Рагæй фæстæмæ адæмыл алыгъуызон хæцгæ низтæ арæх хæцыдысты, кæцыдæртимæ дзы дохтыртæ тох кодтой æнтыст-джынæй æмæ афтæ тæссаг нал уыдысты куыдфæстагмæ.  1530 азы горæт Женевæйы емынæ куы сыстадис, уæд ацы эпидемимæ дæр хорз цæттæ уыдысты медицинæйы къабазы кусджытæ, кæд дзы мæлгæ дæр бирæ кодта низы фæстиуæгæн адæмæй, уæддæр. Æвиппайды рынчынтæн бакодтой госпиталь, кæцыйы тынг хорз уавæртæ уыд уæды рæстæджы. Фæлæ ацы рынчындонмæ мæгуыр адæм не ‘фтыдысты – купецтæ æхца фыстой дохтыртæн, цæмæй дзы уыдоны хуыссын кæной æмæ сæм дзæбæх кæсой. Фидгæ та сын хорз кодтой, стæй ма-иу купец иунæг куы уыд æмæ-иу низæй куы амард, уæд-иу йæ фæллой баззадысты рынчындонæн.

Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ низ лæмæгъ кæнын райдыдта, рынчынтæ бæрæг фæцъусдæр сты æмæ дохтыртæм дæр æфтийæгтæ къаддæр хауын райдыдта. Госпиталы кусджытæн емынæ пайда кæй хаста, уый дызæрдыггаг нæу, æмæ ныр хъынцъым кæнын райдыдтой. Уыдонæн уæлдай уыд, адæм скъуыйгæ кодтой æмæ тухийæ мардысты, уый. «Кæд емынæ пайда хæссы дохтыртæн, уæд карз низ нæу, фæлæ пайдайы низ».

Æмæ райдыдтой дохтыртæ сæ сау хъуыддæгтæ аразын. Фыццаджы уал, цæмæй низæй фæмардуæвджыты нымæц фæфылдæр кодтаиккой, уый тыххæй емынæйæ хъæстæ кæнын райдыдтой æнæниз адæмы, æмæ уый фæстиуæгæн сæ госпиталы рынчынтæ фæфылдæр сты. Фæлæ сын уый фаг нæ уыд æмæ стæй райдыдтой ноджы фыддæр митæ – низæй фæмардуæвджытæн лыг кодтой сæ хъæдгæмттæ, хус сæ кодтой, уый фæстæ сæ ссадæг арæзтой æмæ йæ стæй калдтой дзаумæттыл æмæ алыгъуызон хæдзарон предметтыл. Ӕхсæвыгæтты-иу дохтыртæ рахызтысты горæтмæ æмæ-иу уыцы ссадæгæй байсæрстой хæдзармæ бахизæнты дуæрттæ (фылдæр хъавыдысты хъæздыг адæймæгты хæдзæрттæм, цæмæй сын стæй фылдæр фæпайда уой). Фæлæ низ уæддæр лæмæгъæй-лæмæгъдæр кодта, эпидеми мынæг кодта, – æвæццæгæн, хус ссадæг йæ миниуджытæ сафын райдыдта.

Фæстагмæ рынчындоны кусджытæ сæхи афтæ сæдзæсгом кодтой æмæ сæ налат митæ æмбæхсгæ дæр нал кодтой. Иу дохтыр дзы боныгон адæмы къорды астæумæ баппæрста уыцы хъæстæ ссадæджы тыхтон. Æвæццæгæн æй зонгæ дæр нæ бакодтаиккой, ницæмæ йæ æрдардтаиккой, фæлæ дзы тынг æвзæр смаг райдыдта кæлын – æввахс æрлæууæнтæ дæр нал уыд. Адæмы амондæн се ‘хсæн разынд иу сылгоймаг, кæцы хæрзæрæджы рацыд госпиталæй, йæхицæн хос кодта емынæйæ, æмæ уый бамбæрста, цæй смаг у, уый.

Фыдгæнæг ахст æрцыд æмæ йæ куы æрфарстой, уæд иууылдæр радзырдта йæ коллегæты фыдракæндты хабæрттæ. Цыбыр рæстæгмæ ахст æрцыдысты иууылдæр æмæ сын рахастой мæ-лæты тæрхон. Ныббастой сæ цæджындзтæм, стæй сæ сæвæрдтой уæрдæттыл æмæ сæ горæты уынгты ралас-балас кодтой. Алы фæзилæны дæр-иу æрлæууыдысты æмæ-иу сын сæ буæрттæй чъылбыстæ сæппæрстой. Стæй сæ баластой горæты астæу фæзуатмæ æмæ сын сæ сæртæ акъуырдтой. Афтæ фервæзтысты Женевæйы цæрæг адæм сæ емынæйæ.

 

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Алыксандр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.