НÆЙ СЫН АНАЛОГТÆ

УФ-йы Президент Владимир Путин нымайы зæгъгæ, нырыккон уæрæсейаг хæцæнгæрзтæн аналогтæ нæ фæзындзæн æввахс рæстæджы. Путин банысан кодта, зæгъгæ, паддзахады системон, нысанмæздæхт мадзæлтты фæстиуæг у ахуыргæндты, констукторты, хъахъхъæнынадон сæудæджерады æндыгъд æмæ стыр куысты фæстиуæг.

СИРИЙАГ БОЕВИКТЫ ХÆЦÆНГÆРЗТИМÆ ПОЕЗДЫ БАЛЦ

24 февралы Казаны вокзалæй стыр балцы ацыд æнахуыр поезд.  Æфсæддон-историон акци «Сирийский перелом», зæгъгæ, дыууæ мæймæ æрзилдзæн æнæхъæн Уæрæсейыл, дæсгай горæтты æрлæугæйæ. Поезды вагæтты æмæ специалон платформæты бæстæйы цæрджытæ фендзысты трофейон техникæ æмæ хæцæнгæрзтæ, кæцыты байстой Сирийы террористтæй. Экспонатты фылдæр хай сты уникалон. 500 экспонаты, 9 платформæйы æмæ ноджы экспозицитимæ 4 вагоны. Уый хуымæтæджы равдыст нæу, фæлæ – цæугæ музей. Се ‘хсæн ис æнахуыр экземпляртæ дæр. Зæгъæм, танк Т-55  бæрæг нæу террористты къухтæм куыд бахауд, уый. Уартæ 70 азты ацы æфсæддон машинæ уыд Советон æфсады.

НЫХМÆЛÆУДТЫТÆ

Венесуэлæйы арæнтыл Бразили æмæ Колумбиимæ 23-æм февралы уыд ныхмæлæудтытæ, кæцыты рæстæджы хъыгдард баййæфтой адæм. Бразилиимæ арæныл фæмард цыппар адæймаджы, ноджы 24 адæймаджы та цæфтæ фесты, Колумбиимæ арæныл та фæцæфтæ сты 40 адæймаджы бæрц. Уавæр фæкарздæр, 23 февралы бæстæмæ гуманитарон æххуысимæ  уæзласæн машинæтæ æрбацæуынмæ куы бафæлвæрдтой, уæд. Венесуэлæ нæ уадзы гуманитарон æххуыс денджызыл æрбаласын дæр.

ФЕХÆЛДТА ДИПЛОМАТОН АХАСТЫТÆ

Венесуэлæ фехъусын кодта Колумбиимæ æххæстæй дипломатон ахастытæ кæй фехæлдта, уый тыххæй æмæ колумбийаг дипломаттæн радта 24 сахаты бæстæйæ ацæ-уыны тыххæй. Каракасы хъуыдымæ гæсгæ, Иугонд Штаттæ æмæ Колумби Венесуэлæйы арæныл сорганизаци кодтой «пропагандистон шоу», ИНО-йы нормæтæ фехалгæйæ, бæстæйы æмæ регионы сабырдзинад тасы баппаргæйæ. Венесуэлæйы президент Николас Мадуро банысан кодта, зæгъгæ, алцыдæр быхста йæ адæмы тыххæй, фæлæ, зæгъ, ныр уынын Колумбиимæ ахастытæ фехалыны æнæ-мæнгхъæуындзинад. Уый Колумбийы президент Иван Дукейы схуыдта сайтан.

ХОРЗЫЛ СЫН БАНЫМАДТА СÆ АРХАЙД

Боливийы президент Эво Моралес Твиттер ныффыста, зæгъгæ, хорзыл нымайы хъæбатыр венесуэлæйгты архайд, кæцытæ сыстадысты «сæ кад бахъахъхъæнынмæ». Уый банысан кодта, зæгъгæ, «гуманитарон æххуысæй» спайда кæнынмæ хъавынц суверенон бæстæйы хæстон интервенци райдайыны тыххæй.

БАЗАРАДОН КОНСУЛЬТАЦИТÆ

Китайы Адæмон Республикæйы Сæрдар Си Цзиньпин фехъусын кодта, зæгъгæ, Китай æмæ АИШ-ы базарадон консультацитæн ис позитивон фæстиуджытæ. Си Цзиньпины ныфс ис, «фæрстæ дарддæр дæр кæй тырндзысты кæрæдзийæн аргъ кæнынмæ æмæ æмгуыстадмæ, афтæ ма дыууæ бæстæйæн дæр пайда чи уа, ахæм сразыдзинæдтæ аразынмæ». Иугонд Штатты президент Дональд Трамп куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ æввахс рæстæджы уæлæмхас хъалонтæ баконд не ‘рцæудзысты китайаг товартыл.

