26-ӕм августы Республикӕ Хуссар Ирыстон нысан кӕны паддзахадон Бӕрӕгбон – республикæйы хæдбардзинад банымайыны бон. Ацы бӕрӕгбон у иууыл нысаниуӕгджындæр. 26-ӕм августы традицион ӕгъдауӕй нӕ республикӕйы уагъд фӕцӕуынц алыгъуызон мадзӕлттӕ. РХИ-йы культурӕйы министры хӕдивӕг Дзеранты Джульеттæ куыд радзырдта, афтæмæй арæзт æрцыд бӕрӕгбонон цымыдисон программӕ.

«Ацы хатт мах бацæттæ кодтам сæрмагонд программæ. Цыдæриддæр нæ ресубликæйы культурон объекттæ ис, уыдонӕй алкӕцыйы дæр уагъд ӕрцӕудзӕнис бæрæгбонон мадзæлттæ. Алы районы дæр уыдзæнис концерттæ, хи сфӕлдыстадон коллективты хайадистӕй, адӕмон арӕхстджын дӕсныты куыстыты равдыстытæ, спортивон ерыстӕ. Боныгъæд дæр амоны, уымæ гæсгæ мадзæлттæ се ‘ппæт дæр уыдзысты гом арвы бын», – банысан кодта министры хӕдивӕг.

26 августы: 11:00-12:00 сахатмӕ Театралон фӕзуаты уагъд цӕудзысты алыгъуызон конкурстӕ ӕмӕ акцитӕ. Бӕрӕгбон райдайдзӕн концерт ӕмӕ сывӕллӕттӕн цымыдисон мадзалӕй. Организатортӕ куыд дзурынц, уымӕ гӕсгӕ дзы сывӕллӕттӕ райсдзысты стыр ӕхцондзинад. Къостайы цырты раз уыдонӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыдзӕнис, цахӕм ныв ӕй фӕнды, ахӕм асфальтыл сныв кӕнын. Ацы фæзуаты ма 17:00 сахатыл уыдзæн равдыст. Культурæйы министрады цур адæмон сфæлдыстады республикон центр æрвылаз дæр  ауадзы фотоконкурс. Уым фыццаг бынæттæ чи бацахсы, уыдоны нывтæ æвæрд æрцæуынц равдысты.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры бӕстыхайы фойейы 12:30-ыл байгом уыдзæн уырыссаг ӕмӕ бынӕттон нывгӕнджыты иумиаг равдыст. Уым ӕвӕрд ӕрцӕудзысты зындгонд нывгæнджыты куыстытæ, куыд зæгъæм, РХИ-йы адæмон нывгæнджытæ Саулохты Мурæт, Куымæридтаты Аркади, Цхуырбаты Тамерлан, Кæсойты Лаврент, сгуыхт нывгæнджытæ Харебаты Ацæмæз ӕмӕ Гобозты Владимиры конд нывтӕ. Афтӕ ма Уæрæсейы зындгонд нывгæнджытæ Дмитри Шагин, Александр Чур-син, Валентина Маркушина, Александр Гвоздю, Руслан Лавриненко ӕмӕ бирӕ ӕндӕрты куыстытӕ. Нывтæн уыдзæн балхæнæн дæр.

Бӕрӕгбон адарддӕр уыдзӕн цытджын ӕмбырдӕй, уаз-джытӕ, ӕхсӕнады минæвæрттæ ӕмӕ паддзахады къухда-риуӕгады хайадистӕй. Уый райдайдзӕн боны 13:00 сахатыл Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бӕстыхайы. Цытджын æмбырды хæдфæстæ уагъд æрцæудзæнис концерт, цыран хайад райсдзысты Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Амага Готти, РХИ-йы сгуыхт артисттæ Сланты Ацæмæз æмæ Бекъойты Вано, Калининграды областы филармонийы солисткæ Хæбæлаты Лали, æхсæнадæмон конкурсты лауреат Харебаты Марта. Зарæг «Вечер в поле» сæххæст кæндзысты ирон национ зарды паддзахадон хор æмæ РХИ-йы президенты цур сывæллæтты хор. Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд» акафдзысты «Чызджыты кафт» æмæ «Аланская сюита».

Бӕрӕгбоны кӕрон, 20:00 сахатыл Театралон фӕзуаты уагъд ӕрцӕудзӕн концерт. Хайад дзы райсдзысты Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны зындгонддӕр зарӕггӕнджытӕ.

Дзеранты Джульеттæйы ныхӕстӕм гӕсгӕ ацы мадзæлтты хайад чи райса, уыдонӕй алчидӕр райгондæй баззайдзӕн æмæ сæ зæрдæты ахæсдзысты бирæ æхцондзинады тæлмæнтæ. «Фæнды мæ раарфæ кæнын нæ ирон адæмæн хæдбардзинады бæрæгбоны цытӕн. Мæ зæрдæ сын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ амонд. Фӕнды мӕ, цӕмӕй фидæны фæлтæр кæддæриддæр уой æнтыстджын æмæ сын уа рæсугъд цард», – загъта уый.

25-ӕм августы нӕ горӕты 4-æм æфсæддон базæйы дӕр РХИ-йы культурӕйы министрады ӕххуысӕй уагъд ӕрцӕудзӕнис бӕрӕгбонон концерт. Уым хайад райсдзысты куыд нæ республикӕйы зарæггæнджытæ, афтæ сæхи сфæлдыстадон коллективтæ дæр.

Кокайты Зæринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.