1984 азы амард Индийы премьер-министр Индира Ганди. Уый историмæ бацыд куыд зондджын æмæ хъаруджын къухдариуæггæнæг, афтæ, кæцы бирæ сарæзта Индийы дунеон авторитет сфидар кæныны тыххæй. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм ивгъуыды номдзыд сылгоймæгты, кæцытæн, куыд Индира Гандийæн, афтæ сæ къухты бафтыд политикæйы къабазы дуне фæивын.

Голда Меир, израилаг политикон æмæ паддзахадон архайæг. Уый уыд Израилы 5-æм премьер-министр. Голда Меир йе ‘ппæт цард снывонд кодта, йæ сабибонты йæ чи фæхъыг кодта, уыдоны скуынæг кæныны тыххæй. Сæрмагондæй, дзуттæгты бафхæрыныл. Голда Меир йæхæдæг уыд иммигранткæ æмæ ссис иунæг сылгоймаг, кæцы бафыста Деклараци Израилы хæдбардзинады тыххæй, уыд Уæрæсейы Израилы фыццаг минæвар, фæллойы æмæ социалон фæдзæхсты фыццаг министр, фæсарæйнаг хъуыддæгты министр-фыццаг сылгоймаг, æмæ, æппынфæстаг, фыццаг æмæ иунæг сылгоймаг-премьер-министр. Кæройнаг хатдзæджы, уый ссис фыццаг сылгоймаг-фæтæг. Номхуындæй, Меир ссис цæвиттойнаг фидæны сылгоймæгтæ-лидертæн, куыд Маргарет Тэтчер æмæ Индира Гандийæн.

Индира Ганди у фыццаг сылгоймаг, кæцы цалдæр азы дæргъы лæууыд Индийы хицауады сæргъ. Уый бацыд ацы бæстæйы историмæ. Йæ рæстæджы Инди ссис хæстон блокмæ ма баиукæныны змæлды лидертæй сæ иу. Ганди тох кодта гæвзыкдзинады ныхмæ, уый ауагъта бангты национализаци. Йæ хицауиуæгады рæстæджы бæстæйы тагъд темптæй рæзт сæудæджерад, уыцы нымæцы уæззау сæудæджерад дæр, арæзт æрцыд фыццаг атомон электростанц (Махараштрайы штаты). Хъæууон хæдзарады æрцыд цъæх революци. Уый руаджы паддзахад фыццаг хатт бирæ азты дæргъы ссис хæдбар хæлцадон продуктты импортæй. Ныры онг дæр Индира Гандийы нæ рох кæнынц æмæ йæ мысынц йæ райгуырæн бæстæйы. Æнæхъæн дунейы йын йæ номæн кад кæнынц.

Глория Стайнем – æхсæнадон æмæ политикон архайæг, феминистон змæлды лидер, АИШ-ы бирæ организациты æмæ проектты бындурæвæрæг. Ацы сылгоймаг стыр хайбавæрд бахаста барты æмбардзинады тыххæй закъон баххæст кæнынмæ («Гражданские права для черных в Америке», «Поддержка бедных», «Права женщин»). Уый ма дзырдта традицион сылгоймæгты архайдмæ фылдæр хъусдард аздахынмæ,  лæг æмæ усыл бинонты хæслæвæрдтæ адих кæныны демократондзинады тыххæй дæр. 1972 азы йæ «McCaIIis» схуыдта «Афæдзы сылгоймаг» æмæ фæстæдæр та, 1983 азы Америкæйы иууыл дзырддзæугæдæр сылгоймагыл.

Маргарет Тэтчер. Уый уыд Стырбританийы 71-æм премьер-министр. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Тэтчер кæй уыд фыццаг  сылгоймаг, кæцы ахста ацы пост. Уый æдтейæ ма, уый у фыццаг сылгоймаг, кæцы ссис европæйаг паддзахады премьер-министр. Маргарет Тэтчер райста «æфсæйнаг леди»-йы фæсномыг советон къухдариуæгады карзæй кæй критикæ кодта, уый тыххæй. Йæ хицауиуæгады рæстæджы уый царды ныббиноныг кодта къорд консервативон мадзалы. Йæ архайдтытæ систы афтæхуыйæнг «тэтчеризмы» политикæйы хай.

Æрмæгыл бакуыста

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.