Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Нигкоты Беза фронты йæ равдисгæ хъæбатырдзинæдтæй диссагæн баззад. 1944 азы 29-æм ноябры йæ бавдыстой Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ, фæлæ цæмæдæр гæсгæ 1945 азы 10 марты хорзæхджын æрцыд Стыр Тырысайы орденæй.

Нигкоты Беза райгуырд Дыгуры комы Махческы хъæуы. 1939 азы йæм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм. Ам службæ кæнгæйæ, райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Хæцыд Фæскавказы, Цæгат Кавказы, Хуссар-Ныгуылæн, Степной æмæ 2-æм Украинæйаг фронтты. Хайад иста Цæгат Кавказы, Донбассы, Украинæ, Молдова, Румыни, Венгри æмæ Чехословаки ссæрибар кæныны тохты. 196-æм куынæггæнæг   танкæты ныхмæ тохгæнæн дивизионы командиры хæдивæг, хистæр лейтенант Нигкоты Беза уæлдай стырдæр хъæбатырдзинæдтæ равдыста 1944 азы Венгрийы ссæрибар кæныны тохты. Венгрийы территорийыл ныхмæлæууæджы фæстæмæ æп-паргæйæ, йæ мотокъордимæ бабырста Терексентмиклошы станцмæ, цыран сбæрæг кодта эшелоны. Скуынæг кодтой ныхмæлæууæджы 80 салдаты æмæ афицеры æмæ цалдæр вагоны. Уыцы бон ма сын горæт Сольнокы хуссары, 675-æм æхсæг полчы пулеметчикæн, Безайы командæйы бын бацайдагъ тох ныхмæлæууæгимæ, кæцытæ хъахъхъæдтой аэродром. Бацахстой аэродром æмæ йæ хъахъхъæдтой, цалынмæ полчы сæйраг тыхтæ æххуысмæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ. Аэродромы уыд 140 хæдтæхæджы бæрц. Историйы дыккаг ахæм цауыл не ‘мбæлæм, цæмæй æрцахстæуа уыйбæрц хæдтæхджытæ. Нæ цæстытыл ма йæ ауайын кæнæм, 140 хæдтæхæджы уæлдæф-мæ куы стахтаиккой, уæд цахæм зиан ракодтаиккой. Фæлæ Нигкоты Безайы фæндвидар архайдтыты фæрцы аэродром бацахстой æмæ хæдтæхджытæн сæ бон нал ссис стæхын. Нигкоты Беза Уæлахизы боныл сæмбæлд Чехославакийы. Хæстæй æрыздæхт капитаны цины.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ Нигкоты Беза йе службæ адарддæр кодта Венгрийы территорийыл. Советон Цæдисы Гарзджын тыхты рæнхъыты йе службæ ныууагъта 1946 азы. Куыста алыгъуызон бæрнон бынæтты, уыцы нымæцы – Советон Цæдисы Коммунистон партийы Махческы райкомы 1-аг секретары, Ирафы райкомы 2-аг секретары бынæтты, Ленины номыл колхозы сæрдарæй æмæ афтæ дарддæр. Йæ цардæмбал Гобеты Серафимæимæ схъомыл кодтой цыппар чызджы. Ирон хъайтар цардæй ахицæн  1984 азы 13 марты.

«Нигкоты Беза гæнæн ис бахауа Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ аэродром æмæ уыйбæрц хæдтæхджытæ кæй æр-цахстой, уый тыххæй. Историйы иунæг ахæм цау кæй уыд, уымæ гæсгæ», – банысан кодта патриотон клуб «Родина»-йы къухдариуæггæнæг Хъарданты Тимур.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм уый дæр, æмæ Уæрæсейы Рекордты чиныгмæ кæй бахаудтой æртæ ирон хъæуы: Камунта – уым, иууыл бæрзонддæр бынаты, æрвылаз дæр уагъд æрцæуы акци «Æнæмæлгæ полк»,  Къостайы (Лабæ) – Советон Цæдисы æртæ хъайтары райгуырæн хъæу æмæ Сырх Дыгур – уырдыгæй рацæугæ сты Уæрæсейы Фысджыты цæдисы фондз уæнджы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.