, университеты ректор Тедеты Вадим, афтæ ма йæ коллегæтæ æмæ студенттæ.

Тымбыл фынг бацæуæн ныхасæй байгом кодта Тедеты Вадим. Уый, фыццаджыдæр, банысан кодта æбæраты Анатолийы профессионализм æмæ куырыхондзинад, афтæ ма бирæ азты дæргъы æн-тыстджынæй кæй кусы æмæ архайы философийы къабазы. «Гæбæ-раты Анатоли махæн дæр æмæ æгас республикæйæн дæр у кадыаккаг. У хорз æмусæг æмæ уæздан адæймаг. Университеты философийы кафедрæ Анатолийы сæргълæудæй ауадзы бирæ алыгъуызон зонадон æмæ юбилейон мадзæлттæ. Уый, фыццаджыдæр, Гæбæраты Анатолийы лæггæдты æмæ йæ иузæрдион куысты тыххæй у афтæ. Уымæн йæ тых æмæ хъаруйы руаджы бантысдзæн нырма дæр бирæ саразын æмæ йæ дæлбаруæвæг кафедрæйы куыстæй ма-хæн рухс кæндзæнис нæ зæрдæтæ. Мах сæрыстыр стæм, Гæбæраты Анатолийы хуызæн адæймæгтæ нæ университеты кæй кусынц, æмæ йын ноджыдæр зæгъæм арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ йæ юбилейы сæраппонд», – банысан кодта Тедейы фырт.

Йæ раныхасы Президент Би-былты Анатоли дæр банысан кодта,  Гæбæраты Анатоли йæ цард зонадæн кæй снывонд кодта æмæ æнтыстджынæй кæй кусы университеты студентон фæсивæдимæ. «Бирæ азты дæргъы Гæбæраты Анатоли кæны зонадон куыст æмæ йын ис æнтыстытæ. Цы бирæ куыстытæ бакодта, уыдонæй иу у философон дзырдуат, кæцыйы раивта ирон æвзагмæ. Ноджы ма йын зонæм æндæр серьезон куыстытæ дæр, кæцытæ йын цыдысты æмæ цæуынц мыхуыры. Уый та ууыл дзурæг у æмæ Анатоли кæй у фæн-двидар æмæ принципиалон йæ куысты æмæ йын уый тыххæй кæнæм кад æмæ цыт. Арфæ дын кæнын дæ юбилейы цытæн. Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад бирæ азты дæргъы, афтæ ма æнтыстытæ дæ зонадон куысты», – загъта бæстæйы сæргълæууæг йæ раныхасы.

Юбиляры куыст æмæ архайды тыххæй ма раныхас кодтой философийы кафедрæйы ахуыргæнджытæ Хуыбиаты Соня æмæ Дзугаты Къоста. Уыдон бæстондæрæй æрдзырдтой се ‘мкусæджы æнтыстджын зонадон куысты тыххæй æмæ йын сæ арфæйы ныхасы загътой иууыл хуыздæр фæндиæгтæ.

Гæбæраты Анатоли æхсæна-дон-политикон архайды активон хайадисæг кæй у æмæ йыл 80 азы кæй сæххæст, уый цытæн æй мадзалы кæрон Президент Бибылты Анатоли схорзæхджын кодта РХИ-йы уæлдæр хорзæх Кады Орденæй. Ацы хъуыддагыл æппæт дæр сæм-бæлдысты разыйæ æмæ цины æнкъарæнтимæ. Гæбæраты Анатоли йæхæдæг дæр бузныджы ны-хæстæ загъта нæ республикæйы къухдариуæгадæн, Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, ахæм стыр кад ын кæй кæнынц æмæ йæм сæ хъус кæй дарынц, уый сæраппонд. Уый баныфсæвæрдта, дарддæр дæр кæй кусдзæнис Хуссар Ирыстоны хæрзæбонæн.

Нæ уацх.

РЕСПУБЛИКÆ ХУССАР ИРЫСТОНЫ ПРЕЗИДЕНТЫ БАРАМЫНД

Гæбæраты Анатолийы Кады орденæй схорзæхджын кæныны тыххæй

Философон зонады рæзтмæ йе стыр хайбавæрды, активон æхсæнадон-политикон архайады æмæ йæ райгуырды боныл 80 азы сæххæсты цытæн Кады орденæй хорзæхджын æрцæуæд Гæбæраты Анатоли  Дмитрийы  фырт  Тыбылты  Алыксандры  номыл  ХИПУ-ы философийы  кафедрæйы  сæргълæууæг.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

Г.Цхинвал,

2019 азы 27 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.