Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы сæрдар Тадтаты Алан æмæ депутат Цоциты Игорь цæрджыты куырдиатмæ гæсгæ бабæрæг кодтой микрорайон «Хурзæрин».

«Микрорайоны цæрджыты ныхæстæм гæсгæ сæ абоны бон хъыг дары æртæ проблемæйы. Уыдонæй сæ иууыл сæйрагдæр у канализацион системæйы хъуагдзинад. Микрорайоны канализаци цæуы адагмæ.

«Æппæты сæрæй корпусты æмæ хицæн бæстыхæйтты ‘хсæн сæвзæрд канализацион лæдæрсæнты цад. Стæй уый адагмæ цæуын райдыдта. Нæ алыварс ис æнуд тæф, æмæ сæрды та куыд уыдзæн. Уымæй уæлдай, уыцы канализацион цъыфы фæзынынц кæлмытæ, кæцытæ стæй бабырынц хæдзæртты территоримæ. Ам алкæмæндæр сывæллæттæ ис, æмæ мах, кæй зæгъын æй хъæуы, тæрсæм. Ацы фарсты фæдыл нæм уыдысты горæты администрацийæ, фæлæ нырма ницы дзуапп райстам», – загъта сæ иу –  Гаглойты Эрик.

Гасситы Петр бынаты бахатыд горæты администрацимæ, æмæ рабæрæги ацы фарст скъуыддзаг кæй цæуы.

«Мæнæн куыд бамбарын кодтой, афтæмæй сæрмагонд бæстыхай æмæ корпустæн уыд хицæн бассейн-донбадæнтæ, кæцытæй лæдæрсæнтæ цыдысты сыгъдæггæнæн агъуыстмæ. Æнцъирæнтæ нал кусынц, æмæ уый аххос дæр у ацы уавæр. Цæмæй дарддæр ахæм проблемæтæ мауал уой, уый тыххæй хъæуы ног сыгъдæггæнæн агъуыст саразын ададжы бын, цыранмæ канализацион дæттæ  цæудзысты микрорайоны дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр. Хъуыддаг ныр скъуыддзаг кæндзæн республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал». Стæй бавналдзæн канализацион системæйы рацаразынмæ», – банысан кодта Гассийы фырт.

Микрорайон «Хурзæрин»-ы цæрджыты проблемæтæй сæ иу у, газ уадзыны хъуыддаг кæронмæ кæй нæ фæци, уый дæр. Хæдзæрттæм газы хæтæлты уадзыны куыст урæд æрцыд.

«Махæн тынг æхсызгон уыд, газ нæм кæй уадзынц, уымæн æмæ нын рухсы фиддонтæ бирæ вæййынц. Фæлæ нæ цин бирæ нæ ахаста, уымæн æмæ газæй мах нырма дæр нæ пайда кæнæм», – фехъусын кодта микрорайоны цæрæг Габаты Витали.

«Хæтæлтæ мах онг не ‘рбахæццæ сты, хæдзæртты онг сæ куы бауадзиккой, уæд стæй мах нæхи тыхтæй бакæниккам иннæ куыстытæ», – загъта Габайы фырт.

Парламенты Сæрдар йæ рады банысан кодта, хорз кæй æмбары сæвзæргæ уавæр.

«Ам фылдæр хай цæрынц бирæсывæллонджын бинонтæ. Уымæ гæсгæ, æз мæхæдæг бацархайдзынæн ацы фарст аскъуыддзаг кæныныл. Аныхас кæндзынæн, ацы хъуыддаг кæмæ хауы, уыцы адæмимæ, цæмæй ацы фарст аскъуыддзаг кæной», – загъта Гасситы Петр.

Микрорайон «Хурзæрин»-ы сæрмагонд хæдзæртты цæрынц бирæсывæллонджын бинонтæ. Цæрджытæй сæ иуы ныхæстæм гæсгæ, ацы территорийыл ис 80 сывæллоны онг, кæцытæн нæй, кæм хъазой æмæ сæ сæрибар рæстæг кæм æрвитой, ахæм бынат.

«Нæ микрорайоны ахæм бинонтæ нæй,  æртæ сывæллонæй къаддæр кæмæн ис. Мæнæн, зæгъæм, сты фондз. Æмæ нæ сывæллæттæн нæй,  кæм хъазой, уый. Æмæ мах æдзухдæр уыдоны æдасдзинадыл мæт кæнæм. Мах æнæмæнг хъæуы ахæм фæзуат», – загъта Чилæхсаты Вова.

