29 май Хуссар Ирыстоны адæмæн у ахсджиаг бæрæгбон – Хæдбардзинад расидыны акт райсыны бон.

1992 азы 29 майы Хуссар Ирыстоны адæм, бæлвырддæрæй та нæ республикæйы фыццаг сæвзæрст Парламенты депутаттæ райстой историон документ – Хæдбардзинад расидыны Акт. Кæй  зæгъын æй хъæуы, нæ республикæйы паддзахиуæгады рæзты фæндагыл уый уыд тынг ахсджиаг,  ныфсджын æмæ хъысмæтскъуыддзаггæнæн къахдзæф. Хæдбардзинады расидт æмæ суверенон паддзахад саразын уыд, уыцы рæстæджы нæ республикæйы алыварс цы уæззау политикон уавæр сæвзæрд, уый  домæн.

Æрвылбон дæр республикæйы районты æмæ горæтмæ æрбахизæнты карз тохтæ цыд гуырдзиаг æнæформалтимæ. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, республикæйы политикон цард нæ нымæг кодта. Зæгъæн ис, уыцы рæстæджы ист цы уынаффæтæ цыдысты, уыдоныл тынг æндæвта республикæйы æндыгъд уавæр.

Иууыл æндыгъддæр æмæ уаззау-дæр бонтæ уыдысты майы мæйы. Æрвылбонон æхстытæй мардысты сабыр цæрджытæ. Иууыл уæззаудæр æмæ æбуалгъдæр фыдракæнд та гуырдзиаг лæгсырдтæ сарæзтой майы 20-æм бон,  фæцагътой, хæсты цæхæрæй чи лыгъд, нæ рес-публикæйы уыцы æнæаххос сабыр цæрджыты – сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ зæрæдты  Царды фæндагыл, Зары хъæумæ æввахс. Уæдмæ дæр Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет уыцы документы проектыл куыста. Арæзт æрцыд кусæг къорд, кæцыйы  сконды уыдысты депутаттæ, юристтæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ. Флæ уыцы æбуалгъы цау бацырын кодта Хæдбардзинад расидыны Акты райст дæр. Зары трагеды уыд «масты дзæкъулы фæстаг æртах».

Акт ист æрцыд, 1992 азы 19 январы цы референдум ауагъдæуыд, уый бындурыл, цыран уыд фарст Гуырдзыстонæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй.

Референдумы республикæйы цæрджыты 98 проценты хъæлæс радтой, цæмæй Хуссар Ирыстон хæдбар уа Гуырдзыстонæй.

 

Хуссар Ирыстоны адæм равзæрстой сæ политикон фæндаг æмæ раразмæ кодтой  ахсджиагдæр националон идеятæй сæ иу – хæдбардзинады райст. Кæд æй зыдтой, сæ ныхмæ дуне растдзæн, уæддæр нæ фæтасыдысты, афтæмæй сæ нысанмæ цыдысты. Бирæ туг ныккалд, би-рæ уды зиæнттæ æрцыд, фæлæ уæддæр хуссайраг ирон адæм сæ равзаргæ фæндагæй нæ фæиппæрд сты, сæ къухы бафтыд Гуырдзыстоны ‘рдыгæй хæдбардзинад, фæстæдæр та – нымад хæдбардзинад. Уый фæстиуæгæн 1992 азы 29 майæ райдыдта, куыд хæдбар паддзахад, афтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны истори.

Кæй зæгъын æй хъæуы, хуссайраг ирæттæн уый стыр уæлахиз уыд. Уымæн æмæ сæ къухы бафтыд, æнусты дæргъы нæ адæм цæмæ бæллыдысты, уый.

Фæстæдæр бирæ экспертизæтæ ауагъдæуыд Хæдбардзинад расидыны Акты тыххæй, фæлæ уæды депутатты райсгæ уынаффæтæ иууылдæр уыдысты раст æмæ рæстæгыл. Алцы дæр арæзт æрцыд дунеон барады домæнтæм æмæ Советон Цæдисы закъæттæм гæсгæ, кæд Сове-тон Цæдис уыцы рæстæджы йæ тыхы нал уыд – пырх кодта, уæддæр.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 1991 азы 17 марты Советон Цæдисы хъысмæтскъуыддзаггæнæн  референдумы Хуссар Ирыстоны адæм схъæлæс кодтой Цæдис бахъахъхъæныны пайдайæн, Гуырдзыстон та аскъуыддзаг кодта ССР Цæдисы скондæй рахизын. Уый фæстиуæгæн ахицæн сты Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны фæндæгтæ.

Нæ адæм дæргъвæтин рæстæджы дæргъы  бирæ дудгæбæттæ баййæфтой, бирæ дыркъуым, фыдвæндæгтыл рацыдысты, фæлæ æрæййæфтой хæдбардзинад. Æмæ нын дунескæнæг уыцы куырыхондзинад, уыцы зонд балæвар кæнæд, цæмæй нæ кæстæртæ, нæ фидæны фæсивæд махæй амондджындæрæй цæрой дидинæфтаугæ  иууон Ирыстоны.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.