Цардæн йæ бындур сылгоймаг у æмæ мæ фæнды Сылгоймæгты дунеон боны цытæн зæрдиаг арфæтæ ракæнын нæ мæдтæн, хотæн, цардæмбæлттæн, чызджытæн. Хуыцауы хорзæхæй, Мадымайрæмы хæрзиуджытæй хайджын ут! Адæймаг амондджын куы уа, уæд йæ зæрдæйы хъуыдытæ, фæндтæ рагæй æххæст кæнынц æмæ вæййы райдзаст, мидбылхудгæ. Æнæниз, æнæмаст адæймаг дæр амондджын вæййы æмæ амонд уæ рахисвæрсты цæуæд!

Ирон чызджытæ, цы мыггæгтæм ссарат уæ амонд, уым фæзминаг куыд уат уæ уагахастæй, уæ мыггаджы кад бæрзонд куыд хæссат æмæ уæ удыхæйтты мыггæгтæн аккаг лæггад кæнын цы фæразат, ахæм амонд уæ уæт! Ахæм чындзытæм, хъæубæстæ, сыхæгтæ, зонгæтæ æнæхъæн мыггагы номæй дзурынц: Гæбæриан, Гуырцъион, Цхуырбиан, Абиан, Пухон…

Рæсугъддæр, кадджындæр у уыцы сылгоймаг, кæцы схъомыл кодта, кæнæ хъомыл кæны бирæ сывæллæттæ. Иуæй мыггагы нымæц фылдæр кæны, иннæмæй – Райгуырæн бæстæйæн фылдæр хъахъхъæнджытæ. Чындзæн йæ цæгат стыр ныфс у æмæ уæ зæрдæ рухс уæд, цæгаты ‘рдыгæй дæр æмæ хæдзары ‘рдыгæй дæр!

Ныййарæг мады хуызæн никæй фæнды сывæллоны хорз æмæ уæ удты фæндиаг уæд, уæ кæстæртæ, уæ зæнæг! Хъæбулы маст уæ мачи бавзæрæд.

Ирон Сылгоймаг у дзыхбарон, хæдзарон, лæггадгæнæг, æнувыд йæ уды хайыл, уымæ гæсгæ, лæппутæ, гæнæнуæвгæйæ, цардæмбал ирон чызджыты ‘хсæн агурут, уæд уæ хæдзæртты уыдзæн, фарн, æгъдау, æфсарм, уæ сабитæ дзурдзысты сæ мадæлон æвзагыл æмæ цæрдзыстут фæрнæй, уæ уды фæндтæ нывæндгæйæ. Сылгоймагæн кæд хæдзары бирæ-бæрцæй йæ куыстытæ ныры дуджы фæрогдæр сты, уæддæр сын кæддæриддæр разыны, цы аразой, уый.

Сæ тых дæр æвидигæ у!

Уадз Иры сылгоймæгтæ, сæдæ азы сæрты акæсæнт, уæнгрог æмæ зæрдæрухсæй æмæ уæддæр, ома, уыцы кары дæр, сæ бакаст зæрдæмæдзæугæ куы уа, сæ армæй конд хæринæгтæ сын бинонтæ, хиуæттæ адджынæн куыд хæрой, ахæм амонд сæм бахудæд!!!

ЧЕХОЙТЫ Вася,

Фæллойы ветеран

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.