Уӕззау зиан ӕрцыд ирон театралон аивадыл. Дӕргъвӕтин уатон рынчыны  фӕстӕ йӕ цардӕй  ахицӕн нӕ театры цӕхӕркалӕг стъалытӕй иу, нӕ адӕмон артист, ирон сценӕйы дӕсны  комик, сатирӕ ӕмӕ юморы стыр арӕхстдзинӕдтӕ кӕмӕ уыд, ӕдзух хъазгӕйӕ, райгӕ, мидбылхудтимӕ театрдзаутыл, нӕ адӕмыл чи амбӕлд, уыцы  фарны  ирон  лӕг  Харебаты Григолы фырт  Федр.

Дӕрзӕг ӕмӕ гуыргъахъхъ фӕндӕнгтыл рацыд Федр, фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, йе ‘взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ уарзта куыст, змӕлын, фыдӕбон кӕнын, царды асинтыл хӕрдмӕ хизын. Ӕмӕ  йын  цы бантыст, уыдон уыдысты йӕхи хъаруйы руаджы. Ирон адӕммӕ ахӕм ныхас баззад: царды йӕхи рахаста. Уый та хауы комкоммӕ  Федрмӕ.

Федр райгуырд 1930 азы Знауыры районы Исахъы хъӕуы, зӕхкусӕг бинонты хӕдзары. Йӕ фыд Григол, мад Плион  уыдысты 11 сывӕллоны хицау. Федр уыд сӕ кӕстӕр. Фыд къӕбӕр агурыны фӕдыл ахауд ӕд бинонтӕ  Тбилисмӕ. Федр йӕ ахуыры  фӕндаг уырдыгӕй райдыдта, ахуыр кодта 38-æм астӕуукаг скъолайы.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕст, мӕгуырдзинад  ӕруагътой сӕ уӕз Харебаты бинонтыл дӕр. 1951 азы Федр каст фӕцис  астӕуккаг скъола Тбилисы, йӕ ахуыр та адарддӕр кодта нӕ пединституты. Ахуырмӕ ӕвзыгъд уыд, хайад иста алыгъуызон ӕхсӕнадон куыстыты. Йӕ аивадон  фӕндаг райдыдта институты зарӕггӕнджыты къордӕй, уарзта театрмӕ  цӕуын.

1956 азы Иры раззагдӕр  фӕлтӕрӕй  иу къорд, уыдонимӕ Федр дӕр, араст сты  Мӕскуымӕ, В.И. Немирович-Данченкойы номыл  театралон  институтмӕ.

Ӕнӕкӕрон уарзтӕй уарзта  Федр театр, кӕд  йӕ азтӕ  ӕмӕ ӕнӕниздзинады аххосӕй фӕстаг азты театры  куысты  хайад нал иста, уӕддӕр зӕрдӕйӕ йемӕ уыд. Цыдис  ӕм  ӕрвылбон  дӕр,  хайад  иста юбилейон изӕрты.

Иры театрдзаутӕ никуы  ферох  кӕндзысты сӕ курдиатджын актер  ӕмӕ режиссеры, диссаджы  комикы, РХИ-йы адӕмон артист, стӕй уӕд Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны сгуыхт артист Харебаты Федры.

Федр уыдис  арӕхстджын тӕлмацгӕнӕг дӕр. Дзӕвгар у сӕ нымӕц, ирон сценӕйӕн цы пьесӕтӕ  ратӕлмац кодта, уыдонӕн.

Уыдис арӕхстджын ӕвӕрӕг-режиссер. Бӕрӕгӕй ӕрттывтой  нæ сценӕтӕй Федры сӕвӕргӕ  пьесӕтӕ. Сӕ нымӕц  хӕццӕ кӕны 17-мӕ. Сты: «Ус-бирӕгъ» (Дж. Верди), «Ус курын» (Н.Гоголь), «Усгур» (Саулохты М), «Чермен» (Плиты Г), «Бинонтӕ» (Хуыгаты  Г) ӕмӕ ӕндӕртӕ.

1988 азы  Федр  нысан ӕрцыд нӕ театры сӕйраг режиссерӕй. Дзӕвгар азты уыд театры дирек-тор дӕр.

Федр Ирыстоны сомбоны  цардӕн ницы ӕвгъау кодта, йӕ  адӕмы змӕлды активон уыд йӕ куыст. Зӕгъын кӕм  хъуыдис, уым  дзырдта, змӕлын кӕм хъуыд, уым та зивӕг нӕ  кодта. Йӕ лӕггӕдты  тыххӕй хорзӕхджын уыд Хӕлардзинады  орденӕй, стӕй  дзӕвгар майдантӕ ӕмӕ Кады грамотӕтӕй.

Федр, рухс дзӕнӕт дӕ хай. Хӕрзаудӕн кӕн, дӕ фӕстӕ  кӕй  уадзыс, уыцы хиуӕттӕ ӕмӕ  бинонтыл, Ирыстоныл.

Рухсаг у,  нӕхи Федр!

Хетӕгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны

паддзахадон драмон театры коллектив

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.