Бæрæгбон. Цы ма уа уыцы дзырдæй адджындæр адæймагæн. Уайтагъд зæрдæ схæлбурцъ кæны фырцинæй æмæ мингай æн-къарæнтæй айдзаг вæййы.

Ацы бæрæгбон иумæйаг у нæ республикæйы цæрджытæн, алкæмæн дæр æмхуызон зынаргъ у. Уымæн æмæ уыцы бон 2008 азы 26 августы æнæаххос туг æмæ цæссыгæй удæст зæхмæ ныккастысты сæрибар хуры рухс тынтæ. Ирон адæмы хуыздæр, цардхъуаг хъæбултæ сæ цард цы сæрибардзинады сæрвæлтау радтой, уый æппынфæстаг нæ къухты бафтыд.

Уыцы бон Уæрæсейы Федераци банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад! Ацы зынгæ цау Хуссар Ирыстоны историйы канд ног этап нæ уыд, фæлæ ма фæивта Кавказы æмæ æппæт Европæйы геополитикон равæрд дæр. Нæ республикæйы хæдбардзинад банымайыны бон уымæн ссис стыр бæрæгбон.

Фæлæ йæм, уæууай, куыд дæргъвæтин æмæ тугхъулон фæндæгтыл фæцыдыстæм! Зын у, тынг зын, уыдон ныхæстæй ныффыссын. Цал æмæ цал хатты скуынæг нæ райгуырæн къуым знаджы къухæй, цал хатты сарæзта нæ ныхмæ геноцид. Фæлæ, 2008 азы 8 августы цы сарæзта, уый никуы ферох уыдзæнис нæ адæмæй.

Дыууын азы дæргъы калдта уый йæ марг Хуссар Ирыстоныл, фæлæ ахæм диссæгтæ феныны æнхъæл ничи уыд. Уæд гуырдзиаг лæгмартæ æмæ се ’ххуырст адæм хъазуатонæй æххæст кодтой сæ хæслæвæрд. Дæрæн кодтой, сыгътой, мардтой цас сæ бон уыд, уыййас, æмæ цин кодтой, сæ зæрдæ рад сæ хъуыддагæй. Æхсызгон хъыдзы кодта Саакашвилийы зæрдæ фырцинæй, йæ цъаммар фæндтæ æххæст кодтой. Йе ‘мцæдисонтæ йын хъусын кодтой, æнæауæрдонæй кæй марынц, уыдон сæ сыджытыл сæмбæлын кæнын дæр кæй нæ уадзынц, кæй сæ ныгæнынц кæртыты, цæхæрадæтты. Хъусын ын кодтой, ныккæндты цы сабитæ, сылгоймæгтæ æмæ зæрæдтæ бааууон кодтой сæхи, уыдоны дæр уым кæй марынц, æнæхъæн горæт сын басудзын, ныддæрæн кæнын кæй бантыст. Уæд алчи нæ зыдта, телефонтæм гæсгæ кæй бæрæг кодтой, чи кæм æмбæхст, уыцы бынат. Махæй алчи дæр дзырдта йæхионмæ. Базыдтой нæ цъаммæрттæ. Нæ ныл бацауæрстой, æвæццæгæн сæм цинау каст утæппæт æдых сылгоймæгты, сабиты тугæвдылдæй, онгскъуыдтæй уынын. Комкоммæ фехстой, 30 адæймагæй фылдæрæй кæм бадтысты, уырдæм – Коцойты Арсены уынджы 43 -æм фондзуæладзыгон хæ-дзары ныккæндмæ.

Фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты. Уæрæсейы æххуысæй дæрæн æрцыд гуырдзыйы æфсад. Нæ зæхх, йæ адæм сæрибарæй сулæфыдысты. Йæ хæдфæстæ та нымад æрцыд нæ хæдбардзинад. Стыр цины бæрæгбон у ацы бон æмæ нæ хъæлдзæг худт дардмæ хъуамæ хъуысид, фæлæ нын уый æрымысын кæны, æнæхъæн бинонтæй чи фæцагъды сты, зæронд, æдых адæмæй нæ цардбæллон фæсивæдæй йæ фæндтæ æрдæгыл кæмæн фескъуыдысты, уыдоны иууылдæр. О, æрымысæм сæ ацы стыр цинæй йемыдзаг æмæ тугæйæвдылд бæрæгбоны…

Бæргæ…фæлæ æндæр гæнæн нæй. Уымæн æмæ ахæм у ацы хъæлдзæг бæрæгбон. Цины æмæ цæссыгæвдылд бæрæгбон. Уый та у гуырдзиаг “демократи”-йы фæстиуæг. Фæлæ Хуыцаумæ дæр рæстдзинад разыны. Саакашвили æмæ йе ‘мхъузæттæ нæ бахынцыдтой, мах Стыр Уæрæсейы æмбæстæгтæ кæй стæм æмæ нæ рæстæй æфхæрын кæй нæ бауадздзæн, йæ дæлбазыр нæ кæй бакæндзæн. Абон махæн табуйаг сси, президент Медведев. 26 агусты банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад.

Абон бæрæгбон у æмæ йыл иумæ бацин кæнæм!

          БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.