2008 азы августы фондзбонон хæсты ам, Цхинвалы чи баззад æнуд æмæ талынг ныккæндты, уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи истори. Цы диссаджы цаутæ радзурынц, уыдонмæ гæсгæ гæнæн ис сисын нырыккон фильм-блокбастер. Рацыд 14 азы, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци куы банымадта, уыцы бонæй. 8-æм августы не ‘взонг республикæ банысан кодта трагикон бонтæ – гуырдзиаг фашистты къухæй чи фæмард, уыдоны мысæн бонтæ. Фæлæ раст у циндзинад æмæ хъыгдзинад æфсымæртæ сты æмæ ныр та райсом, 26-æм августы Хуссар Ирыстоны адæм банысан кæндзысты сæ хæдбардзинады бон, кæцымæ цыдысты даргъ æмæ сындзджын фæндагыл. Адæймаг цардмæ фæзыны иу хатт æмæ  хъуамæ афтæ фæцæра, цæмæй ма фена зындзинæдтæ æмæ рыст, фæлæ мах нæ сыхæгты аххосæй нæ хуыздæр царды азтæ арвыстам æхстыты бын ныккæндты æмбæхсгæйæ, æмæ ирон адæмы аккагдæр фыртты сафгæйæ.

Æвæццæгæн, царды сæрибардзинадæй, сæрибар бæстæйы цæрынæй хуыздæр æмæ зынаргъдæр ницы ис адæймагæн. 26-æм август – Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны бон стыр бæрæгбон у, сæххæст ирон адæмы æнусон бæллицц, фæлæ… Хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн ацы бæрæгбон у цæссыгимæ бæрæгбон, уымæн æмæ уæлахизы сæраппонд бирæтæ фесæфтой царды сæ зынаргъдæр адæймæгты – сæ хъæбулты, цардæмбæлтты, æфсымæрты, хоты, ныййарджыты. Æгæрыстæмæй, бирæ бинонтæ фесæфтой дыгай-æртыгай адæймæгты. Мардысты æнæаххос сабыр цæрджытæ, фæлæ агрессорæн йæ бон не ссис ирон æмæ абхазаг адæмы сæ зонгуытыл æрлæууын кæнын, сæрибардзинадмæ сын сæ тырнындзинад басæттын. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы темæ абоны онг дæр политикон къабазы у иууыл нысаниуæгджындæр темæтæй иу. Дыууæ æфсымæрон адæмæн иугъуызон хъысмæт ис, иумæ рацыдысты зын æмæ тугæйдзаг фæндагыл. Уыцы дæргъвæтин азтæ уыдысты нæ адæмтæн уæззау фæлварæнты рæстæджытæ.

Мах иунæгæй аззадыстæм сæ трагедиимæ, бæргæ хъæр кодтой алырдæм, фæлæ сын сæ тыхстхъæр ничи хъуыста. Хуссарирыстойнаг цæрджытæй-иу сæ фыртыхст æмæ æдыхæй æрбамбырд сты нæ горæты Театралон фæзуатмæ æмæ-иу уырдыгæй цæссыгкалгæ æмæ катайгæнгæ, ныстуантæ æрвыстой дунейы алы рæттæм, уыцы нымæцы УФ-йы президентмæ дæр. Æппынфæстагмæ, 1992 азы 14-æм июлы Дагомысы бадзырдмæ гæсгæ Хуссар Ирыстонмæ æрбацыдысты фидауынгæнæг тыхтæ, кæцытæ семæ æрбахастой рæстæгмæ сабырдзинад, фæлæ тыхст адæм ууыл дæр хъæцыдысты, иу чысыл æхстытæй сулæфыдысты. Фæлæ, бирæгъ йæ кæнон зæнгыл кæм уадзы æмæ та цалдæр азы фæстæ райдыдтой ирон адæмы хъизæмæрттæ. Гуырдзиаг тыхæйисджытæ та арæхæй-арæхдæр æхсын райдыдтой Ирыстоны хъæуты æмæ горæт Цхинвалы.

