Йæ Бæрзонддзинад, Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир В. В. Путинæн

Цытджын Владимир Владимиры фырт,

Айс мын мæ иууыл хъармдæр арфæтæ Чырыстийы Райгасы Рухс бæрæгбон — Хуыцауы Куадзæны сæраппонд.

Куадзæны бæрæгбон кæддæриддæр нысан кæнынц чырыстоны диныл хæст дзыллæтæ уæлдай фарн æмæ хъæлдзæгдзинады æнкъарæнтимæ. Ацы алæмæтон бæрæгбон ноджы фидардæр кæны, чырыстон дины иумæйаг æргъадтæ кæрæдзийы ’хсæн чи дих кæнынц, уыцы Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн бирææнусон монон бастдзинад.

Ацы бæрæгбоны мæ дæуæн бафæнддзæн фидар æнæниздзинад, хорздзинад, амонд æмæ царды хæрзиуджытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид

***

Йæ Сыгъдæгдзинад Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кириллæн

Дæ Сыгъдæгдзинад,

Æрвитын дæм иууыл хъармдæр арфæтæ Чырыстийы Райгасы Стыр бæрæгбоны цытæн.

Рухс Куадзæн у, æппæт дунейы чырыстон диныл хæст дзыллæты монон иудзинадæвдисæг бæрæгбон, уый у хорздзинад, циндзинад æмæ ныфсы символ.

Хуссар Ирыстоны чырыстонтæ ацы бæрæгбонон бонты æппæт чырыстон дунеимæ кувынц Хуыцаумæ се ’ввахс адæмы, хиуæтты хæрзæбонæн.

Стыр цины æнкъарæнтимæ мæ фæнды банысан кæнын, нæ иумæйаг тыхты фæрцы Цхинвалы кæй райдыдта Уаз Кувæндоны арæзтад. Фидарæй мæ уырны, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы дзыллæты æнусон монон иудзинад дарддæр фидардæр кæй кæндзæн.

Ацы райдзаст бæрæгбоны мæ дæуæн фæнды, дæ Сыгъдæгдзинад, æгæрон æнæниздзинад, бирæ цæрæнбон, æнтыстытæ, æгасæйдæр дæхи цæмæн снывонд кодтай, уыцы бæрнон хъуыддаджы, дæ чырыстиуарзаг фæдонтæн та — сабырад, амонд æмæ Хуыцауы арфæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид

***

Йæ бæрзонддзинад Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевæн

Цытджын Дмитрий Анатолийы фырт,

Айс мын мæ иууыл хуыздæр арфæтæ Чырыстийы Райгасы рæсугъд бæрæгбон — Хуыцауы Куадзæны тыххæй.

Куадзæн у царды æмæ хорздзинады цины бæрæгбон. Уый мах иу кæны, цæмæй цæрæм сабырад æмæ разыдзинады цардæй, æххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмæ балæууын. Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы цæр-джытæ иумæ дих кæнынц Куадзæны цины бæрæгбон, æппæтварсонæй æнкъарынц æфсымæрон дзыллæты бирææнусон монон æввахсдзинад. Ацы диссаджы райдзаст боны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырад, царды хæрзиуджытæ æмæ æнтыстытæ Уæрæсейы паддзахадæн лæггад кæныны хъуыддаджы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид ма Куадзæны бæрæгбоны цытæн зæрдæ-бынæй раарфæ кодта:

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеслав Зелимханы фыртæн;

Абхазы Республикæйы Президент Хаджимба Рауль Джумкы фыртæн;

Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Захарченко Александр Владимиры фыртæн;

Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Плотницкий Игорь Венедикты фыртæн;

Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Шевчук Евгений Василийы фыртæн.

***

Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

Айсут мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ Уалдзæг æмæ фæллойы бæрæгбоны цытæн!

Ацы диссаджы бæрæгбон нæу ницахæм политикон æмæ социалон ивындзинæдты дæлбар, уымæн æмæ цы æргъадтæ æвдисæг у, уыдон сты æнæфенкъуысгæ. Ацы бæрæгбон у фæллойæн цытгæнæг, сабырдзинадмæ, æхсæнады дидинæфтыдмæ тырнæг бæрæгбон.

Символикон у уый дæр, æмæ ацы бæрæгбон кæй вæййы уалдзæджы тæмæны — нæ алыварс царды алцыдæр райхъал вæййы. Æхсæна-ды фæрныгадæн раст æмæ цæсгомджын фæллой алыхатт дæр у бындурты бындур, уымæн æмæ размæ цæуынæн æнæ фæллой нæй прогресс æмæ змæлд, фæллой кæнын нын нæ цард кæны аккагдæр æмæ хуыздæр.

Цытджын хæлæрттæ! Ацы уалдзыгон боны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, сабырдзинад æмæ дидинæфтыд. Уадз, æмæ сымахæй алкæйы царды дæр уæд циндзинад æмæ уæ хæдзæртты алыхатт дæр æлдариуæг кæнæд кæрæ-дзиæмбарынад æмæ бæркад. Уадз, уалдзæг уын уæ хæдзæрттæм æр-хæссæт бирæ хорздзинæдтæ æмæ уæ бинонты æмæ æввахс хиуæтты уарзондзинад. Мæ зæрдæ уын зæгъы æнтыстытæ.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

***

Зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

Айсут мæ иууыл хъармдæр арфæтæ Куадзæны рæсугъд бæрæгбоны цытæн!

Ацы бæрæгбон у чырыстон бæрæгбонты сæйрагдæртæй сæ иу, адæмæн йемæ æрхæссы иууыл рæсугъддæр æмæ хъæлдзæгдæр зæрдæйы уаг, зæрдæты байдзаг кæны циндзинад æмæ уарзондзинадæй. Чырыстийы райгасы рæсугъд бæрæгбон у хæлардзинады, хæрзаудындзинады, адæмуарзондзинады, ныфсы бæрæгбон, кæцы йемыдзаг у монон æргъадтæй.

Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæ-низдзинад, амонд, рæсугъд фидæныл æууæнкдзинад æмæ æнтыстытæ уæ алы хъуыддаджы дæр.

Чырысти Райгас!

РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.