Зынаргъ сылгоймæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй уын арфæ кæнын рæсугъд уалдзыгон бæрæгбон – Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Сымах фæрцы хъахъхъæд цæуынц æнусон æргъадтæ – уарзондзинад, удуæлдайдзинад.

Хæдзары артдзæст хъахъхъæнджытæ, фæлмæн æмæ быхсаг нанатæ, сымахæн уæ бон уе уæхсчытæм райсат, нæлгоймагмæ чи нæ хауы, ахæм хæсты бæрндзинад æмæ сæ аскъуыддзаг кæнат аккагæй, уыимæ иумæ, сылгоймаджы рæсугъд миниуджытæ нæ фесафгæйæ.

Бузныг уын уæ уарзондзинад, куыстуарзондзинад, хъæддыхдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй! Æмæ уын кæд æрвылбон нæ дзурæм не ‘нкъарæнты тыххæй, уæддæр мах зæрдиагæй аргъ кæнæм уе ‘ххуысæн æмæ уды рæсугъддзинадæн!

Ацы нысаниуæгджын уалдзыгон боны загъд рæсугъд ныхæстæ уыдзысты аккаг æмæ æмбæлон.

Ирыстоны сылгоймæгтæ аккаг сты кад кæнынæн. Архайды цыфæнды фадыджы æмæ цыфæнды уавæры сымах зын фарстытæ  аккагæй скъуыддзаг кæнгæйæ, райсут уæлдæр фæстиуджытæ, иууыл хуыздæр мæдтæ æмæ нанатæ, иууыл æнувыддæр хотæ, иууыл фæлмæндæр чызджытæ æмæ иууыл рæсугъд цардæмбæлттæ уæвгæйæ.

Æппæт историйы дæргъы нæ сылгоймæгтæ æвдыстой хъайтардзинад æмæ бæрндзинады цæвиттон, Ирыстоны адæмы уæлахизтæ æмæ æнтыстытæм цырын кæнгæйæ. Æмæ абон сымах стыр хайбавæрд хæссут нæ бæстæйы рæзтмæ, æмæ, сæйраджыдæр, ныфс дæттут сомбоны, нæ бæстæйы аккаг ног фæлтæр хъомыл кæнгæйæ.

Зынаргъ сылгоймæгтæ!

Мæ цæст уын уарзы, цæмæй царды алы фадыджы дæр уæ архайд – куысты, бинонты, æхсæнадон архайды, сфæлдыстады – хæсса райгонддзинад, æмбарындзинад, коллегæты æмæ хиуæттæ бæрзонд аргъкæнынад.

Уадз, æмæ уæ царды алы хатт дæр уæнт æнтыстытæ, уæ хæдзæртты та – кæрæдзимбарынады æмæ уарзондзинады атмосферæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг БЕКЪОЙТЫ Геннади

***

Нæ зынаргъ мæдтæ, нанатæ, хотæ, цардæмбæлттæ, чызджытæ! Хуссар Ирыстоны цытджын сылгоймæгтæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ рæсугъд уалдзыгон бæрæгбон – Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн!

8-æм март у ирд, цинхæссæг бæрæгбон, кæцы хъарм у уæ зæрдæтæ æмæ уæ мидбылхудтæй. Куырыхондзинад æмæ быхстдзинад, уарзондзинад æмæ рæсугъддзинады символ уæвгæйæ нын сымах нæ цард кæнут мидисджындæр, лæвар нын кæнут уарзондзинад, аудут ныл æмæ хъахъхъæнут хæдзары артдзæст, уæхимæ исут бæрндзинад бинонты кæрæдзимбарынад æмæ æнцойдзинад бахъахъхъæныны тыххæй. Сылгоймаг у бинонты фидар бындур æмæ йæ сæйраг хæс у цард лæвар кæнын, сывæллæттæ хъомыл кæнын, бинонты хæзнатæ æмæ традицитæм кад кæнгæйæ. Ирыстоны сылгоймæгтæ æхсæнадон царды сæ активон архайд, æрвылбонон куыстæй хайбавæрд хæссынц нæ республикæйы рæзтмæ. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын, сымах, райгуырæн Ирыстоны хæрзиуæгæн цы аразут, уый тыххæй.

Ацы бæрæгбонон бонты мах бузныджы æмæ кады ныхæстæ дзурæм нæ зынаргъ сылгоймæгтæн – нæ мæдтæн, нанатæн, хотæн, цардæмбæлттæн, нæ уарзон чызджытæн.

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ, мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, амонд, фæрныгад, бирæ цинхæссæг бонтæ æмæ уын бузныг зæгъын уæ æнувыддзинад æмæ хъармдзинады тыххæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

***

Нæ зынаргъ сылгоймæгтæ-ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Ветеранты советы президиум уын арфæ кæны Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Нæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, амонд, бинонты фæрныгад, сабырад æмæ æнтыстытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.