Ныртæккæ Гæджиты Иларион къухдариуæгад кæны Ленингоры районæн.

– Куыд скъуыддзаг цæуынц районы цæрджыты фарстытæ, проблемæтæ, цæрджытæ цы зындзинæдтыл æмбæлынц се ‘рвылбонон царды?

– Мæй дæр нæма рацыд, Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæгæй мæ куы снысан кодта Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, уæдæй. Æз æнхъæлдтон, раздæры хицауад сæрмагонд хъусдард здæхта дæрддаг Ленингоры районмæ. Цæрджыты цард дæр зынгæ æнцондæр æнхъæлдтон. Цалдæр азы размæ сæм цы автомобилон фæндаг сырæзт Цхинвалæй Ленингормæ, уый, æнхъæлдтон, дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Фæлæ фæндаг Хелцуайы хъæуæй суанг Ленингоры поселокмæ бирæ рæтты ссис цалцæгкæнинаг. Бирæ проблемæтæ æрæмбырд районæн йæхи мидæг, уымæй стырдæр проблемæтæ та дæрддзæф хъæуты. Районы нæй арæзтадон техникæ, цы цалдæр иуæг дзы æрбаййæфтон, уыдон уыдысты æдзæллаг уавæры. Кæм – æлхæнгæ, кæм та æфстау кургæ, æрæмбырд кодтам хæйттæ æмæ техникæйы æртæ иуæджы скусын кодтам. Фыццаджы фыццаг бавнæлдтам, июны мæйы тæрккъæвдатæ фæндæгтæ цы цалдæр хъæумæ фехæлдтой, уыдоны арæзтадмæ. Ахмадзы хъæумæ, донивылды фæстиуæгæн, бацæуæн нал уыд. Цæрджытæ домдтой, цæмæй сæ æгас хъæуæй æндæр бынаты æрцæрын кæной, ацы хъæумæ, дам, фæндаг никуыуал сырæздзæнис. Цалдæр боны, хъæуы цæрджытæ фæндаджы иу фарс, районы цæрæнуатон-коммуналон кусджытæ – иннæрдыгæй, мæхæдæг дæр семæ, фæкуыстам æмæ фæндаг айгæрстам. Ацы хъæуы цæрджытæн фадат фæцис, цы дыргътæ сæм уыд, уы-дон Ленингоры райцентрмæ уæймæ æрласынæн. Аскъуыддзаг ма сын кодтам доны фарст дæр. Дон сæм уагъд уыд, фæлæ арахъхъау мызт, йæ хæтæлтæ цъыфæй кæй байдзаг сты, уымæ гæсгæ. Ныппæрстам ног шлæнгтæ æмæ ныр хъæу исынц дон æнæкъуылымпыйæ. Ныр ацы хъæуы цæрджыты ныфс бацыдис, фидæнмæ акастысты ныфсджынæй. Цалцæг æрцыдысты фæндæгтæ ноджыдæр ахæм хъæутæм – Цхват, Кенкатæ, Миделатæ, Фæсхъæу, Мартиатæ. Ларгвис æмæ Дадианеты хъæутæм та арæзт æрцыдысты хиды бетонон конструкцитæ. Иумæйагæй куы сисæм, уæд нын августы мæйы фæндæгтæ сцалцæг кæнын бантыст 60 километры бæрц. Ноджыдæр мæ зæрды бирæ плæнттæ реализаци кæнын ис, фæлæ  проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн сæйраг у техникæ. Иуæй дæрддзæф хъæутæм фæндæгтæ рагæй цалцæг нæ цы-дысты, аннæмæй май-июны цы тæрккъæвдатæ æрцыд, уый Ксаны доны уыйбæрц раивылын кодта, æмæ ма суанг райцентрæн дæр базиан кодта. Æз архайдзынæн, цæмæй, цалынмæ фæззæг не ‘рбалæууыд, уæдмæ сæндидзын кæнон фæндæгтæ хъæутæм, науæд зымæгмæ куы баззайой, уæд бынтон æдзæллагмæ æрцæудзысты.

