ФЕМБÆЛД ТУРКМЕНИСТАНЫ ПРЕЗИДЕНТИМÆ

 Туркменистаны уагъд æрцыд Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады хицауадты сæргълæуджыты советы рабадт, кæцыйы фæлгæтты УФ-йы премьер-министр Дмитрий Медведев фембæлд Туркменистаны президент Гурбангулы Бердымухамедовимæ.  Туркменистаны лидер банысан кодта, зæгъгæ, йæ ныфс ис, Ашхабадмæ Медведевы ныртæккæйы визит ног импульс кæй ратдзæн дыууæ бæстæйы ‘хсæн æнтыстджын æмгуыстадæн. Рабадты уынаффæ кодтой Æмхæларады фæлгæтты экономикон æмархайды актуалон фарстытыл.

АЭРОПОРТТÆН – ЗЫНГÆ УÆРÆСЕЙÆГТЫ НÆМТТÆ

Владимир Путин проект «Великие имена России»-йы фæлгæтты 44 аэропортæн радта зынгæ уæрæсейаг адæймæгты нæмттæ. Зæгъæм, мæскуыйаг аэропорттæ Шереметьево, Домодедово, Внуково райстой Александр Пушкин, Михаил Ломоносов æмæ Андрей Туполевы нæмттæ. Барамынд йæ тыхы бацыд 31-æм майы. Проекты нысан у зынгæ паддзахадон, æфсæддон æмæ æхсæнадон архайджыты, зонæдты, аивады, культурæ, спорты минæвæртты нæмттæ сæнусон кæнын, кæцытæн ис уæлдай стырдæр лæггæдтæ Фыдыбæстæйы раз.

СРÆМЫГЪД ЗАВОДЫ

Дзержинскы завод «Кристалл»-ы территорийыл срæмыгъды фæстиуæгæн медицинон æххуыс райсын бахъуыд 85 адæймаджы – заводы 39 кусæджы æмæ горæты 46 цæрæджы. Заводы срæмыгъд æрцыд 1-æм июны. Развæлгъау зонæнтæм гæсгæ инциденты аххосаг ссис, технологион процесс хæлд кæй æрцыд, уый. Срæмыгъдтытæ фехæлдтой тротилы кондады фæдыл цехы бæстыхайы, цыран æфснайд уыдысты хæстон æрмæджытæ. Горæты расидт æрцыд уæлвæткон уавæрты режим.

НАЛ ПАЙДА КÆНДЗЫСТЫ УÆРÆСЕЙЫ ЛÆГГÆДТÆЙ

Пентагон нал пайда кæндзæн Уæрæсейы лæггæдтæй космикон ауагъдтытæ уадзыны рæстæджы 2023 азæй фæстæмæ. Ахæм бæстæтæм ма бахаудтой Китай, Цæгат Корея, Сири æмæ Судан. Роскосмосы банысан кодтой, зæгъгæ, ацы уынаффæ гæнæн ис негативонæй бандава дунеон æм-гуыстадыл коммерцион бындурыл нысанон орбитæтæм космикон аппараттæ регулярон ауагъдтытæ сорганизаци кæныныл. Паддзахадон корпорацийы ацы уынаффæйæн саргъ кодтой куыд æдзæсгом конкуренци, афтæ.

АИШ-ИМÆ БАНЫХÆСТÆН НИЦЫ НЫСАНИУÆГ ИС

Иран баныхæстæ нæ уадздзæн Иугонд Штаттимæ, – уый тыххæй фехъусын кодта Ираны уæлдæр лидер Али Хаменеи. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, америкæйæгтимæ баныхæстæн «нæй нысаниуæг æмæ уый хæссы зиан». Уæлдæр лидер банысан кодта, зæгъгæ, йæ бæстæ цæттæ у æндæр бæстæты, уыцы нымæцы европæйаг бæстæты хицауадтимæ баныхæстæм.

