Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организаци нымайы афтæ, зæгъгæ, пандеми COYID-19 тæссагдзинад (ног коронавирусæй расайгæ низ) фæтыхджындæр æмæ уый ссис реалон. Уый тыххæй Женевæйы брифингы фехъусын кодта Æнæниздзинад хъахъхъæныны дунеон организацийы генералон директор Тедрос Аданом Гебрейесус.

«Пандемийы тæссагдзинад ссис тынг реалон», – загъта уый. Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ, низ  дунейы æмхуызонæй нæ парахат кæны, фæрынчынуæвджытæ фылдæр сты бæстæты чысыл къорды.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны дуне-он организацийы генералон директор банысан кодта, зæгъгæ, æгæрыстæмæй, ныртæккæйы эпидеми куы рахиза пандемимæ, уæддæр ист æрцæудзæн контролы бынмæ, фæндвидар мадзæлттæ исгæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, райдиан стадийы райсгæ фæндвидар къахдзæфты фæрцы сæ бон суыдзæн,  коронавирус ма апарахт кæныны тыххæй мадзæлттæ райсын. Сæрмагондæй, Китайы рынчынты 70 проценты сдзæбæх сты æмæ сæ рафыстой рынчындæттæй. Гебрейесус банысан кодта, зæгъгæ, Китай эпидеми райста йæ контролы бынмæ. Уый хъусдард аздæхта, Республикæ Кореяйы дæр низ кæй фæкъаддæр, уымæ æмæ позитивон аргъ скодта вирус ма апарахт кæныны фæдыл Италийы «агрессивон мадзæлттæн». Тедрос Аданом Гебрейесус æрсидт паддза-хадтæм, цæмæй низы ныхмæ æххæст кæной «иумиаг стратеги». Йæ ныхæстæм гæсгæ, «бæстæты контекстмæ гæсгæ, кæцыты банысан æрцыд коронавирус, гæнæн ис æхгæд æцæуой скъолатæ, аивой дзыллон æмбырдтæ æмæ райсой æндæр мадзæлттæ», кæцытæ къаддæр кæнынц низæй фæрынчыны тæссагдзинад. Генералон директор куыд фехъусын кодта, уымæ гæсгæ организаци ныридæгæн 57 бæстæмæ арвыста медицинон хибахъахъхъæныны фæрæзтæ æмæ план кæны ахæм фæрæзтæ ноджы 28 паддзахадмæ арвитын. Уымæй дарддæр ма лабораторон ифтонггæрзтæ лæвæрд æрцыдысты 120 бæстæйæн.

Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, коронавирус сбæрæгчындæуыд 104 бæстæты æмæ территориты, уыцы нымæцы Европæйы æппæт бæстæты. 2020 азы 11 мартмæ низæй фæрынчын сты 119 027 адæймаджы (+ 5288 ног цауы суткæйы дæргъы). Коронавирусæй амардысты 4284 адæймаджы (+268 ног цауы суткæйы дæргъы). Низæй сдзæбæх сты 65761 адæймаджы (+2098 суткæйы дæргъы).

УФ-йы  территорийыл вирус ма апа-рахт кæныны фæдыл федералон опера-тивон штабы кусджытæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, бæстæйы сбæрæгчындæуыд низæй фæрынчыны æртæ ног цауы. Иугай рынчынтæ сбæрæг кодтой Мæскуыйаг, Калининградаг æмæ Белгородаг областты. Уыдон иууылдæр æрæздæхтысты Италийæ дыууæ къуырийы размæ. Рынчынты бакодтой инфекцион боксты. Уæрæсейы низæй чи фæрынчын, уыдоны нымæц схызт 20 адæймагмæ. Медикты контролы бын нырма дæр сты 9800 адæймаджы, кæцытæ æрцыдысты Шереметьевомæ Китай, Иран æмæ Хуссар Кореяйæ.

Бирæ бæстæты ивд æрцыдысты спортивон æмæ æндæр дзыллон мадзæлттæ, сæхгæдтой хæххон лыжæтыл бырыны курорттæ. Карантин расидтысты ахуырадон уагдæтты æмæ провинциты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.