ФÆНД КÆНЫНЦ ВЕНСУЭЛÆ, НИКАРАГУА ÆМÆ КУБÆЙЫ ХИЦАУДТЫ РАИВЫН

АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Майкл Помпео телеканалæн йæ интервьюйы фехъусын кодта, зæгъгæ, АИШ фæнд кæнынц æрмæст Венсуэлæйы хицауад раивын нæ, фæлæ ма Никарагуа æмæ Кубæйы хицауадты дæр. «Мах нымайæм, зæгъгæ, ацы бæстæты хицауадтæ сæхи дарынц карзæй сæхи адæммæ ахасты, уыдон сты реалон тæссагдзинад адæмæн. Иугонд Штатты президенты администрацийы кусынц, цæмæй æрмæст Венесуэлæйы нæ, фæлæ ма ацы дыууæ бæстæйы дæр къухты бафтой æвæрццаг фæстиуджытæ ацы адæмæн. Америкæйаг адæм се ‘вварс рахæцдзысты».

«БУР ЖИЛЕТТЫ» РАДОН АКЦИ

Парижы «бур жилетты» радон протестон акцийы рæстæджы манифестанттæ æмæ полицийы ‘хсæн ныхмæлæудтыты фæстиуæгæн фæцæфтæ сты дыууæ адæймаджы. Урæд æрцыдысты 28 адæймаджы.  «Бур жилетты» акцитæ райдыдтой ивгъуыд аз ноябры мæйы æмæ уæдæй фæстæмæ уагъд цæуынц æрвыл сабат дæр. Францы къухдариуæгадмæ домæнты номхыгъд фæфылдæр.

РЕФЕРЕНДУМ

24 февралы хуссар япойнаг префектурæ Окинавайы уагъд æрцыд референум америкæйаг ног базæйы арæзтады фарсты тыххæй. Цæрджыты фылдæр хай схъæлæс кодтой базæ бахъахъхъæныны фæдыл  хицауады архайгæ планы ныхмæ. Префектурæйы цæрджыты фылдæр хай рахæцыдысты сæ губернатор Дэнни Тамакийы æвварс, кæцы ралæууыд Окинавайæ базæ акæныны домæнимæ. Окинавайы префектурæ ахсы æрмæстдæр Японы территорийы 0,6 проценты, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, ацы фæзуаты сты америкæйаг æфсæддон базæты 74 проценты.

«РЕГИОН, ЗÆГЪ, У СÆРИБАР»

Иугонд Штатты æфсæддон денджызон тыхты командæгæнæг адмирал Джеймс Фогго фехъусын кодта, зæгъгæ,  АИШ нæ ратдзысты уыцы бар, цæмæй Китай æмæ Уæрæсе æлдариуæг кæной Цæгаттаг денджызон фæндагыл. Фогго банысан кодта, зæгъгæ, Арктикæ никæй территори у æмæ уымæ гæсгæ ацы регионæй æмхуызонæй хъуамæ пайда кæной Арктикон советы æппæт бæстæтæ. Фæлæ, зæгъ, Китай нæй Арктикон советы сконды, уымæн ис æрмæстдæр «цæстдарæджы» статус æмæ йын нæй Арктикæйы дæттæй пайда кæныны бар. Совет арæзт æрцыд 1996 азы Финляндийы инициативæмæ гæсгæ, цæмæй бахъахъхъæной цæгат полярон зонæйы æрдз. Йе сконды сты Дани, Швеци, Финлянди, Уæрæсе, АИШ, Канадæ, Исланди æмæ Норвеги.

 

«ФИДАУЫНГÆНÆГ КЪОРД»

Иугонд Штаттæ Сирийы ныуадздзысты 200 æфсæддоны бæрц бæрæг рæстæгмæ, – фехъусын кодта Урс хæдзары пресс-секретарь Сара Сандерс. Уый размæ Иракы премьер-министры уынаффæгæнæг æмæ йæ администрацийы къухдариуæггæнæг Абдулкарим Хашим Мостафа фехъусын кодта, зæгъгæ, Сирийæ АИШ йе ‘фсæдты хъуамæ ракæна Скæсæн Ефраты районы сæ операци фæуыны фæстæ 1-æм апрелы онг. Пентагоны минæвар Шон Робертсон нæ бафидар кодта уыцы æмгъуыдты тыххæй. Сирийы ныртæккæ ис 2000 америкæйаг æфсæддоны, уыимæ уыдон уым сты ацы бæстæйы къухдариуæгад сæ уæвынады тыххæй не сразы ис, афтæмæй.

НÆЙ БЫНДУР РАКЕТÆТÆ РАВÆРЫНÆН

Чехийы президент Милош Земаны бафарстой, зæгъгæ, бæстæмæ АИШ куы бахатой уæ территорийыл америкæйаг ракетæтæ равæрыны тыххæй, уæд дын цахæм реакци уыдзæн. Земан фехъусын кодта, зæгъгæ, йæ бæстæйы территорийыл америкæйаг ракетæтæ равæрынæн ницахæм бындур ис.

Информацион агентадты хъусынгæнинæгтæм гæсгæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.