АВИАКАТАСТРОФÆ

Мæскуыйы аэропорт «Шереметьево»-йы авиакатастрофæйы фæстиуæгæн фæмард сты 41 адæймаджы, уыцы нымæцы дыууæ сывæллоны. Хæдтæхæг тахт Мæскуыйæ Мурманскмæ, фæлæ йæ бахъуыд аэропортмæ фæстæмæ раздæхын техникон аххосæгтæм гæсгæ, цыран æрбадыны рæстæджы ссыгъд. Бæлццæтты эвакуаци кодтой аварион трапы руаджы. Æдæппæтæй лайнеры бортыл уыд 78 адæймаджы, уыцы нымæцы экипажы уæнгтæ дæр. Цалдæр адæймагæй сыгъдтытимæ æмæ цæфтимæ бахаудтой Мæскуыйы рынчындæттæм. Æнамонд цауы тыххæй баконд æрцыд уголовон хъуыддаг. УФ-йы Президент Владимир Путин мæсæллæйы ныхæстæ загъта фæмардуæвджыты бинонтæ æмæ хиуæттæн. Мурманскы расидт æрцыд æртæбонон фыдох. УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевы бахæсмæ гæсгæ арæзт æрцыд къамис цау раиртасыны тыххæй.

КОЛЛЕГÆТЫ ФЕМБÆЛД

УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн Мæскуыйы фембæлд уыд йæ венесуэлæйаг коллегæ Хорхе Арреасаимæ. «Мæскуы сиды Вашингтон æмæ йе ‘вварс чи хæцы, уыцы бæстæтæм, цæмæй «нæ» зæгъой Венесуэлæйы хицауады тыхæй раивыны плæнттæн. Мæскуы сиды политикон диалогмæ Венесуэлæйы кризис аскъуыддзаг кæныны тыххæй. Æрмæстдæр венесуэлæйæгтæн ис бар сæ паддзахады хъысмæт аскъуыддзг кæнынæн», – загъта Лавров пресс-конференцийы рæс-тæджы.

ФÆНД КÆНЫНЦ ВЕНЕСУЭЛÆЙЫ УАВÆР ХÆСТОН ÆГЪДАУÆЙ АСКЪУЫДДЗАГ КÆНЫН

АИШ-ы паддзахадон секретарь Майк Помпео бафидар кодта, зæгъгæ, Иугонд Штаттæ гæнæн ис хæстон æгъдауæй аскъуыддзаг кæной Венесуэлæйы кризис. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, Вашингтон фæнд кæны «æппæт дипломатон æмæ политикон инструменттæй спайда кæнын, цæмæй Венесуэлæйы кризис сабырадон æгъдауæй скъуыддзаг æрцæуа æмæ бæстæйы сæндидза демократи». Фæлæ, зæгъ, Америкæ спайда кæндзæн тыхæй дæр куы бахъæуа, уæд.

НАТО-ЙЫ ÆФСÆДДОН АХУЫРТÆ

НАТО-йы æфсæдтæ максималон æгъдауæй æввахс æрбацыдысты Уæрæсейы арæнтæм. Эстонийы уагъдцæуæг æфсæддон ахуыртæ «Весенний шторм-2019»-ы хайад исынц Бельги, Стырбритани, Герман, Канадæ, Латви, Литва, Польшæ, США, Францы, афтæ ма Украинæ, Гуырдзыстон, Финляндийы æфсæддон службæгæнджытæ. Ахуыртæ райдыдтой 2-æм майы æмæ фæуыдзысты 17-æм майы. Уæрæсейаг æфсæддон эксперттæ куыд нымайынц, уымæ гæсгæ НАТО-йы ацы ахуырты руаджы фæнды йæ тых равдисын.

СНОГ КОДТОЙ ГАЗЫ ТРАНЗИТ

Æртæ азы фæстæ Казахстаны национ газы оператор «КазТрансГаз» сног кодта газы транзит Туркменистанæй Уæрæсемæ. Газы транзит урæд æрцыд 2016 азы æртаджы аргъыл быцæуты тыххæй.  Казахстаны газы компанийы куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ туркменистайнаг газы транзиты гуырахст иу суткæмæ у 15 милуан кубометры. Транзит куы сног кодтой, уæдæй фæстæмæ Уæрæсе райста 220 милуан кубометры туркменистайнаг газ.

ÆРСИДТЫСТЫ АИШ-МÆ

Евроцæдис æмæ Турк æрсидтысты Иугонд Штаттæм Ираны ныхмæ нефты санкцитæ аивыны тыххæй. Евроцæдис катайы бахаудта Ираны ныхмæ АИШ-ы нефты санкциты тыххæй, уымæн æмæ ирайнаг нефты импортыл эмбарго тæссагдзинад хæссы ядерон программæйы фæдыл Тегеранимæ сразыдзинад сæххæст кæнынæн. Уыцы иурæстæджы Туркы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Мевлют Чавушоглу дæр æрсидт АИШ-мæ ирайнаг санкцитæ аивыны тыххæй, уымæн æмæ, зæгъ, уыдон æппæрццагæй æндавынц æхсæнпаддзахадон ахастытыл.

