Ныры дуджы адæймаг йе ‘рвылбонон царды уыйбæрц дзаумæттæй пайда кæны, æмæ сæ равзæрдыл хъуыды дæр никуы акæны. Бирæтæ дзы ахæм хуымæтæджы арæзт сты, æмæ се ‘ддаг бакастæй зæгъæн ис, зæгъгæ  йæ æрымысынæн бынтондæр ницы хъуыд. Фæлæ афтæ нæу. Алкæцы дзаумайæн дæр ис йæ равзæрды истори æмæ йæ чи æрхъуыды кодта, ахæм адæймаг дæр. Хъыгагæн, ис бирæ ахæм дзаумæттæ, кæцыты сфæлдисджыты нæмттæ ферох сты дзæвгар рæстæг рацæуыны фæстиуæгæн  кæнæ та нæ баззадис бæрæггæнæнтæ йæ æрымысыны историйæ.

Ӕвæццæгæн, иу ахæм хæдзар дæр нæ разындзæнис, кæцыйы никуы спайда кодтой æндадзæн лентæйæ, ома, «скотч» кæй хонæм, уымæй. Скотч нын стыр æххуыс вæййы алыгъуызон тыхст ситуациты, – чиныджы сыфтæ, скъуыд æхцатæ бандадзынæн, лæвæртты тарæтæ барæсугъд кæнынæн. Ӕгæрыстæмæй ма йæ фæрцы хæлцадон продукттæ дæр бафснайæм. Ацы диссаджы дзаума 90 азы размæ æрымысыд америкæйаг æрыгон инженер Ричард Дрю. «Скотч» англисаг ӕвзагӕй нысан кӕны «шотландиаг», фӕлӕ нӕдӕр йӕ æрымысӕг уыдис шотландиаг, нӕдӕр ӕй Шотландийы æрымысыдысты. Уӕды рӕстӕджы чъынды лӕджы хуыдтой «шотландиаг» ӕмӕ Ричард Дрю йӕ фыццаг ӕндадзӕн лентӕ куы радта машинӕтӕ ахорӕг-мӕ, уӕд дзы уый рахъаст кодта, зӕгъгӕ, лентӕйӕн ӕрмӕстдӕр йӕ кӕрӕттыл ис клей ӕмӕ афтӕмӕй зынархайд у, ома, «шотландиаг» дӕ, цӕмӕн экономи кӕныс клейыл. «Скотч» уӕдӕй фӕстӕмӕ баззад номӕн ӕндадзӕн лентӕйæн.

1923 азы 24-аздзыд Ричард Дрю кусынмæ бацыд фирмæ «Minnesota Mining and Manufacturing»-мæ лабораторон техникæй, кæцы уагъта наждакæй гæххæттытæ. Куыстмæ цæ-уыны тыххæй йæ фыстæджы афтæ фыста æрыгон инженер: «Мæнæн нырма куысты стаж нæй æмæ уæ бирæ ницы бадомдзынæн, – цы мын снысан кæнат куыстмыздæн, ууыл разы дæн. Физикон куыст кæнын дæр мæ бон у æмæ ма зонын трактор скъæрын дæр».

Ацы куыстуатмæ цалынмæ æрыгон инженер æрбацыд кусынмæ, уæдмæ æййæфтой стыр зиæнттæ, уымæн æмæ сæ наждачы гæххæттыты гъæд уыд мæгуырау. Клей ӕгӕр лӕмӕгъ кӕй хӕцыд дурты ссадӕгыл, уый фӕстиуӕгӕн сын сӕ нал ӕлхӕдтой адæм. Ӕрымысын хъуыд ӕндӕр клейы хуыз ӕмӕ кӕд Ричард Дрюйыл сӕ зӕрдӕ тынг нӕ дардтой, уӕддӕр зӕрдӕргъӕвд лӕппу ӕдзух архайдта, цымыдис кодта, лабораторийы арӕзта алыгъуызон клейты хуызтӕ. 1928 азы ӕрымысыд ног клейы хуыз, фӕлӕ уый дӕр уӕддӕр йӕ домӕнтӕн кӕронмӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдта æмæ куыста йæ фæхуыздæр кæныныл. Ӕнтыстытӕ йын кӕй нӕ уыд, уый тыххӕй йын йӕ хистӕр бар нал лӕвӕрдта, цӕмӕй ма дард-дæр кодтаид лабораторон куыстытӕ, ома, æгæр бирæ хардз кæны æмæ дзы пайда та нæй. Ӕрыгон инженер йӕ хъуыддаг ӕрдӕгыл нӕ ныууагъта, – йӕхи æхцайы фӕрӕзтӕй балхӕдта ӕрмӕджытӕ ӕмӕ станок, ӕмӕ дыууӕ азы фӕстӕ йӕ къухты бафтыд ӕнтыст. Ссардта ахӕм клейы формулӕ, кӕцы иттӕг хорз сбӕззыд ӕндадзӕн лентӕйӕн ӕмӕ йын 1930 азы 27-ӕм майы райста патент. Уыцы аз ног фӕзынгӕ продукт ахӕм номимӕ «Целлюлозон лентӕ Scotch» апарахат дуканитыл ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ ссис тынг популярон.

1930 азты АИШ-ы уыд экономикон кризис æмæ тынг бирæ куыстуæттæ баййæфтой стыр зиæнттæ, – бирæтæ дзы æхгæд дæр æрцыдысты. Фæлæ Ричард Дрюйы компани та  скотчы фæрцы ноджы тынгдæр райрæзт, райста фылдæр кусджытæ æмæ ноджы хуыздæр уавæрты райдыдтой сæ инновацион куыстытæ кæнын. Рауагътой 100 хуызæй фылдæр клей-тæ, лентæтæ, абразивтæ, дыууæфарсон арæзтадон скотчтæ, алыгъуызон хирургион пъластыртæ, респираторон маскæтæ æмæ ма æндæр хъæугæ дзаумæттæ. Уый йæхæдæг 40 азы дæргъы йæ номыл сфидар кодта 30 патентæй фылдæр.

Ричард Дрю фæцард 81 азы æмæ амард 1980-æм азы. Йе ‘рымысгæ дзаумæтты тыххæй йæ ном хаст æрцыд новаторты элитон къордмæ. Йæ коллегæ Пол Хансен афтæ фыста: «Йæ хъæддыхдзинад махæн хъуамæ уа фæзминаг. Ӕрмæстдæр тынг чи тырны æмæ удуæлдай архайд чи кæны, уыдоны къухты бафты æнтыст. Бирæтæ бынтондæр никуы ахъуыды кæнынц ууыл, æмæ алы стыр æнтысты фæстæ дæр кæй лæууы бирæ фыдæбон».

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.