Фæстаг бонты бæрæг сарæх сты зынгсивæрзты цаутæ. Уæлвæткон уавæрты министрады зынгхуыссын гæнæн хайады кусджыты фæрцы стыр зиæнттæ не ‘рцыд. Уыдон афоныл бацæуынц æмæ сæ ахуыссын кæнынц. Ацы бонты Знауыры районы Уахтанайы хъæуы басыгъд дыууæ мæнгагъуысты. Дыууæ боны размæ Цхинвалы район Прис æмæ Дменисы хъæуты быдыртыл дæр сивæрзт арт. Кæд ацы дыууæ хъæу дæр горæтмæ хæстæг сты зынгхуыссынгæнæн-ирвæзынгæнæн службæтæм сæм афоныл фæзындысты, уæддæр арт ахæлиу 20 гектары фæзуатыл.

Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæйы кусæг Хъуылымбегты Виктория нын куыд радзырдта, афтæмæй зынгсивæрзты цаутæ фæарæхдæр сты февралы мæйы æмбисæй. Фыццаджыдæр, уымæн йæ аххосаг у адæймаджы фактор. Куыддæр боныгъæд фæхъармдæр вæййы, афтæ бирæтæ, сæ зæххы  фадгуыты бафснайыны охыл, хус сыфтæртæ æмæ кæрдæгыл  бафтауынц арт. Хатт зынг расайы фыдбылыз. Кæд æмæ афоныл фæдзурынц зынгхуыссынгæнджытæм, уæд нæ бауадзынц фыдбылыз æрцæуыны онг хъуыддаг. Фæлæ цалынмæ уыдон æххуысмæ зыной, уæдмæ архайын хъæуы зынджы ныхмæ тох кæныныл. Зынгсивæрзты аххосæй ивгъуыд аз дæр нæ республикæйы районты бирæ фыдбылызтæ æрцыд.

Уæлвæткон уавæрты пресс-службæйы кусæг ма куыд зæгъы, афтæмæй хъæуты æмæ горæты дæр бирæ ис, зæронд, æнæхъусдардæй чи баззад, ахæм хæдзæрттæ. «Уыцы бынæтты хатт фæхъазынц æнахъомтæ. Бафæлварынц дзы истытæ ссудзыныл. Арты гуылфæнтæ сæхи хæрдмæ куы сисынц, уæд лидзынмæ фæвæййынц. Зынгсивæрзт рæстæгыл куыннæ ахуыссын кæнынц, уæд расайынц стырдæр фыдбылызтæ

Хатт чидæр быдыры фæцæйцæугæйæ, аппары хус кæрдæгыл судзгæ спичкæ æмæ уый дæр расайы зынгсивæрзт, басудзынц дыргъбæлæстæ, сæндæттæ. Вæййы афтæ дæр æмæ зынгсивæрзт куы сытынг вæййы, æрмæст уæд фæдзурынц не службæмæ. Хатт æгæр байрæджы вæййы, зынджы амæттаг бавæййынц æнæхъæн гектартæ. Горæты дæр къаддæр нæ цæуы ахæм цаутæ. Сæ хæдзæртты фарсмæ цы зæххы фадгуытæ ис, уыдон бафснайынц, стæй брæттыл арт бафтауынц. Фæлæ сыфтæртæ нырма æххæст сур кæй нæ вæййынц, уый аххосæй кæронмæ нæ басудзынц. Уымæл сыфтæртæй цы фæздæг фæцæуы, уый та стыр зиан хæссы, уæлдайдæр та, сæ улæфæнтæ хъыгдард кæмæн сты, ахæмтæн, хатт сæ бахъæуы тагъд æххуысмæ фæдзурын дæр. Экологтæ æмæ хъæууон хæдзарады специалисттæ та куыд зæгъынц, афтæмæй сыфтæрты судзын зиан хæссы æрдзæн дæр. Хус сыфтæрты хъæуы æрæмбырд кæнын голладжы æмæ сæ брондонмæ акалын. Кæннод та скъахын хъæуы уæрм æмæ сæ уым баныгæнын, цæмæй дзы рауайа æрдзон хъацæн зæххæн».

Хъуылымбегты Виктория ма куыд загъта, афтæмæй, зынгсивæрзты хайадтæ ис алы районы дæр, фæлæ стыр  зынгсивæрзтытæ куы вæййы, уæд сæ ахуыссын кæнынмæ фæдзурынц Уæлвæткон уавæрты министрадмæ дæр. Фæлæ уыцы-иу рæстæг зынгсивæрзтытæ цалдæр ран куы вæййы, уæд машинæтæ нал фæфаг кæнынц. Уый ма загъта, зæгъгæ  сæ министрад кæй хъавынц профилактикон беседæтæ ауадзын скъолаты, цæмæй арæхстгай архайой сывæллæттæ зынгимæ æмæ кæд æвирхъау цаутæ фæзына, уæд та фехъусын кæной мæнæ ахæм телефонтæм: 112, 45-18-00, 8929-810-10-01.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.