4-æм октябрæй 11-æм октябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн, хъыгагæн, фæмардысты дыууæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты æртæ адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 218 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 8 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕн наркотиктæй спайда кæныны тыххæй сæ зæрдæ фехсайдта 22-аздзыд горæттаг цæрæгмæ, кæцы хуыссыд рынчындоны. Сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн палатæйы тумбочкæйы мидæг ссардтой гæххæттæй æмæ полиэтиленæй тыхтонтæ, кæцыты мидæг уыд гæн 1,47 граммы бæрц. Рынчын нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ. Уымæй уæлдай ма оперативон информацийы фæдыл басгæрстой нæ горæты 43-аздзыд цæрæджы хæдзар æмæ дзы ссардтой æртæ гæххæттæй тыхтоны гæнимæ, кæцыты иумæйаг уæз рауад 4,64 граммы бæрц. Хæдзары ма уазæгуаты баййæфтой 36 æмæ 43-аздзыд бынæттон цæрджыты. Æртæ фæткхалæджы дæр спайда кодтой марихуанæйæ. Хæдзары хицауыл баконд æрцыдис уголовон хъуыддаг дæр.

6 октябры Цхинвал-Дзауы фæндаджы 1-æм километры æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы 30-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автома-шинæ «Mitsubishi Pajero IO» скъæрын æмæ сæмбæлд йæ ныхмæ цæуæг автомашинæ «КАМАЗ»-ыл. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ бæлццон, 32-аздзыд горæттаг цæрæг, бынаты фæмардысты.

8 октябры Хъахъхъæнынады министрады спецкъорды раздæры бæстыхайы ссардтой æрыгон адæймаджы мард. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы 33-аздзыд бынæттон цæрæг амардта йæхи. Ныридæгæн уагъд цæуынц слестгæнæн мадзæлттæ, цæмæй рабæрæг кæной ахæм æнамонд хъуыддаг саразыны аххосæгтæ.

Дзауы районы милицийы уголовон фæдагуырды кусджытæ оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн Лицъимæ ‘ввахс хъæды тæпъæны ссардтой 75 гæны къутæры æмæ сæ скуынæг кодтой.

11 октябры æрдæгæхсæв рынчындонмæ бахаудта 22-аздзыд горæттаг цæрæг, кæцы дыууæ æхсты уыд æхсæнгарзæй. Дохтыртæ йын бакодтой æмбæлон медицинон æххуыс æмæ йæ цардæн тас нал у. Оперативон-сгарæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн бæлвырд æрцыд, чи йæ фехста, уый. Фыдгæнæг разынд 30-аздзыд бынæттон цæрæг. Ист æрцыд æхсæнгарз пистолет «Макаров» дæр. Фыдгæнæг нæ бакуымдта медицинон басгæрстмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.