Тынг бирæ рæсугъд, зæрдæмæдзæугæ ныхæстæ ис сылгоймаджы тыххæй. Йæ рæсугъддзинад æмæ аивдзинадæн абарæн ис æрмæстдæр уалдзæгимæ, хуримæ.

Æнæ уалдзæг æмæ æнæ сылгоймаг нæй цард, нæй рæсугъд фидæн нæдæр æрдзæн, нæдæр æрдзы фидауц – адæймагæн.

Сылгоймагимæ баст сты нæ царды тæккæ рæсугъддæр æмæ ахсджиагдæр цаутæ. Саби фыццаг кæй фæзæгъы, уыцы ныхас вæййы – мад. Сылгоймаг у бинонты бындур, сылгоймаг хъомыл кæны цот, сылгоймагæй фидауы хæдзар.

Поэттæ, музыканттæ, нывгæнджытæ фæлтæрæй – фæлтæрмæ стыр кад æмæ намыс кæнынц сылгоймагæн.

Зындгонд уырыссаг фыссæг М.Горький фыста: «Æнæ сылгоймаг нæдæр хъæбатыр ис, нæдæр поэт!».

Хуыцау, æвæццæгæн, хуымæтæджы не схайджын кодта сылгоймаджы æмбисонды хорз миниуджытæй. Ирон адæммæ ис ахæм таурæгъ сылгоймаджы тыххæй.

Хуыцау æрбайста худгæ хуры тынтæй цалдæр, æрттиваг мæйы сонт æнкъарддзинад, мæлхъы сæрыстыр уæздандзинад æмæ уарди дидинæджы æмбисонды тæф. Цæмæй æгæр æлутон ма фæуа, уый тыххæй ма йæм бафтыдта ноджы уаддымгæйы æнæсæрфат зилдухæнтæ, рувасы хиндзинад, тæрхъусы  тæппуддзинад,  мигъты цæссыгкалындзинад уарыны агъоммæ æмæ гæркъæраджы талф-тулфдзинад дзургæйæ. Чысыл ахъуыдыйы фæстæ ма йæм бафтыдта ноджы хъаймæты æппæт бæллæхтæ: арт, зæй, æрвæрттывд, æрвнæрд, тымыгъ, тæрккъæвда. Æмæ æппæт уыдæттæй сарæзта сылгоймаджы…

Æвæццæгæн, зæххыл ахæм тых нæй, æмæ сылгоймагимæ кæй ис абарæн… Сылгоймаг у хуры тынтау хъарм æмæ фæлмæн, сылгоймаг у фарн æмæ амонд хæссæг… Сылгоймаг!.. Мад!.. Куыд æгæрон тых ис уыцы дзырдты… Ирон адæм рагæй фæстæмæ кувынц сылгоймаг-бардуагмæ, Мадымайрæммæ, курынц дзы цот, фæдзæхсынц ын сæ хъæбулты.

Мад… Ацы фæлмæн, алæмæттаг дзырд фехъусгæйæ, алы кары адæймаджы цæстытыл ауайы йæхи ныййарæг мад, йæхи уарзон схъомылгæнæг…

Мад алкæмæн дæр у ныййарæг, хъомылгæнæг, ахуыргæнæг, зондамонæг, хур æмæ цæсты рухс. Цас фыдæбон федта Мад йæ царды, хъæбул хъомылгæнгæйæ, цал æгъуыссæг æхсæв арвыста йæ кæстæры æнæмæт фынæй хъахъхъæнгæйæ, цал хатты йæ бахызта фыдбылыз æмæ æвзæр хъуыддæгтæй, цас уарзондзинад æмæ хъармдзинад ын балæвар кодта æнæвгъау?! Æмæ чи фæнымайдзæн Мады хæрзтæ? Кæй бон суыдзæн Мады лæггад æмæ фыдæбонæн аккаг аргъ скæнын? Æвæццæгæн, никæй!..

Раджы кæддæр иу лæппу бауарзта саурæсугъды. Чызг ын хъазгæйæ загъта, зæгъгæ, мын кæд дæ мады зæрдæ æрбахæссай, уæд дын бакомдзынæн… Лæппу ацыд, йæ мады зæрдæ скъахта æмæ тагъд-тагъд фезгъоры йæ уарзонмæ. Фæнагыл йæ къах дурыл скъуырдта æмæ фæкалд. Мады зæрдæ фесхъиудта æмæ афарста йæ хъæбулы: «Дæ къах тынг ныццавтай, мæ хъæбул?».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.