Уыд иу дуг – æрбалæууыд æндæр дуг. Дугæй дуджы ‘хсæн та вæййы арæн. Хуссар Ирыстоны адæмы царды уыцы арæн æвæрд æрцыдис 2008 азы 26 августы. Уæд нымад æрцыдис, æстдæс азы размæ кæй расидтыстæм, уыцы хæдбардзинад. Банымадта нæ дунейы иууыл стырдæр æмæ хъомысджындæр бæстæтæй сæ иу – Уæрæсейы Федераци. Ныр иунæг нал уыдыстæм а-дунейы. Уæрæсе немæ ныхас кæнын райдыдта, куыд æмбар, æмсæр паддзахад, афтæ. Не ‘хсæн арæзт æрцыд хæлардзинад æмæ æмкуысткæнынады тыххæй бадзырд, афтæ æндæр бадзырдтæ æмæ сразыдзинæдтæ дæр. Уыдоны бындурыл абон æндидзынц, Гуырдзыстоны ‘рдыгæй пырх, дæрæн чи баййæфтой, уыцы цæрæн хæдзæрттæ, æндæр нысаниуæджы объекттæ, ма-дзæлттæ ист цæуы раууатмæ æрцæуæг экономикæ сæндидзын кæныны фæдыл.

Нæ республикæйы банымайыны хъуыддаджы Уæрæсейæн фæдонтæ разынд дард Латинаг Америкæйы, дунейы æндæр рæтты. Уыцы бæстæтæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæрæй фылдæр кæндзысты æмæ уыимæ рæздзæн Хуссар Ирыстоны авторитет дæр дунеон аренæйы.

Зын, тынг зын уыд нæ адæмæн сæ историйы иууыл ирддæр æмæ рæсугъддæр бон – 26 августмæ фæндаг. Тугæйдзаг, фыдхъизæмæрттæ кæм æвзæрстой, ирон лæджы кад æмæ намыс дæлдзиныг кæм цыдысты, ахæм уыд. Уыдæттыл бирæ дзырдæуыд, бирæ сыл фыстæуыд, мах та сæ нæхи цæстæй уыдтам, нæхиуыл сæ æвзæрстам.

Ныр ацы рухс боны, 26 августы, уыцы дугæн кæрон æрцыдис. Æмæ æрбалæууыд ног дуг. Æхстытæ кæм нал хъуысынц, нæ адæмы равзаргæдæртæ кæм нал мæлынц, фæллой кæныны æмæ цард аразыны фадат кæм фæцис, ахæм дуг. Зын у ногæй цард аразын, бындур ын цæмæй æрывæрай, уый дæр дæм куынæ уа, уæд. Махмæ цы уыдис, уый – пырхæнтæ, адæмы хъæдгом зæрдæтæ…

Фæлæ та ацы хатт дæр стыр Уæрæсе æрбалæууыд нæ фарсмæ. Нæ паддзахадон хæдбардзинад нын банымайыны фæстæ нæм æххуысмæ дæр фыццаг уый æрцыдис. Æмæ ныр йе стыр æххуысы руаджы, кæд зæрдæйы фæндиаг нæ, уæддæр æндидзы республикæ. Пырхæнты бынæтты рæзынц ног бæстыхæйттæ, скъуыддзаг цæуынц социалон-экономикон нысаниуæджы бирæ фарстытæ. Сæйраджы сæйраг та адæм æууæндын райдыдтой сæ фидæныл, сæ кæстæрты æдас æмæ аккаг цардыл.