Сывæллæтты хъазæн фæзуаты арæзтад у микрорайон «Хурзæрин»-ы æртыккаг проблемæ,.

Цæрджыты ныхæстæм байхъусгæйæ æмæ территоримæ æркæсгæйæ, Гасситы Петр æмæ Тадтаты Алан аскъуыддзаг кодтой,  сывæллæттæн фæзуат саразын æнæмæнгхъæуæг кæй у.

Гасситы Петр цалдæр цæрæгæн загъта, цæмæй йæм бацæуой æмæ куырдиат ныффыссой сывæллæтты фæзуаты арæзтады тыххæй.

«Мах æй æнæмæнг сараздзыстæм партийы æхцайы фæрæзтæй. Республикон политикон парти «Иугонд Ирыстон»-ы централон комитеты рабадты мах ацы фарстыл уынаффæ кæндзыстæм æмæ аскъуыддзаг кæндзыстæм, фæзуаты арæзтад куыд æмæ кæд райдайдзыстæм, уый», – загъта Парламенты Сæрдар.

Иумæйаг фембæлды фæстæ, Парламенты Сæрдар, микрорайоны цæрæджы куырдиатмæ гæсгæ бабæрæг кодта æстæм хæдзар. Хæдзары бирæсывæллонджын бинонтæ цæрынц, уыдонæй сæ иуæн сæвæрдтой гуырцæй уæззау къæпхæны церебралон параличы диагноз. Хæдзары хицау æмæ сывæллæтты мад Багаты Залинæ йæ хъæстытæ ракодта Парламенты Сæрдарæн.

«Хæдзары тыххæй мæм документтæ  нæй æмæ регистраци нæ дæн. Уымæ гæсгæ мын нæ аразынц, сывæллæттæн цы æххуыс æмбæлы, уый. Сывæллæттæ скъоламæ цæуынц, иунæгæй сæ хъомыл кæнын. Фæлæ уыцы æххуыс æз нырма никуы райстон.  Куыд иунæг мад æмæ хъомыл кæнын бирæ сывæллæттæ, уыцы социалон æххуыс саразыны фадат дæр мын нæй», – загъта Багаты чызг.

Йæ ныхæстæм гæсгæ йын, куыстмæ бацæуыны фадат дæр нæй, уымæн æмæ рынчын сывæллонмæ кæсын хъæуы.

«Ис мын электроэнергийы хæс 50 мин сомы бæрц. Цæрæм мæ рынчын сывæллоны пенси фынддæс мин сомæй æмæ нын фаг кæны æрмæстдæр хæрдыл. Нæ йæ зонын, дарддæр куыд кæнон. Курæг уæ дæн, цæмæй мын бах-хуыс кæнат хæдзары документтæ саразынæй, цæмæй мæ бон суа мæ сывæллæттæн законон æххуыс райсын», – загъта микрорайоны цæрæг.

Гасситы Петр банысан кодта, тагъд рæстæ-джы сæ гæххæттытæ райсын æрмæст микрорайон «Хурзæрин»-ы хæдзæртты хицæуттæн нæ уыдзæн, фæлæ ма горæты ног цæрæнуат лæвæрд кæмæн æрцыдис, уыдонæн дæр..

«Ахæм проблемæ æрмæст сымахæн нæй, фæлæ ма Мæскуыйаг микрорайоны цæрджытæн дæр. Хæдзæртты регистраци райдайдзысты æввахс рæстæджы, æз мæхæдæг ацы фарстыл кусын, уымæн æмæ мæхицæн дæр ис ахæм проблемæ. Фæлæ уыдонæй уæлдай, сымахæн уæ документтæ цæттæ сты, баззадис ма дзы цыдæр цухдзинæдтæ. Æмæ уыдон тагъд уæ къухты бафтдзысты», – загъта Парламенты Сæрдар.

Гассийы фырт ныфс бавæрдта, парти «Иугонд Ирыстон» ын йæ электорэнергийы хæсы æрдæг кæй бафиддзæн, æмæ уымæ йæ хъус фæдарын бахæс кодта депутат Цоциты Игорæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.