Ирон кафты пехуымпар уыд Саулохты Мухтары фырт Мэлс. Уый йæ сабийы бонтæй фæстæмæ æнгом баст уыд кафты аивадимæ, йæ райрæзын æмæ рапарахат кæнынæн уæхскуæзæй  фæфыдæбон кодта æмæ йыл ныфсджынæй фæцыд йæ царды кæронмæ. Культурæ æмæ аивады архайджытæ уыдысты йæ фыд, поэт, драматург æмæ актер Саулохты Мухтар æмæ Хуссар Ирыстоны драмон театры курдиатджын актрисæ Гаглойты Варварæ. Чысыл Мэлс авдаздзыдæй фæзынд сценæйыл æмæ уæдæй райдыдтой йæ фыццаг, фæлæ уæндон къахдзæфтæ аивады дунейы.

Мэлс райгуырд 1938 азы 20 сентябры. Иугæр скъоламæ цæуынхъом куы фæци, уæд уыцы иу рæстæджы 9-аздзыдæй бацыд Хуссар Ирыстоны зард æмæ кафты паддзахадон ансамблы цур сывæллæтты  кафджыты студимæ. Ацы ран ын йæ фæл-тæрддзинад цæстуарзонæй амыдта дæсны кафæг Еналдыты Вахтъанг. Иугæр куы рахъомыл, йæхиуыл куы баууæндыд, уæд æндæр æмæ æндæр рæстæджыты куыста Цхинвалы Культурæйы хæдзары кафджыты къухдариуæггæнæгæй, хореогра-фион ансамбль «Зилгæ»-йы разамонæгæй æмæ æндæр рæтты. Сæвæрдта ахæм цымыдисон æмæ зæрдæмæдзæугæ кæфтытæ куыд «Симд», «Хонгæ», «Гогонтимæ кафт», «Хæсанæйы кафт» æмæ æндæртæ. Фæлæ уæддæр аивадмæ тырнæг лæппуйы уæгъд нæ уагътой фылдæр зонындзинæдтæй фæхайджын уæвыны бæллицтæ æмæ уымæ гæсгæ 1964 азы ахуыр кæнын райдыдта А. В. Луначарскийы номыл Мæскуыйы Паддзахадон театралон аивæдты институты балетмейстерон хайады (профессор Р. Захаровы кълас). Ацы номдзыд институтмæ нæу æнцон бахауæн æмæ Хуссар Ирыстонæй Мэлс у йæ фыццаг минæвар. Ацы ахуыргæнæндон æнтысгæйæ каст фæуыны фæстæ куыста Оренбурджы уырыссаг адæмон хоры. Фæлæ уæддæр райгуырæн къуыммæ йæ уарзондзинад æгæрон уыд, ирон аивадæн лæггад кæнын йæ сæйраг бæллиц уыд æмæ 1970 азæй кусын райдыдта ансамбль «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг æмæ сæйраг балетмейстерæй. Куыста ма Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны специалон предметты ахуыргæнæгæй, 1973 азæй 1992 азмæ та – Хуссар Ирыстоны телерадиокомпанийы райдианы музыкалон редакторæй, фæстæдæр та – музыкалон æмæ аивадон алæвæрдты режиссерæй. Стыр æхсызгондзинады цау уыд, кафты аивады рæзты 1989 азы кæй сырæзт Хуссар Ирыстоны Культурæйы управленийы цур сывæллæтты паддзахадон хореографион скъола-студи. Уый уыд иунæг ахæм фыццаг æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æнæхъæн Цæгат Кавказы республикæты дæр. Йæ сырæзтæй фæстæмæ студи рауагъта ахуыргæнинæгты цалдæр къорды æмæ сæ бирæтæ кусын райдыдтой ансамбль «Симд»-ы, æндæртæ та систы хæдархайгæ аивадон коллективты хайадисджытæ.

Саулохты Мэлс канд кафты аивады нæ равдыста йæхи курдиатджын æмæ цæстуарзонæй, фæлæ ма стыр бавæрд бахаста йæ бирæ фæллæйттæй культурæ æмæ аивады рæзтмæ дæр. Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры кæфтытæ сæвæрдта ахæм спектакльтæн, куыд Уанеты Владимиры «Шахмæттæ», «Аланты ус-паддзах Зæри-нæ», «Рагон таурæгъ», «Хилачы фидар», А. Толстойы «Удæгас мард», В. Шекспиры «Макбет», Жажиты Анатолийы «Хылой», Гуыцмæзты Михалы «Фыдæлты уæзæг», Хуыгаты Георы «Чепена», «Сау нымæт», «Сæтти æмæ Бæтти», Дзугаты Георгийы «Хуры хъæбултæ», «Арсы уазæг», Гугкаты Шамилы «Стъалы æмæ уадындз», Сау-лохты Мухтъары «Усгур Гаци», Гаглойты Владимиры «Зæххон хуыцæуттæ», «Цæ-мæн худынц стъалытæ», Нартыхты Григолы «Файнустытæ», «Охх, ацы зæрæдтæ», Хъазиты Мелитоны «Гæдыла паддзах», «Хъæбулы амонд», Плиты Грисы «Чермен»  æмæ æндæртæн. Мэлс ма нæ те-атрæй дарддæр спектакльтæ сæвæрдта Дзæуджыхъæуы уырыссаг драмон театр, Рязаны уырыссаг театр, Гуры драмон театр æмæ æндæртæн. Радиокомитеты кусгæйæ та бацæттæ кодта, радиомæхъусджытæ æхсызгонæй кæмæ хъуыстой, ахæм арф мидисджын алæвæрдтæ, уыцы нымæцы уыдысты «Галаты Барисы райгуырды 85 азы», «Адæмон артист Цхуырбаты Барисы цытæн», «Зары Хуыгаты Анатоли», «Мах кафæм æмæ зарæм», «13 Коммунары», «Хæстон æмбал» æмæ æндæртæ. Фæлæ уæддæр Мэлсы иууыл ахъаззагдæр фæллæйттæй сæ фыццæгтæ сты, мыхуыры йын цы диссаджы чингуытæ рацыд, уыдон: «Осетинские народные танцы», «Симд», «Об осетинской хореографии», «Осетинский танец и танцевальный коллектив», «Борис Цховребов», «Владимир Хетагуров», «Заурбег Бирагов», «Федор Харебаты», «Таурбег Гаглоев», «Махарбег Туганов» æмæ æндæртæ. Саулохты Мэлсы æвæллайгæ æмæ хæрзиуæгон куысты тыххæй бирæ автортæ загътой сæ хъуыдытæ, уыцы нымæцы: Соттиты Ларисæ, Цхуырбаты Аминæт, Гæбæраты Юри, Джиоты Ульянæ æмæ æндæртæ.

Банцад йæ кусынæй ирон кафты аивады стыр пехуымпар æмæ зиууон, йæ радтæг адæмы æнувыд æмæ иузæрдион хъæбул Саулохты Мэлсы зæрдæ. Фæлæ  аивадæн цы номхæссæн бынтæ ныууагъта, уыдон  ын рухс кæндзысты йæ ном æмæ йæ фæллæйттимæ цæрдзæн адæмы зæрдæты.

                                                        ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.