Мæ уыцы хорз хистæр хæлæрттæй иу у  газет «Рæстдзинад»-ы   хайады сæргълæууæг, УФ-йы Журналистты æмæ Фысджыты цæдисты уæнг,  Джусойты Нафийы номыл  национ литературон премийы лауреат, Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг, Хуссар Ирыстоны   сгуыхт журналист  Багаты Аврам.  

Æз æй ме ‘взонджы кары базыдтон. Газет «Рæстдзинад»-ы  редакцийы къæсæрæй фыццаг хатт куы бахызтæн, уæдæй фæстæмæ дзы рæвдыд æмæ фæлмæн дзырдæй уæлдай  ницы  рафауинаг   хъуыддаг зонын. Аврам  газет «Рæстдзинад»-ы  кусы 45 азæй фылдæр æмæ йæм  газеты куыстмæ цы домаг æмæ бæрнон цæстæнгас ис, уый дæр мын  æххуыс цы у, æндæр  мын хæрамы хос нæ вæййы. Уымæн æмæ йæ зонын, мæнмæ цы домаг цæстæй кæсы, ахæм зæрдæ дары йæ куыстмæ йæхæдæг дæр. Уæдæ йæ уæздандзинад æмæ  æфсармæн, цыргъзонддзинадæн та æмбал нæй.

Уымæ гæсгæ мын йæ ног чиныг «Хуртуан» куы балæвар кодта, уæд ыл бацин кодтон, стæй йæ фыссæн сисы бынæй цы уацтæ, очерктæ, радзырдтæ, суанг ма æмдзæвгæтæ рацæуы, уыдон  иу цъары, иу цары бын фенын дæр мæ фæндыд, кæд мæ хъуыды  нæ буц хистæрæн никуы схъæр кодтон, уæддæр.

Йæ ног чиныг «Хуртуан» райдайы авторæн  йæхи царды æрфыстæй. Уымæй мах базондзыстæм, Аврам  кæй райгуырд  Цæгат Ирыстоны,  Ногиры хъæуы. Бирæ азты цард Тарскæйы хъæуы. 1970 азы каст фæци Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон педагогон институты (ныр – университет) ирон-уырыссаг хайад. Уый фæстæ æрбацыд кусынмæ газет «Рæстдзинад»-ы редакцимæ. Æмæ дзы уæдæй абонмæ зæрдиагæй  кусы. Йæ дæсныйады фæндаг райдыдта  уацхæссæгæй. Уыд газеты сæйраг редакторы хæдивæг. Ныр та у  патриотон хъомылады хайады сæргълæууæг. Газеты йын иудадзыгдæр цы уацтæ æмæ очерктæ  рацæуынц мыхуыры, уыдон сты сæйрагдæр Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайджыты цард æмæ хæстон сгуыхтыты тыххæй фыст.  Уæдæ нæ инæлартæ, булкъонтæ æмæ æндæр  æфсæддон цинтæ хæссæг  службæгæнджытыл  цы æрмæджытæ фыссы, ног чиныгмæ дæр дзы къорд уацы хаст æрцыд («Иссæ»), «Агысайы хæстон  фæндæгтæ», «Хæстон, поэт, журналист», «Ирыстойнæгтæ  Курскы карз хæсты»,  «Тæвд уыдис  Сталинграды»,  «Мæскуыйы бынмæ тохты»,  «Дыууæ фронты архайæг…».  Уыдонæй зыны, Аврам йæ уацтæ хус æмæ æнæхъуаджы  рахъуыды-бахъуыды æвдисæг дзымандытыл кæй  нæ амайы, фæлæ сæ кæй  хъæздыг кæны, цаутæ æмæ архайд æвдисæг  сюжетон хъуыдытæй. Куы хъæуа, уæд та йе ‘рмæджы йæхи цæстæнгас дæр фæбæрæг кæны.  Æмæ ахæм æрфысты æмæ сфæлдыстадон фæндагыл кæй цæуы нæ хистæр, уымæй  йæ уацтæ сты æхсызгонæн кæсинаг, йæ алы æрмæг дæр баззайы нæ зæрдæты.  Куыд публицист, афтæ Аврам йæ зæрдиаг ныхас загъта нæ фарны лæг, дзæнæттаг Джусойты Нафийы тыххæй кæй загъта (очерк «Нæхи Нафи») æмæ равдыста йæ ахаст нæ Ирыстоны иузæрдион хъæбулмæ. Уыцы ахаст та у бафæзминаг канд мæнæн нæ, фæлæ ма дзырдаивады хуымы ауæдз акæнынмæ чи хъава, уыдонæн дæр, стæй иумæйагæй  нæ фæсивæдæн.

Бирæ хорз æрмæджытæ йæм ис  фыст  генералиссимустæ  Александр Суворовы (уым равдыста,  номдзыд æфсæддон балхон  Мæздæгмæ цы бар дары, уый), Иосиф  Сталины,  СЦКП-йы Генералон секретарь  Юрий Андроповы æмæ иннæ политикон, æхсæнадон, зонадон архайджыты тыххæй.  Чиныг  «Хуртуан»  чи бакæса, уый Аврамы базондзæн, канд куыд курдиатджын  публицист  нæ, фæлæ ма прозаикæй дæр. Йæ радзырдтæ  («Къобор»), «Фæсфурдаг хæдон», «Туман», «Авдæн», «Уæй-гæнæг»,  «Æнæном ингæн» …) сты мидисджын, сæ ранывæст  комкоммæ йæ архайджыты ныхасæй, кæм та – удыхъæды æрфыстæй, кæм та авторæн йæхи  хъуыдыйæ кæй райдайынц, уымæй.  Куы сæ бакæсæм, уæд  худгæ дæр фæкæндзыстæм, кæугæ дæр, стæй цард æмæ адæмы удыхъæды ‘хсæн цы иудзинад ис, уый дæр бамбардзыстæм.

