Миллиардер æнæ уæлдæр ахуырадæй стæм цау нæу. Билл Гейтс, Стив Джобс, Марк Цукерберг – уыдон се ‘ртæ дæр ныууагътой тынг хорз университеттæ бизнесы тыххæй. Æниу, абоны хъæздгуыты ‘хсæн цъус нæй ахæмтæ, кæцытæ, æгæрыстæмæй, каст нæ фесты астæуккаг скъола дæр. Уыдонæй сæ иутæ амалиуæггæнæджы «низæй» фæрынчын сты æнахъомтæй, иннæтæ та кусынмæ бацыдысты, цæмæй сæ бинонты фæдардтаиккой, æртыккæгтæ та ахуыры бæсты равзæрстой спорт. Фæлæ сæм  ахуырады тыххæй диплом кæй нæ уыд, уый сæ нæ бахъыгдардта, цæмæй стыр æнтыстытæ сæ къухты бафтыдаиккой.

Амансио Ортега у испайнаг амалиуæггæнæг – компани Inditex-ы бындурæвæрæг. Йæ исад у 62,2 миллиард долларæй фылдæр. Журнал Forbes-ы версимæ гæсгæ, уый у дунейы иууыл хъæздыгдæр адæймæгты рейтинджы хайадисæг, бацыд планетæйы иууыл хъæздыгдæр æртæ адæймаджы номхыгъдмæ, цалдæр азы размæ йæ исад 19,5 миллиард доллары куы фæфылдæр, уæд. Брендты хицау скъола ныууагъта 13-аздзыдæй. Йæ фыд куыста æфсæнвæндаджы, йæ мад та уыд æххуырст, æмæ бинонтæн æхца бынтондæр нæ фаг кодта.

Нырма Ортега куыста карцкæрдæгмæ цумайы лæппуйæ, уый фæстæ та бацыд кусынмæ магазинмæ. Фидæны миллиардер æлхæдта аслам æрмæджытæ æмæ хуыдта дзаумæттæ, кæцыты балхæнын йæ бон уыд алкæмæн дæр. Амалиуæггæнæджы æмбарынад æмæ куыстуар-зондзинад лæппуйæн разындысты ахуырадæй ахсджиагдæр. 1975 азы Ортега йæ цардæмбалимæ бакодтой сæ фыццаг магазин æмæ уайтагъд се ‘фтигæтæ рæзын райдыдтой.

Ли Ка Шинг – компани Cheung Kong Croup-ы  сæргълæууæг, йæ исбон у 40 миллиард доллармæ æввахс. Журнал Forbes-ы миллиардерты номхыгъды ис 8-æм бынаты. Азийы хъæздыгдæр адæймæгтæй сæ иу райгуырд мæгуыр ахуыргæнджыты бинонты ‘хсæн. Ли Кашингыл куыддæр 14 азы сæххæст, афтæ йæ фыд рæуджыты низæй амард æмæ лæппуйы бахъуыд йе скъола ныууадзын æмæ кусынмæ бацæуын. Нырма уæй кодта сахаты бостæ, уый фæстæ та кусынмæ бацыд фабрикæмæ, кæцы уагъта пластмассæй арæзт дидинджытæ. Ли Кашинг боны мидæг куыста 16 сахаты æмæ авд азмæ бакуыста йæ бизнесы райдиан капитал. Йе ‘хца сфаг ис пластиктæ уадзæн чысыл завод бакæнынæн. Цыбыр рæстæгмæ уый бацыд китайаг бизнесменты фыццаг эшелонмæ. Сарæзта хæрзаудæн фонд, кæцы ахуырадон уагдæттæн æххуыс кæны милуан доллартæ.

Франсуа Пино – компани Kering-ы сæргълæууæг, йæ исбон у 24 миллиард доллары. Иу хатт Франсуа басаст, зæгъгæ, йæ иунæг ахуырады æвдисæндар у машинæ скъæрыны бартæ. Французаг миллиардер скъола ныууагъта 16-аздзыдæй æмæ дарддæр хъуыды дæр нал акодта йæ ахуыр адарддæр кæныныл. Пинойы фыд уыд хъæдæрмæг уæйгæнæг, æмæ цæттæ уыд йæ фæстаг франк радтынмæ дæр, цæмæй йæ фырт диплом райстаид. Фæлæ Франсуайы зæрдæмæ тынг нæ цыд ахуыр кæнын. Иннæ ахæм та йыл æппынæдзух йе ‘мбæлттæ худтысты, мæгуыр кæй уыд, уый тыххæй. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уый ссис Францы иууыл дзырддзæугæдæр адæймæгтæй сæ иу.

Ричард Брэнсон – корпораци Yirgin Group-ы хицау, йæ исбон у 21 миллиард доллары. Брэнсон дæр нæ фæцис каст астæуккаг скъола, 16-аздзыдæй йæ расырдтой скъолайæ, æвзæр кæй ахуыр кодта, уымæ гæсгæ. Ричардæн скъолайы директоры фæстаг ныхæстæ уыдысты: «Хорзыл амбæл, Ричард. Ды кæнæ бахаудзынæ ахæстонмæ, кæнæ та тынг схъæздыг уыдзынæ». Уыцы рæстæгмæ Брэнсонмæ уыд амалиуæггæнæджы чысыл фæлтæрддзинад, зайын кодта ногазон назбæлæстæ æмæ хъомыл кодта тутитæ уæй кæныны тыххæй. Цалынмæ йе ‘мкъласонтæ скъолайы ахуыр кодтой, уæдмæ уый та сырæзын кодта йæ фыццаг масштабон проект – рауагъта фæсивæдон журнал Student.

Æрмæг бацæттæ кодта

ГУЫЦМÆЗТЫ Евелинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.