НАЛ ÆЛХÆНДЗЫСТЫ СОЯ

Китай аскъуыддзаг кодта АИШ-æй сояйы хъæдуронты ног партитæ кæй нал æлхæндзæн, уый тыххæй.2018 азы декабрæй фæстæмæ Китай АИШ-æй балхæдта ацы хомæджы 13 милуан тоннæйы. Февралы АИШ-ы хъæууон хæдзарады министр Сонни Пердью фехъусын кодта, зæгъгæ, Китай æввахс рæстæджы балхæндзæн ноджы 10 милуан тоннæйы бæрц сояйы хъæдуронтæ. Фæлæ ныр ног закъазтæ урæд æрцыдысты.

ФÆМАРД СТЫ ÆФСÆДДОНТÆ

Израилы горæт Кунейтрайы скæсæн хайы ‘рдыгæй Сирийы ракетæтæй æхсыны фæстиуæгæн фæмард сты сирийаг æртæ æфсæддон службæгæнæджы, авдæй та фесты цæфтæ. Уæрæсейаг æддагведомствойы сæргълæууæджы хæдивæг Сергей Рябковы ныхæстæм гæсгæ, израилаг уæлдæфон гарзджын тыхты атакæтæ сты æнæлегитимон æмæ æнæбындурон.

ЦÆТТÆ СТЫ БАЗАРАДОН ХÆСТМÆ

Китайы хъахъхъæнынады министр Вэй Фэнхэ фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæ цæттæ у АИШ-имæ базарадон хæстмæ, фæлæ уыцы иурæстæджы цæттæ сты баныхæстæм дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Китайы ныфс ис, зæгъгæ, Вашинг-тон кусдзæн семæ кæрæдзийæн пайдайы æмæ æнæкон-фронтацийы принципты бындурыл.

ЗАГЪТОЙ ПРОТЕСТ

Китайы хъахъхъæнынады министрад загъта протест Хуссар-Китайаг денджызы АИШ-ы архайдтыты тыххæй, афтæ ма Тайваны тыххæй дæр. Китай нымайы, зæгъгæ, йын бар ис æфсæддон инфраструктурæйы объекттæ равæрынæн, уымæн æмæ АИШ æрвитынц се ‘фсæддон наутæ æмæ хæдтæхджыты æввахсуæвæг уæлдæфон тыгъдад æмæ Хуссар-Китайаг денджызмæ æмæ уым уадзынц развæдсгæрст æмæ æфсæддон ахуыртæ. «Мах æвæрæм æнæмæнгхъæуæг хъахъхъæнынадон объекттæ æдасдзинады къабазы уавæрмæ гæсгæ, кæцыимæ æмбæлынц Хуссар-Китайаг денджызы сакъадахтæ. Уый у суверенон бæстæйы бар æмæ æнæмæнгхъæуæг дзуапп провокацион архайдтытæн», – загъта уый. Афтæ ма банысан кодта, зæгъгæ, АИШ-ы хъахъхъæнынады министры хæстæ æх-хæстгæнæг Патрик Шанахан цалдæр хъусынгæнинаджы Тайваны фарсхæцынады тыххæй кæй сарæзта, уый фехæлдта иугонд Китайы принциптæ.

РАППÆРСТОЙ ЖУКОВЫ ЦЫРТ

Харьковы национ корпусы минæвæрттæ ныппырх кодтой Советон Цæдисы маршал Георгий Жуковы бюст. Дæсгай националисттæ сарæзтой протесты акци политикон парти «Доверяй делам»-ы съезды ныхмæ, кæцы уагъд цыд Харьковы спорты галуаны. Уый фæстæ радикалтæ ацыдысты Жуковы бюсты цурмæ. Протестгæнджытæ схызтысты цыртмæ, бабастой йыл бæндæн æмæ йæ рафæлдæхтой. Монументы бынаты радикалтæ сæвæрдтой украинæйаг тырыса.

ТЕРАКТ

Афганистаны скæсæн хайы Газнийы провинцийы автомобиль кæй спырх кодтой, уый фæстиуæгæн фæмард сты полицийы аст кусæджы, ноджы фарастæй та фесты цæфтæ. Машинæйы уыд террорист-химар, кæцы автотранспорт аздæхта афгайнаг барадхъахъхъæнæг органты кусджыты ‘рдæм.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.