Хуссар Ирыстон нымад республикæ куы ссис, Стыр Уæрæсе йын йæ хæдбардзинад куы банымадта, уæд ма нæ адæмы цинæн кæм уыд кæрон, фырцинæй сæ кæрæдзимæ хæрзæггурæггаг цыдысты. Уыцы зæрдылдаринаг æмæ æнæферохкæнинаг бонæй абонмæ цы рæстæг рацыд, уæдæй нæ царды хорзæрдæм бирæ цыдæртæ фæивта, размæ цæуы æмæ фидар кæнынц адæмон хæдзарады хицæн къабæзтæ, бирæ фæхуыздæр нæ хæствæллад адæмы цард, размæ цæуы нæ культурæ æмæ аивад. Уыдæттæ, кæй зæгъын æй хъæуы, хорз сты, фæлæ сæйраг уæддæр у, Хуссар Ирыстоны сабырад кæй æрфидар, йæ цæрджытæ æнцой уавæрты сæ цард кæй æрвитынц æмæ дзы кæй фæллой кæнынц.

Ирон адæм фыдæлтæй фæстæмæ Уæрæсейы нымайынц сæ иузæрдион партнерыл, бахъуыды рæстæджы йæ фарсмæ чи балæууа, ахæмыл. Фæлæ зæгъын хъæуы, ирæттæ дæр æнусты дæргъы Уæрæсе æмæ йæ адæ-мæн тыхст рæстæджыты кæй уыдысты йæ иузæрдион фæдисонтæ æмæ хæлæрттæ. Хорздзинад ракæнын та историйæ рохгонд никуы вæййы æмæ нæм Уæрæсе дæр тыхст рæстæджы алы хатт дæр фæдаргъ кæны йе ‘ххуысы къух. Афтæ уыд 2008-æм азы августы хæсты рæстæджы дæр, гуырдзиаг лæгсырдтæ нæм куы æрбабырстой, нæ хъæутæ æмæ нын нæ горæт зынджы хай куы фæкодтой, нæ адæмы цæгъдыныл куынæ ауæрстой, уæд дæр. Ныр уыцы зын рæстæджытæ фæстейæ баззадысты æмæ Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджытæ ныфсджынæй кæсынц сæ рухс сомбонмæ.

Хæдбардзинад расидыны бон бæрæгбон у æмæ йæ уымæ гæсгæ æрвылаз дæр банысан кæнынц цины æнкъарæнтимæ. Уыцы ахсджиаг цауы фæдыл республикæйы уагъд æрцæудзæн бирæ мадзæлттæ. Цæвиттон, Цхинвалы районы администрацийы Культурæйы управлени дæр æм йæхи цæттæ кæны зæрдиагæй. Гаглойты Ростислав куыд загъта, уымæ гæсгæ сæ аивадон коллективтæ равдисдзысты концерттæ куыд районы фæллойгæнджытæн, афтæ ма уымæн æддейæ дæр. Номхуындæй, ацæудзысты Къуайсамæ æмæ йæ цæрджытæн равдисдзысты концерт, сæ аивадимæ сын базонгæ уыдзысты Дменисы хъæуы цæрджытæ дæр. Уымæй дарддæр ма хицæн хъæуты ауадздзысты æндæр мадзæлттæ. Æдæппæт хъæуты ис 14 библиотекæйы æмæ алы ран дæр бацæттæ кодтой тематикон изæртæ бæрæгбоны цытæн. Уым чиныгкæсджытæ зонгæ кæндзысты республикæйы æнтыстытæ æмæ размæцыдимæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.