Хуыцау сылгоймаджы радта уындджынæй, цæмæй йæ нæлгоймаг бауарза, æмæ зондцухæй, цæмæй уарза нæлгоймаджы.

  Кæй зæгъын æй хъæуы, сылгоймаг у зондджындæр нæлгоймагæй. Искуы фехъуыстат, сылгоймаг сырра ис нæлгоймаджы даргъ къæхты уындæй?

  Цас къаддæр уарзæй сылгоймаджы, уыййас тынгдæр цæуыс йæ зæрдæмæ.

  Нæлгоймаджы фæнды сылгоймаджы фыццаг уарзон уа, сылгоймаджы та – фæстаг.

  «Чи дæ нæ уарза, уыцы сылгоймаджы уарзын дæ бон цас бауыдзæн?» «Чи нæ уарзы, уый – цæрæнбонтæм!».

  Æцæг лæг уый у, сылгоймагыл цал аз цæуы, уый чи нæ зоны, фæлæ йын йæ райгуы-рæн бон чи нæ рох кæны. Сылгоймагыл цал азы цæуы, уый чи зоны, фæлæ йын йæ райгуырæн бон чи рох кæны, уый та у мой!

  Кæд æмæ сылгоймаг фæцæуы йæ сæр æркъулгæнгæйæ –  уæд ын ис лымæн! Кæд æмæ сылгоймаг фæцæуы йæ сæр бæрзонд сисгæйæ – уæд ын ис лымæн! Кæд æмæ сылгоймаг фæцæуы йæ сæр раст хæсгæйæ – уæд ын ис лымæн! Æмæ кæд сылгоймагæн ис сæр – уæд ын ис лымæн!

  Сылгоймаг 99 хатты йæхи равдисы къуыдиппæй, фæлæ 100-æм хатт разыны нæлгоймагæй зондджындæр.

  Нæлгоймагæй алидзын хъæуы уæдмæ, цалынмæ  уый нæ ахъуыды кæна алидзыныл.

  Сылгоймаг у иунæг иу ахæм лæвар, кæцы зоны  йæхæдæг йæхи рæсугъд стухын.

  Цард у сылгоймагау – цалынма сразы уа, уæдмæ дæ фыдæбонæй амары.

  Фыруарзтæй сылгоймаг кæны зондджындæр, нæлгоймаг та фесафы йæ зонд.

  Ис ахæм сылгоймæгтæ, никæй зæрдæмæ фæцæуынц, фæлæ сæ алчидæр фæуарзы, фæлæ ис ахæм сылгоймæгтæ дæр, алкæй зæрдæмæ дæр фæцæуынц, фæлæ сæ уарзгæ та ничи фæкæны. Амондджын у æрмæст уыцы сылгоймаг, алкæй зæрдæмæ дæр чи цæуы, фæлæ иу нæлгоймаг кæй фæуарзы.

  Æрмæстдæр фыдуынд сылгоймæгтæ фенæууæнк кæнынц сæ мойтыл, рæсугъд  сылгоймаджы  уымæ нæ февдæлы – уыдон ‘нæууæнк  кæнынц  кæйдæр  нæлгоймаджы.

  Уæлахиз уæд нæлгоймаг! Уымæн йæ бон у царды æппæт дæр йæхи бакæнын. Уæлахиз уæд сылгоймаг!  Уымæн йæ бон у кæцыфæнды  нæлгоймаджы дæр йæхи бакæна.

 Уарзæг сылгоймагæн йæ хъуыды у æппæты фидардæр.

  Сылгоймаг цас рæсугъддæр уа, уыййас  йемæ тагъддæр ацæуы рæстæг æмæ æхца.

   Сылгоймаг – æппæты æдыхдæр фæлдыст, кæцыйæ нæй аирвæзæн.

  Сылгоймаджы къабайæ цы фæцæуы нæлгоймаджы зæрдæмæ, уый – æнæ къабайæ куыд фидаудзæн  сылгоймаг!

  Рæсугъд сылгоймаг  – цæстытæн – дзæнæт, монæн – зындон, дзыппæн – хафæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.