Мæ хорз зонгæ, нæ горæты Лермонтовы уынджы цæрæг Зæгъойты Вова мыл куы амбæлы, уæд ныхас æрæфтауы, газет «Хурзæрин»-ы фæстаг номыртæй йæ зæрдæмæ иууыл тынгдæр цы уацтæ фæцыд, уыдоныл.  Зæгъойы-фырт ирон периодикон мыхуырыл афтæ æнувыд кæй у, уый тыххæй мæ бафæндыд йемæ фембæлын æмæ аныхас кодтам уыцы фарстайы фæдыл.

Ацы зæрдæхæлар адæймаджы раппæлинаг миниуджытæй иу уый у, æмæ йæ зæрдæмæ арф кæй исы ирондзинад. Æндæр æмæ æндæр рæтты ацæрыны фæстæ йæ уарзон уæзæгмæ куы æрцыд, уыцы азæй фæстæмæ уый алы аз дæр рафыссы бынæттон периодикон мыхуыр. Зоны, постхæссæг æм цы рæстæджы æрбадæтдзæн газеттæ, уый æмæ уайтагъд йæ уарзон газеттыл сæм-бæлы цины æнкъарæнтимæ. Цыма йыл æртæ стыр хæрзиуæджы сæмбæлы, афтæ хъæлдзæг зæрдæйы равг вæййы ноджы йæ худæндзаст цæсгомыл, газеттæ «Хурзæрин», «Южная Осетия» æмæ «Республика» йæ къухмæ куы райсы, уæд. Алы уац дæр бакæсы лæмбынæг æмæ зæрдиагæй. Вовайы хорздзинæдтæй ма ноджыдæр иу уый у, æмæ цы уац бакæсы, уый баззайы йæ мысынады æмæ сæ йе мбæлттæй искæмæн куы фæдзуры, уæд ыл дис дæр фæкæнынц. Йæ зæрдæмæ иууыл æввахсдæр сты ахæм темæтыл фыст уацтæ, куыд «Æнæниздзинады къуым», «Хорз адæймæгты тыххæй», «Бинонты цард» æмæ æндæртæ. Цы уацхæсджытæ дзы фæллой кæнынц, уыдон куыст æмæ архайдæй у тынг райгонд сæ хæрзгъæд æмæ мидисджын уацты тыххæй. Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ цæуынц æмæ æхсызгондзинады æнкъарæнтимæ базонгæ вæййы Джиоты Екатеринæ, Бестауты Валя, Хуриты Батрадз, Уазæгты Марфа, Джиоты Алыксандр, Биазырты Мæдинæ, Уалыты Гугули æмæ æндæр авторты уацтимæ.

Абон у Ирон мыхуыры бон æмæ ирондзинадыл æнувыд адæймаг кæддæриддæр хорз зæрдæйы уагимæ æмбæлæд ацы бæрæгбоныл.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.