Зынаргъ сылгоймæгтæ!  Ис бирæ бæрæгбонтæ, кадджын бонтæ, уыдонимæ баст сты нæ адæмы культурон цаутæ. Ахæм бонтæ нысангæнгæйæ, мах ногæй бавзарæм, бæрæгбон цы хабарæн фæнысан чындæуы, уый фарн, рæсугъд дзы кæнæм нæ уд, нæ зонд, нæ зæрдæ. Ахæм у бæрæгбонты нысаниуæг.

Ахæм у 8 марты бæрæгбон дæр. Фæлæ уæддæр уыцы бæрæгбонты хсæн, уый ахсы сæрмагонд бынат.  Уымæ нын ис сæрмагонд  ахаст.  Уый у, нæ цард  аив, фидыцджын кæмæй кæны, æнкъард, иунæгдзинад кæй цæстæнгасæй сæфы, уыдон бæрæгбон, æфсæрмдзæстыг, рæсугъд æмæ фæрнджын сылгоймæты бæрæгбон.

Аив символикон  нысаниуæг ис, уалдзæджы тæккæ райдиан æй кæй нысан кæнæм, уымæн дæр.  Уалдзæг куыд рæсугъд æмæ фарнхæссæг у, афтæ  рæсугъд æмæ фарнхæссæг стут сымах дæр, нæ мæдтæ,  нæ хотæ  æмæ цардæмбæлттæ. Афæдзы иннæ афонтæй, æвæдза иу дæр нæ уыдзæн сымах фидыцы аккаг.

Сылгоймаг царддæттæг, цард рæсугъдгæнæг, йæ фарн та махимæ  цæргæ-цæрæнбонты  кæны æмдзу. Уый нæй, зæгъгæ, уæд æнæдызæрдыгæй зæгъын: ныллæуид нæ удты уазал  зымæг,  уæздандзинад, æфсарм æмæ уды равг схицæн уаиккой  махæй æмæ æрцæуид нæ кæрон, Гъе, ахæм у уæ  фарн æмæ æвидигæ уæд!

Нартыл стонг зымæг куы скодта, уæд сæ фервæзын кодта  Зындзинады-иу куы бахаудтой, сæ уавæр-иу сæ куы ‘рдомдта хуыздæр амал ссарынæн, уæд-иу бафарстой Сатанайы æмæ-иу сæ уый фервæзын кодта сæ зындзинæдтæй.

Нæ абоны зын, вазыгджын рæстæджы бирæ у сылгоймæгты бон, нæлгоймæгтæн алыг кæнын  сæ бон цы фарст нæу, уый, чи зоны,  иууыл растдæр æмæ æнæкъуылымпыдæрæй  алыг кæниккой сылгоймæгтæ æмæ дунейыл  æрцæрид фарн. Уымæн æмæ цардæн  йе ̀цæг аргъ зоны сылгоймаг, йæ фæлдисæг кæй у, уымæ гæсгæ.  Ӕмæ нæ уырны, ацы ахсджиаг хъуыддаджы йын ныры онг цы бантыст, нырæй фæстæмæ йын фылдæр кæй  бантысдзæн. Уырны нæ, йæ сæрмæ  арв кæй уыдзæн сыгъдæг, йæ къæхты бын зæхх – фæлмæн æмæ рæвдауæг. Йæ алыварс  – сабыр æмæ æнцой. Ут нын  æнустæм æнæниз  æмæ æнæмаст.

Мæ ныхас мæ фæнды балхынцъ кæнын сымахæн  номарæн æмдзæвгæйæ:

Сымах нæ дзыллæйы хуыздæртæ ,

хæрззонд, хæрзæгъдау æмæ кадджын,

амазонкæты стæртæ

уæ фæрцы ферох сты раджы.

 Ныууагътат къæбицтæ,  тæбæгътæ,

Уæ уат дæр æфснайут æфсонæн,

 цы ма нæ бантысти нæ лæгтæн, –

сымахæн бантысдзæн, уый зонын.

Нæ карз, æрдхæрæйнаджы заман

бæрзонд идейæты сæрвæлтау –

нæ уын хуыцаубон ис, нæ сабат, –

уæ хъару басгуыхти æнæнтау.

Стут нын чиныгдзау, фыссæгкъух,

нæ рухсы артдзæсты – æхсинтæ,

кæддæры къуммæбаст, хыссæкъух,-

æнустæм райхалут сæ хинтæ.

Ӕрмæст  уæ иу хорзæх ма курын,

цæмæй уæ ма уой рох бынтондæр

уæ фарны уазæгуарз къæбицты

ирон физонæг æмæ дурын,

стæй хурæнгæс дзаджджын хæбизджын,-

цæрынæн уæд уыдзæн æнцондæр

                                                              ӔЛБОРТЫ  Ӕхсæртæг,

                                                                                   нывгæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.