Æрвылбон дæр социалон хызæгты, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны дзыллон информацийы фæрæзты фæзынынц ирон хæстонты схорзæхджын кæныны тыххæй хъусынгæнинæгтæ.

Абоны хъайтар у хуссарирыстойнаг бархион Федоров – Дзæгъиаты Алан. Уæрæсейы президент Владимир Путины барамындæй хорзæхджын æрцыд «За отвагу»-йы майданæй сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы фронты раззаг позициты равдисгæ хъæбатырдзинады тыххæй.

Дзæуджыхъæуы уыд батальон «Терек»-ы хъазахъхъæгты паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кæныны церемони. Ацы батальоны ис Алан дæр, æмæ йæхи фæнды, цæмæй йæ иууылдæр хоной Дзæгъиатæй. Уымæн æмæ схъомыл ис Цхинвалы Шанхайы районы Къозоны фырты уынджы йæ дадайы хæдзары. Хорзæхтæ сын радта Цæгат Кавказы Федералон зылды Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Юрий Чайка. Церемонийы хайад райста РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.

Дзæгъиаты Алан райгуырд Хуссар Ирыстоны 1984 азы. Каст фæцис 12-æм астæуккаг скъола. Йæ мад Дзæгъиаты Еленæ дæр уым ахуыр кодта. Аланы æвзонг азтæ æрхаудысты уæззау цауты рæстæгмæ. 2008 азы августы хæсты æвдисæн æмæ хайадисæг дæр уыдис. Ныртæккæ йæ хæсыл банымадта сæрмагонд æфсæддон операцимæ хъазахъхъаг батальон «Терек»-ы сконды ацæуын. Афтæ зæгъæн ис æмæ йæ дадзинты  зилы æцæг ирон хæстоны туг.

«Уым уыд тынг уæззау уавæр, æдзух тохтæ, æхстытæ. Цы полктимæ куыстам, уым  бирæ фæмардуæвджытæ кæй уыд, уымæ гæсгæ развæдсгæрсты нал цыдысты. Æмæ мах райдыдтам развæдсгæрст уадзын», – загъта Алан.

Уыцы бон ногæрсиддонтæ, развæдсгæрсты нæ бафæрсгæйæ, ацыдысты раззаг хаххмæ æмæ бахаудтой тыхджын æхстыты бын. Йæ бон кæмæн ссис, уыдон рацыдысты, фæлæ ма уым баззадысты полчы командир цыппар хæстонимæ. Алан йæ дыууæ æмбалимæ, уыдон дæр ирæттæ, сæ фæсномыгтæ «Моздок» æмæ «Дигорец» ацыдысты уыдон аирвæзын кæнынмæ «Хъыгдард баййафджытæм цыдыстæм æхстыты бын, мардбуартæ æмæ минæтæй йедзаг быдыры. Ныхмæлæууæджы дронтæ рæстмæ нæ тахтысты боныгъæдмæ гæсгæ. Тыххæйты сæм бабырыдыстæм. Цыппары дзы ракодтон сæрмагондæй мæхæдæг, уыдонæй иу уыд тыхджын цæф æмæ йын сарæзтон рыстуромæн судзин. Ноджы ма иу километр бырыдыстæм сæ командирмæ. Йæ цуры уыд танкы снаряды уæрм. Тыхджын цæф фесты йæ къæхтæ, къухтæ æмæ æгæрыстæмæй йæ хъуыр дæр. Раластам æй, сарæзтам ын æртæ рыстуромæн судзины. Æрæвæрдтам æй пæлæзцатырыл æмæ йемæ бырын райдыдтам фæстæмæ – йæ бон цæуын бынтондæр нæ уыд.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадист Алан хоны саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм фæлтæрддзинад – удæгасæй аирвæзыны, æнгомдзинады фæлтæрддзинад. Мæйы фæуды Алан фæнд кæны фæстæмæ ацæуын йе ‘фсымæртæ æмæ йе ‘мбæлттæм. «Махæн уыд хæстон æфсымæрдзинад. Афтæ зæгъæн дæр, æмæ уым ссардтон ног бинонтæ. Нæ командир-ирон «Атаман» нæ схъомыл кодта, куыд йæхи сывæллæтты, афтæ æмæ нын алыхатт дæр лæвæрдта раст амындтытæ», – йæ зæрдыл æрлæууыд хæстонæн.

Алан фыццаг хатт куы сфæнд кодта сæрмагонд æфсæддон операцимæ ацæуын, уæд йæ бинонтæ йемæ разы нæ уыдысты. Уымæ гæсгæ ацыд никæмæн ницы загъта, афтæмæй. Æрмæстдæр бынатмæ куы ныхæццæ, уæд фехъусын кодта бинонтæн Донбассы кæй ис, уый тыххæй. Аланæн ис дыууæ лæппуйы. Уыдонæн æй фæнды цæвиттойнаг уæвын, цæмæй сæрыстыр уой сæ фыдæй.

«За отвагу»-йы майдан фронтонтæн уæлдай кадджындæр у, уымæн æмæ дæттынц хисæрмагонд хъайтардзинад равдисыны тыххæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй фæстæмæ ацы майдан нымад у салдаты хорзæхыл æмæ йæ кæмæн саккаг кæнынц, уыцы афицерты та гæнæн ис хъайтарыл нымайын.

Мах ныхас кодтам Дзæгъиаты Аланы æввахс хион, 12-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Бахъаты Валентинæимæ. Уый нын куыд радзырдта, афтæмæй Аланы йæ дада йæ чысылæй фæстæмæ хъомыл кодта, куыд æцæг ирон нæлгоймаг, афтæ. У тынг къухджын адæймаг, рæхсы хъæдæрмæджы куыстмæ. «Кæд йæ дада удæгас нал у, уæддæр æрæджы æрцыд Цхинвалмæ æмæ мах дæр бабæрæг кодта, радзырдта нын йæ хæстон архайдтыты тыххæй. Ацы бонты та нæм фæдзырдта телефоны æмæ нæм бахатыд, цæмæй йæ номæй раарфæ кæнæм Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæн – Сылгоймæгты дунеон бæрæгбон 8-æм марты цытæн. Хæст, зæгъ, макуыуал фенæнт! Уадз æмæ сæ хъæбулты хъомыл кæной сабыр арвы бын!», – загъта Бахъаты чызг.

Аланæн мах зæрдæ та зæгъы, фыдбы-лызтæй хызт æмæ йæ бинонтыл сæрæга-сæй сæмбæлд.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.