14-æм азы размæ та гуырдзиаг къухдариуæгад райдыдта уæрæхмасштабон хæст Хуссар Ирыстоны ныхмæ йæ ныгуылæйнаг æвварсхæцæг Америкæйы ныфсæй. Чысыл Хуссар Ирыстон у рудзынг  Кавказы хибакæныны тыххæй. Буш-Саакашвилийы планмæ гæсгæ сæ хъуыд цыбыррæстæгон тагъд хæст. Фæлæ сын сæ фыдракæндон плæнттæ сæххæст кæнын нæ бауагъта Уæрæсе, нæ сын бауагъта Хуссар Ирыстонæй «сыгъдæг быдыр» саразын æмæ сæ хæцæнгæрзтæ æмæ техникæ ныууадзгæйæ, худинаджы лыгъд кодтой Ирыстоны зæххæй. Хæсты фæстæ, фондз боны æмæ æхсæвы ныккæндты арвитыны фæстæ адæм рахызтысты æддæмæ æмæ сæ цæстытыл не ‘ууæндыдысты. Уынгты азмæлæнтæ нал уыд алыгъуызон бронæй, авджы цъæлтæй, бæлæсты къалиутæй, хæдзæртты пырхæнтæй, фæлæ адæймаг диссаг у, уайтагъд æрæвнæлдтой сæ уынгтæ сыгъдæг кæнынмæ. Адæм сæ фатертæ æмæ уынгтæй фæкалдтой тынг бирæ авджы цъæлтæ, къулты пырхæнтæ. Горæты нæдæр рухс уыд, нæдæр дон, нæдæр газ, фæлæ ирон адæм фæразон сты æмæ цасдæр рæстæджы чи пецæй æмæ чи та газы баллонæй (газ-иу кæй къухты бафтыд, уый-иу цин кодта) архайдтой. Хæстæй цалдæр боны фæстæ адæм сæ куыстытæм цæуын райдыдтой æмæ кæрæдзийыл цинтæ, хъæбыстæ кодтой. Газет «Хурзæрин»-ы кусджытæ дæр кæд иууыл горæты нæ уыдысты, уæддæр уæззау уавæрты, электрогенераторы фæрцы рауагътой хæсты фæстæ сæ газеты фыццаг номыр æмæ сæ байуæрстой горæты цæрджытыл.

26-æм августы нын Уæрæсе нæ хæдбардзинад куы банымадта, уæддæр уыдыстæм куысты. Æвиппайды горæты цины æхстытæ æмæ хъæртæ алырдыгæй райхъуыстысты, уæдмæ редакторы кабинеты  не ‘мкусджытæй телевизормæ чи каст, уыдон дæр фырцинæй хъæр кæнын райдыдтой, зæгъгæ, нын Уæрæсе нæ хæдбардзинад банымадта. Кæм ма уыд нæ цинæн кæрон. Горæты уынгты фæсивæд машинæтыл ратæх-батæх кодтой æмæ æхстой автоматтæй – ацы хатт сæ автоматты дзыхтæ уыдысты хæрдмæ здæхт. Ирон адæмæй никуы ферох уыдзæн, уыцы амондджын æмæ ахсджиаг бон. Æппынфæстагмæ сæххæст нæ бæллиц, ирон адæм сæ хуыздæр фыртты тугæй балхæдтой сæ сæрибардзинад. Фæзæгъынц, зæгъгæ, царды æнæбаивгæ адæймæгтæ нæй, фæлæ алыхатт уый раст нæу, чи хъуамæ баива ныййарæг мадæн йæ хъæбулы, кæцыйы  фæхъомыл кодта йæ къухты уырзтæй, æхсæв ын йæ фынæйыл дæр нæ хъæцыд æмæ йын æй иу уысммæ æрбамардтой гуырдзиаг æнæадæймæгтæ. Иннæ ахæм ма фæдзурынц, зæгъгæ, дам, рæстæг у хуыздæр хосгæнæг, фæлæ уый дæр æххæст афтæ нæу. Азтæ цæуынц, фæлæ сæ хъæбулты, æввахс хиуæтты чи фесæфта, уыдоны зæрдæты рыст нæ къаддæр кæны. Æндидзыд цæуынц хæдзæрттæ, фæндæгтæ. Фæлæ гуырдзиаг-ирон ныхмæлæудæй фæстæмæ æмæ августы тæссаг бонты чи фæмард, уыдоны ничиуал раздахдзæн… Мах макуы хъуамæ ферох кæнæм, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ. Нæ уарзон, нæ хæствæллад Хуссар Ирыстон алырыдгæй йæ туджымæцгæ хъæдгæмттæй хъæрзыдта æмæ йын æвдадзы хосау фæцис, Стыр Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый. Кæд горæт-хъайтар Цхинвалы æхстой алыгъуызон хæцæнгæрзтæй, авиаци йыл калдта пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм кассетон бомбæтæ, уæддæр горæт нæ амард æмæ Фениксау фæстæмæ æртхутæгæй æндидзын райдыдта…

Ныр 14-æм азы цæрæм сабыр арвы бын, нал хъусæм æхстыты хъæр, фæзынд нæм царды плæнттæ. Цхинвал æндидзыд цæуы, бонæй-бон рæсугъддæр кæны. Нæ цардуагон уавæртæ кæй хуыздæр кæнынц, ууыл дзурæг сты нæ горæты æмæ æппæт республикæйы дæр чындзæхсæвтæ æмæ куывдтæ кæй сарæх сты, уый дæр. Зæрдæйæн æгæрон циндзинады æнкъарæнтæ хæссынц чындзæхсæвтæй ирон музыкæйы зæлтæ дардмæ кæй фехъуысынц, уый дæр.

Хуыцау зæгъæд, æмæ нырæй фæстæмæ хæст макуыуал фенæт Ирыстоны фидæны фæлтæртæ!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.