Аврам  йæ радзырдты пайда кæны тынг арæх диалогæй. Уый фæрцы та  йæ архайджытæ сæхæдæг се сныхасæй, сæ кæрæдзимæ ахастæй сæ миддуне раргом кæнынц.  Афтæмæй та  иуæй  радзырдты  æцæгдзинадыл  хуыздæр баууæндæм, иннæмæй та  сæ цымыдисдæрæй кæсæм.  Мæ зæрдæ мæм афтæ дзуры, цыма сæ пьесæты хуызы дæр  куы ранывæндид, уæд  нæ фæрæдиид. Фæлæ, чизоны, уыцы хуызы сæ йæхи бæсты ранывæндиккой, зæгъæм, скъолаты ахуыргæнджытæ кæнæ нæ ирон профессионалон театры артисттæ, режиссертæ.  Цæмæй афтæ уа, уый тыххæй та чиныг «Хуртуан» фæхæццæ кæнын хъæуы нæ республикæйы скъолаты ахуыргæнджытæм, адæмон æмæ профессионалон театры архайджытæм, цæмæй йæм æркæсой æмæ дзы хъомыладон куысты, адæмы зæрдæтæм  удхъомысы хæрзтæ хæссыны хъуыддаджы пайда кæной. Бынтон ахъаззаг та уаид, чиныг «Хуртуан»-ы мыхуыргонд хицæн уацмыстæ, ирон литературæйы   ахуыргæнæн чингуытæм бахæссын.

Багаты Аврамы ног чиныджы канд очерктæ, уацтæ æмæ радзырдтæ бакæсæн нæй, фæлæ ма нын дзы автор фадат дæтты йæ поэтикон курдиатæн аргъ скæнынæн дæр.  Йе ‘мдзæвгæты дæр зыны йæ фæлмæн æнкъараг зæрдæйы ахаст  ныййарæгмæ (æмдз. «Тæхæджы мад»),  фыссæггæндтæм: «Æдзæхх  уацмыс), райгуырæн зæхмæ (æмдз. «Хохы къæртт», «Бæллиц», «Уырыссаг пец»…), уарзты æнкъарæнтæм («Хæрзбон», «О, чызгай»… Æрдзон фæзындтытæм (æмдз. «Терк»),  Ирыстоны æмæ нæ бæстæйы  намысджын фырттæм (æмдз. «Терчы хъæбул»,  «Хъамбердиаты Мысостæн»,  «Кобзоны цæссыг»…). 

Уæдæ  Аврам  ныр æнусы ‘мбисмæ хæстæг цы  фарны артдзæсты кусы – газет «Рæстдзинад»ы редакцийы, уый йын зынаргъ  æмæ адджын кæй у, уый бæрæг у, йæхæдæг дзы зæрдиаг фæллой кæй кæны, цæстуарзонæй йæ кæстæр æмкусджытæн йæ профессионалон фæлтæрддзинадæй хай кæй кæны,  стæй  газеты раздæры æмæ ныры кусджытæй бирæтыл мидисджын æрмæджытæ кæй фыссы, уымæй нæ, фæлæ ма  газеты фарныл йæхи ныхас загъта   сæрмагонд æмдзæвгæйы. Ныффыста йæ  газеты радон юбилейон бæрæгбонмæ:

Дыууиссæдз аз дыууиссæдз боны не сты,

Фæкæнын сыл мæхинымæры дис,

Æнæмæт дуджы хъал бонтæ куы фесты,

«Рæстдзинад»-имæ скодтам уæд  цæдис.

Æмæ цæуæм уæдæй нырмæ мах размæ,

Нæ цин дæр иу – нæ хъыг дæр уæдæ – афтæ,

«Рæстдзинад»-æн йæ юбилейон азмæ,

Кæнынц йæ хуыздæр хæлæрттæ ныр арфæ,

Цæр нын,  «Рæстдзинад» мин-мин аз фæрнæй,

Фыддугтæн  дæр ды ма баком сæттын,

Дæуæй ирон дæр газетты  ‘хсæн нæй,

Нæ цæдис, фидар ард дын æз хæрын!

Ацы æмдзæвгæйы цы хъуыдытæ ранывæста, стæй иумæйагæй  йæ ног чиныг «Хуртуан»-мæ  цы уацмыстæ  бахаста, уыдоны хъуыдытæй æмæ æнкъарæнтæй дзаг æмæ æххæст у йæхи цард дæр.  Зыны сæ, йæ зæрдæйы кæй тæлфы, ирон уæздан лæджы, цæстуарзон хистæр æмкусæджы, уарзон фыды, Ирыстонæн  йæ уды æппæт уыцы хорзæхтæй лæггад кæнынæй чи нæ фæллайы,  ивгъуыдæн аргъ æмæ кад кæнын чи зоны, афтæмæй  йæ кары рындзтæй сæрыстырæй чи фæлгæсы,  ахæм патриот æмæ æмбæстаджы зæрдæ. Æмæ йæ чиныг «Хуртуан» фæуæд нæ алкæйы зæрдæтæм рухс æнкъарæн-тæ хæссæг! 

ГАСАНТЫ Валери

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.