26 август махæй алкæйы дæр æфтауы рухс, райдзаст хъуыдытыл, хорз зæрдæйы равгыл, 2008 азы ацы бон куыд уыдис, афтæ. Фæлæ уæд дæр æмæ ныр дæр мах акæсæм чысыл фæстæдæр – бæрцæй 16 боны фæстæдæр рæстæгмæ. Уыцы æртæбонон æвирхъау, æнæмсæр, æнæраст тугкалæн хæстмæ. Æмæ стыр цины æнкъарæнтæ баиу вæййынц стыр хъыджы æмæ масты æнкъарæнтимæ. Æмæ, уæдæ, æндæр цы гæнæн ис! Нæ ногдæр историйы уыцы дыууæ ныхмæвæрд цауы кæрæдзийы фарсмæ сты. Кæрæдзийы фарсмæ уæвгæйæ, сæ дыууæйы дæр мах нæхиуыл бавзæрстам, рацыдысты нæ зæрдæтыл.

Республикæйы паддзахадон хæдбардзинад банымайыны бон нысан кæнгæйæ, мах мысæм, августы æртæбонон хæсты цы лæппутæ æрхастой сæ цард райгуырæн бæстæйы сæрыл, цы сабыр цæрджытæ фæмард сты ныккæндты, уынгты, фæндæгтыл, уыдоны. Мах мысæм, Ирыстоны хæстарыд зæххыл сæ сабырадон мисси чи æххæст кодтой æмæ знаджы амæттаг чи баисты, уыцы уæрæсейаг фидауынгæнджыты. Мах мысæм, дыууын азы дæргъы знаг фыдмардæй кæй мардта, сыгъта, удæгасæй кæй ныгæдта, уыдоны рухс нæмтты. Мах мысæм, дард 1920 азы сæ цæрæн бынæттæй кæй фæсырдтой æмæ мингæйттæй сæ адзал чи ссардтой, уыдоны рухс нæмтты. Уæд сын бантыст Ирыстоны ирон хъæуты цъыбыртты сыгъд бакæнын, сæ цæрджыты сын фæсхохмæ фæсурын. Уæд дæр Уæрæсейы æфсады, бæлвырддæрæй та 11-æм армийы руаджы фадат фæцис, сæрæгасæй чи баззадысты, уыцы лигъдæттæн фæстæмæ æрыздæхынæн. Æмæ æрыздæхтысты. Сæ фæстагæттæн, махæн дæр уыцы хъысмæт ныв кодта Гуырдзыстоны разамынад, хъуамæ Иры зæххæй сыгъдæг быдыр сарæзтаиккой, фæлæ сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

Нæ историйы уыцы дугæн кæрон скодта 2008 азы 26 август æмæ ног дуг йæ фыццаг боназтæ нымайын райдыдта. Афтæмæй ацы бон ссис дыууæ дугæн сæ арæн.

Уæрæсейы разамынадæн уыцы дунеон уавæрты æнцон нæ уыдис Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинад банымайын. Уымæй скъуыддзаг кодта æрмæст Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы адæмты хъысмæт нæ, фæлæ дунейы цардæвæрд цахæм уагыл ацæудзæн, уый дæр. Афтæ ма дунейы бæстæты ‘хсæн Уæрæсейы бынат æмæ авторитет цахæм уыдзæн, уый дæр.

Ацы цауы фæдыл Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведев загъта: «Уыцы рæстæджы мах куынæ баххуыс кодтаиккам, нæ архайдтытæ æндæргъуызон куы уыдаиккой, уæд нæ бæстæ уыдаид æндæргъуызон, æмæ дуне дæр уыдаид æндæр. Истори алцыдæр йæ бынаты сæвæрдзæн, уæрæсейаг гарзджын тыхтæ, уæрæсейаг фидауынгæнджытæ æмæ уæрæсейаг æмбæстагон специалисттæ та цы сгуыхтдзинад равдыстой, уый æнустæм сæ зæрдыл дардзысты нæ фидæны фæлтæртæ».

Цæудзысты азтæ, фæлтæртæ ивдзысты фæлтæрты, фæлæ ацы бæрæгбон, ацы зæрдылдарæн бонæн йæ нысаниуæг къаддæр нæ – кæндзæнис стырдæр æмæ ахадæндæр.

БИАЗЫРТЫ Роланд

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.