АРВЫСТОЙ АВИАХÆССÆГ КЪОРДЫ

Иугонд Штаттæ Ираны донбылгæрæттæм арвыстой авиахæссæг æмæ бомбæкалæн хæдтæхджытæ æмæ цæттæ сты тыхæй спайда кæнынмæ Иран  америкæйаг æмæ йе ‘мцæдисонты интересты куы бахъыгдара, уæд. «Къорд тæссагдзинæдты тыххæй Иугонд Штаттæ равæрдзысты АИШ-ы авиахæссæг цæвæн къорд «Авраам Линкольн» æмæ бомбæкалæн хæдтæхджыты оперативон къорды Æввахс Хурскæсæны АИШ-ы централон командæкæнынады регионы, цæмæй арвитой ирд сигнал ирайнаг режимæн, зæгъгæ, Иугонд Штатты кæнæ не ‘мцæдисонтæм цахæмфæнды ба-хъыгдардыл дæр сæмбæлдзыстæм æгъатыр тыхæй», – дзырдæуы Болтоны хъусынгæнинаджы.

НОГ КОМАНДÆГÆНÆГ

Европæйы НАТО-йы иугонд гарзджын тыхтыл командæ-гæнæгæй нысан æрцыд АИШ-ы æфсæддон уæлдæфон тыхты инæлар Тод Уолтерс. Инæлары командæйы бын америкæйаг æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ хайад истой Афганистан æмæ Иракы хæстон операциты.

АДАРДДÆР КÆНДЗÆН ПОРОШЕНКОЙЫ КУРС

Украинæйы ног президент Владимир Зеленский æмæ йæ администраци адарддæр кæндзысты Петр Порошенкойы курс Евроцæдис æмæ НАТО-мæ бацæуыны тыххæй. Бæстæйы ног сæргълæууæг бафæлвардзæн Донбассы цæрджытæн бауырнын кæнын НАТО æмæ Евроцæдисмæ бацæуын пайда кæй уыдзæн, уый.

АИВДЗÆН БАЗАРАДОН БАНЫХÆСТÆ

Пекин дисы бахаудта 10-æм майæ китайаг товартыл фиддонтæ фæфылдæр кæныны фæдыл АИШ-ы президент Дональд Трампы хъусынгæнинаджы тыххæй. Китай гæнæн ис аива Вашингтонмæ китайаг делегацийы балц радон базарадон баныхæсты хайад райсыны тыххæй. Бæстæйы къухдариуæгад куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сæ нæ фæнды баныхæстæ уадзын «æртхъирæнты æмæ тæрсын кæныны уавæрты».

ÆХСТОЙ КÆРÆДЗИ

Израиль æмæ сектор Газы ‘хсæн уавæр цæхгæр февзæрдæр æмæ цалдæр боны æхстой кæрæдзи. Æхстыты фæстиуæгæн фæмард сты 4 израиладжы æмæ Палестинæйы та Израилы атакæты амæттæгты нымæц схызт 25 адæймаджы онг. Дыууæ фарсы ‘рдыгæй фæцæфтæ сты 250 адæймаджы бæрц. Фæстаг суткæты израилаг æфсæддонтæ сектор Газыл рауагътой 500 реактивон снаряды æмæ сатакæ кодтой 300 нысаны. Уыдон уыдысты дзуаппон æхстытæ, уыйразмæ Израилы сектор Газæй боевиктæ кæй æхстой, уымæн.

«ÆНÆМÆЛГÆ ПОЛК»

Дунейы цалдæр бæстæйы уагъд æрцыд æрвылазон акци «Æнæмæлгæ полк». Женевæ æмæ Буэнос-Айресы акцийы хайад райстой 400 адæймагæй фылдæр. Вашингтоны акци уагъд æцыд фæндзæм хатт. Нью-Йоркы акцийы хайад райстой 2 мин адæймагæй фылдæр. Акци уагъд æрцыд Канадæйы, Туркы æмæ бирæ æндæр бæстæты.

ФÆМАРД СТЫ 33 АДÆЙМАДЖЫ

Индийы хурскæсæн хайы тыхдымгæйы фæстиуæгæн фæмард сты 33 адæймаджы. Йæ тагъдад уыд 200 километры иу сахаты дæргъы. Дымгæ скъæфта бæстыхæйтты æмбæрзтытæ, фехæлдта электроадæттæн хæххыты. Индийы хицауад куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ амæттæгты нымæц уыдаид ноджы фылдæр рæстæгыл тæссаг зонæтæй цæрджыты куынæ сэвакуаци кодтаиккой, уæд.

Информацион агентадты

хъусынгæнинæгтæм  гæсгæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.