– Цъинагары районы цы хъæутæ ис, уыдон рагæй фæстæмæ æййафынц нуазыны æмæ донхæры доны хъуагдзинад. Кæд сæххæст уыдзæн сæ бæллиц?

– Ныртæккæйы Хицауад стыр хъусдард здахы хъæуы цæрджытæм. Хъæууон адæймагæн та сæйраг сты фæндаг, рухс æмæ дон. Цъинагары цæрджытæ рагæй фæстæмæ æййæфтой доны хъуагдзинад. Фæлмæцыдысты дон хæссынæй, рауагъд сæм æрцыд нуазыны дон, фæлæ сын уæддæр, æз куыд зонын, афтæмæй сæрд нæ фæфаг кæны. Донхæры дон æвзæр уавæры ис, Цъинагар æмæ йæ алфæмблай цы хъæутæ ис, уым. Цы быдыртæ сæм ис, уым диссаджы зад кæнид халсар, донцух куынæ уаиккой, уæд. Зонкъары æмбырдгæнæнæй сæм цы дон цæуы, уый цæуы Гуры районы хъæутыл. Уым фыдаудæн кæнынц ирон хъæуты цæрджытæн, æххæст гуырахстæй сæм æй нæ уадзынц. Фæлæ хъуыддаг кæй рараст уыдзæн, уымæй мæ ныфс ис. Уыцы фарстатæ скъуыддзаг цæуынц хицауады æмвæзадыл. Орчъосан, Монастер, Абреу æмæ Захъхъоры хъæуты дæр хъæуы донхæры хицæн системæ æмæ уыцы фарстыл хъуыды кæндзыстæм республикæйы къухдариуæгадимæ. Цъинагары районы кусæгон балцы куы уыдтæн, уæд мæм бахатыдысты, цæмæй Цъинагарæй Цхинвалмæ цы фæсвæд фæндаг цæуы, уымæ лæмбынæг нæ хъус дарæм. Ацы фæндаджы сырæзт хъæубæсты цæрджытæй алкæмæндæр уыд йæ бæллиц. Уымæн æмæ горæтмæ уый фæцыбырдæр кодта фæндаджы дæргъ 25 километры бæрц. Цæрджытæн ныфс бавæрдтон Ленингоры районмæ дзы цы фадыг хауы, уый стыр къæвдаты фæстæ лæгъз кæй цæудзæнис. Цъинагары  хъæуæн ма ис иу проблемæ. Хъæуы дзæвгар фæсивæд ис, сæ куырдиатмæ гæсгæ сын цалдæр азы размæ сарæзтой спортивон зал æмæ уым сæ сæрибар рæстæг хъуамæ æрвыстаиккой. Спортзал цухдзинæдтимæ лæвæрд æрцыд эксплуатацимæ. Спортзалæн йæ агъуыст нывыл кæй не ‘рцыд, уый тыххæй къæвдабон йæ систыл дон фæлæдæрсы. Ныртæккæ Цъинагары цы сывæллæтты цæхæрадон ис, уый сырæзт 1980 азы. Рæстæгмæ-иу æй цалцæг кодтой, фæлæ дзы капиталонæй аразинæгтæ бирæ ис. Йæ хъармгæнæн системæ нывыл нæу. Сывæллæтты цæхæрадоны хъуамæ уа æмбæлон инвентарь æмæ йæ кæрт та хæрзарæзт уа. Скъолайы агъоммæ уагдæттæ чингуытæ, цæстуынгæ æрмæджытæ æмæ хъазæнтæй горæты сывæллæтты цæхæрадæттæ куыд ифтонг сты, хъæуты дæр афтæ хъуамæ уой.

– Иларион Руслан фырт, куыд бамбæрстон, афтæмæй цыбыр рæстæгмæ хорз базонгæ дæ районы проблемæтимæ. Æввахсдæр рæстæг цахæм къахдзæфтæ сараздзынæ, цæмæй ацы районы адæмы царды æмвæзад фæхуыздæр уа?

– Къуырийы кæрон Ленингоры районы цæрджыты цард зынгæ фенцондæр уыдзæн. Бирæ азты дæргъы йæ территорийы зынгæ хай Гуырдзыстоны юрисдикцийы бын кæй уыдис, уый дзы бирæ проблемæтæ сæвзæрын кодта. Куыд зонæм, афтæмæй Ленингоры нæй æрдзон газ. Цæмæй адæмæн иучысыл сæ уавæртæ фæхуыздæр уой, уый тыххæй сæм Цхинвалæй ласдзыстæм газ. Машинæйы резервуары цæуы 8 кубометры, уый йедзаг цæудзæн газæй Цхинвалы æмæ йæ ласдзыстæм хъæутæм. Мæнмæ  гæсгæ, 20-æм августы Ленингоры районы уадзæн пункт «Раздахæн» кæй байгом æмæ йыл адæм хизын кæй райдыдтой, уый дæр стыр гуманон хъуыддаг у. Ацы къахдзæф акæнын æнцон нæ уыд. Уый саразыныл куыста, президентæй куы слæууыд, уæдæй нырмæ Гаглойты Алан. Ныр районы цæрджыты цинæн кæрон нал ис. Алчидæр сæ бабæрæг кæндзæн, æртæ азы бæрц цы хионхæстæджыты уындмæ бæллыдысты, уыдоны. Гуырдзыстоны ‘рдыгæй фарс цы ленингойрæгтæ баззадысты, уыдон дæр сæ хæдзæрттæ бабæрæг кæнынц. Æртæ азы дæргъы бирæтæн фæхъуыдысты сæ хиуæттæ, ныр уыдон сæрибарæй бацæудзысты, кæм ныгæд сты, уыцы уæлмæрдтæм. Уый тыххæй мæнмæ æрвылбон дæр æрбацæуы бирæ адæм, цæмæй уыдоны номæй бузныг зæгъон президентæн.

Районы цы вазыгджын проблемæтæ ис, уыдонæй иу у æртаджы аргъ. Иу литр æртаг районы цæрджытæ æлхæнынц 60 соммæ. Мах хъавæм, бынаты, хицауады æмвæзадыл æртагы аргъ аскъуыддзаг кæнынмæ. Хъуамæ райцентры цы æртаг уæй цæуы, уый ма хиза 52 сомæй уæлдæр. Мæ зæрды ма ис  райцентры цы парк ис, уымæй уæрæх нырыккон улæфæн зонæ саразын. Уый саразынæн дзæвгар æхцайы фæрæзтæ бахъæудзæн, фæлæ сæ самал хъæуы. Фæсивæд сæ сæрибар рæстæг кæм æрвитой, уый сын нæй.

Уазæгты Марфа

——————————————

Гæджиты Иларион райгуырд 1969 азы Знауыры районы, Уелиты хъæуы. Скъола каст фæуыны фæстæ кусын-мæ бацыд «Груз курортстрой»-ы организацимæ автослесарæй. 1985 азы ахуыр кæнынмæ ацыд Харковы автомобилон фæндæгты институтмæ. Ам ахуыргæнгæйæ йæм æрсидтысты æфсæддон рæнхъытæм. Ахуыры фæстæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ ногæй кусын райдыдта «Грузкурортстрой»-ы сæйраг механикæй. Хъахъхъæнынады министрад куы сырæзт, уæд бацыд уырдæм кусынмæ æмæ дзы фæслужбæ кодта 2000 азмæ. 2000-2004 азты куыста РХИ-йы Таможнæйон комитеты инспекторæй. Уый фæстæ та нысан æрцыд хъахъхъæнынады министрады 12143 æфсæддон хайады командирæй. 2005-2010 азты ахуыр кодта ХИПУ-йы юридикон хайады. У 1990-2004-2008 азты гуырдзиаг-ирон хæстыты хайадисæг, «Уацамангæ»-йы кавалер.

——————————

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.